Главная

Популярная публикация

Научная публикация

Случайная публикация

Обратная связь

ТОР 5 статей:

Методические подходы к анализу финансового состояния предприятия

Проблема периодизации русской литературы ХХ века. Краткая характеристика второй половины ХХ века

Ценовые и неценовые факторы

Характеристика шлифовальных кругов и ее маркировка

Служебные части речи. Предлог. Союз. Частицы

КАТЕГОРИИ:






КУЫРЫХОНЫ ЗОНДАМЫНД 10 страница




КЪУЫЛЫХ

Æфтауыс ды дæхи дæхæдæг цæсты,

Домбай — зæнгæй, куысыфтæгæй — æдых...

Дæ иу сæрæй къуылых уæвыны бæсты,

Дæ дыууæ къахæй у фæлтау къуылых.

1988 азы 29 июль

МÆ ХÆЛÆРТТÆ

Дзæгъæлы ма цин кæн, гормон, дæ худыл,

Уымæн æмæ у йæ быны сæр тутт...

Цезары зæрдæ фæхудт æрмæст Брутыл,

Ме ’мбæлттæй алчи мæнæн та у Брут.

1988 азы 5 август

КÆСТÆРМÆ

Ныхæстыл чи вæййы чъынды,

Нæй уыцы лæгæн хонæн дур...

Æнæдзургæйæ кæн хъуыды,

Хъуыдыгæнгæйæ дзур.

1988 азы 18 август

ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ

Бон æхсæвы, æхсæвы та бон

Ивы, никуы кæнæм ууыл дис...

Ацы змисы куыд айсæфы дон,

Афтæ доны дæр айсæфы змис.

1988 азы 21 август

ХУЫЦАУМÆ

Дæхи кæд хоныс а зæххыл хуындзау,

Уæддæр дыл иу бон атыхсдзæн æрра тын...

Куы мын раттид æнæниз цард Хуыцау —

Æнæмаст цард мын уый бон дæр нæу раттын.

1988 азы 25 август

ЛÆМÆГЪ ЧИНЫГ РАУАДЗÆГÆН

Богъдаби кæнын систай немæ,

Нæ галуан рахуыдтай ныггæнд,

Цы фаджыс рауагътай дунемæ,

Æрцыдтæ уый бын ды ныгæд.

1988 азы 31 август

ÆГЪДÆУТТЫ ХИСТÆР

Бæрц — æгъдæутты хистæр, ма хиз

Ды йæ сæрты, нæу уый раст...

Æрдзыл чи фæци уæлахиз,

Уый æрцыд йæхæдæг саст.

1988 азы 5 сентябрь

ИУ ЧИНЫГÆН ДЫУУÆХУЫЗОН АРГЪГÆНÆГÆН

Йæ рæстмæ дзырдтæ дæр, йæ ныхасы карз дæр

Нæ ахадынц цæсты, мæлын æм мæстæй...

Куыд не ’мбæлди, афтæ дзы раппæлыд

раздæр,

Куыд æмбæлди, афтæ йæ рафаудта стæй.

1988 азы 11 сентябрь

УЫМÆН

Нæ зоныс иу хъуыддаджы бæрц,

Дæ цæргæс уымæн фесты уæрцц.

Дæ уæрцц кæй никуы сси цæргæс,

Æнæфыст уымæн у дæ хæс.

1988 азы 17 сентябрь

ÆДЗАРД

Цин дæ дард лыгъди æгæр,

Уый хыгъд уыд дæ уаргъ ызды.

Кæд дæу федта цард, æндæр

Ницы федтай цардæй ды.

1988 азы 17 сентябрь

ИУ БОН ЙЕДДÆМÆ ЧИ НÆ ЦÆРЫ, УЫЦЫ ГÆЛÆБУЙÆН

Райсомæй изæрмæ фены рухс

Бур гæлæбу, стæй æрхауы «хæсты»...

Иу бон дæр кæй цæсты у æнус,

Уый æнусон у мæнæн мæ цæсты.

1988 азы 17 сентябрь

ИСКÆЙ БÆХЫЛ

Хæрзафтидæй кæм лæууа дурын,

Уым дзаг зынæй уыдзæни лалым...

Йæхимæ чи нæ уадзы дзурын,

Фæкæны уый мæнмæ æвналын.

1988 азы 17 сентябрь

ÆВИРХЪАУ ЦИН

Чи цы бавзардзæн — нæ зоны,

Цасфæнды фæцæрæд...

Къамбецæн йæ гуырæн боны

Аргæвстой йæ рæуæд.

1988 азы 23 сентябрь

ТЪЫМЫ-ТЪЫМА

Нæма уыд ахæм дуг, рæстæг,

Æгъгъæд кæд загъта цардæй цард...

Кæмæ нæу дард фыдæл хæстæг,

Хæстæг фыдæл у уымæ дард.

1988 азы 2 октябрь

СОМТÆ

Фидар хъуамæ уа мæ дзырд —

Ис æфсарм мæ кары...

Сомтæ иу кæны æмбырд,

Иннæ сæ фæуары.

1988 азы 7 октябрь

МАСТ

Къаты, бæрæгбоны

Судзы мæ маст:

Расты зылын хоны,

Зылыны — раст.

1988 азы 9 октябрь

УАЙДЗÆФТЫ КАРЗДÆР

Йæхæдæг чи у алцæмæй дæр койаг,

Уый дамтæ мысы, какулатæ дзуры...

Сылгоймаг дæ куы рахона сылгоймаг,

Сылгоймаг уæд нæлгоймаг у дæ цуры.

1988 азы 19 октябрь

ФÆРСТЫТÆ

Фæцæрыны фаг у æгъгъæд

Сындз къутæры бын дæр уызынæн...

Цæмæн дæн, куы нæ уыдтæн, уæд?

Куы дæн, уæд куыднæуал уыдзынæн?

1988 азы 21 октябрь

РÆДЫДЫ КОМ

Уынгæг комы цырд дон

Фæкæны сыр-сыр...

Дæ сæрыл куы дзырдтон,

Кæм уыд уæд мæ сæр?!

1988 азы 26 октябрь

УАЗАЛ ÆМÆ ХЪАРМ

Чи сахуыр йæ сæр тъыссын дæлармы,

Агурдзæн уый алкæддæр дæларм...

Уазалы мын уазал вæййы, хъармы

Алы хатг мæнæн нæ вæййы хъарм.

1988 азы 27 октябрь

ДЫВЫДОНАРТЫ

Ма дзур дæ мæстытæ абон ызнæтæй —

Уыдоныл райсом æрзайдзæни нæуу...

Царды цы куырдтай — нæ рантыст хъысмæтæй,

Цард дын цы дæтты, нæ хъæуы уый дæу.

1988 азы 29 октябрь

ЦÆСГОМДЖЫН

Йæ цæхæр никуы акалди мæйдары,

Нæма бадардта дымгæтæм йæ риу.

Æртæ цæсгомы мивдисæгау дары,

Фæлæ дзы нæу цæсгомы хуызæн иу.

1988 азы 6 ноябрь

КЪОСТАЙÆН

Нæ вæййы дзыккайы кад сиры,

Нæ ахады хуры цур мæй...

Мæ хуызæттæ бирæ сты Иры,

Дæ хуызæн дзы иунæг дæр нæй.

1988 азы 7 ноябрь

КÆРОНМÆ ’ВВАХС

Чи бавдæлон буц фыртæй, цы мад,

Уый фæндаг уыдзæн æнусмæ кæрдтыл...

Æгæстыл куыд уыдтæн æз нымад,

Афтæ тагъд нымад уыдзынæн мæрдтыл.

1988 азы 13 ноябрь

ÆФХÆРД

Æмдзыхæй дыл кæнынц дæдæй,

Фыдызнаг басгуыхтæ æрдхæрдтæн...

Ды мæ куы раппæлис, уæд æй

Мæхицæн райсин æз æфхæрдæн.

1988 азы 19 ноябрь

ХЪОДЗАТЫ ÆХСАРЫ ЗЫЛЫН РАХОНÆГÆН

Æфтауыс раст уды цæсты, —

Нæ дæм фæлæудзæн мард дæр:

Æхсары аиппытæ сты

Дæ хорздзинæдтæй къаддæр.

1988 азы 23 ноябрь

ÆДЫЛЫ-МЫДЫЛЫ ФАРСТ

Уыцы хур куы нæма уыди хур,

Ацы дур куы нæма уыди дур,

Уæд цы уыди хуры бæсты хурæн,

Стæй цы уыди дуры бæсты дурæн?

1988 азы 10 декабрь

АДÆЙМАДЖЫ ЦАРД

Адзалы ныхмæ нæй ыссарæн уарт,

Фæлтау фæндагмæ дар рæвдзæй дæ дарæс.

Куы загъдæуыди: адæймаджы цард

Мæлæтмæ у цæтгæ кæнынæй арæзт.

1988 азы 12 декабрь

ГАЛИУ ЗОВДЫЛ ХÆСТ

Тулдзытимæ чи бары хæристы,

Кадджын уымæн нæу йæ цæсты хъæд...

Ницыйæ цæмæн аразыс исты,

Исты дæм куы ницы кæсы, уæд?

1988 азы 21 декабрь

МЫГГАГ ÆМÆ НОМ

Дæ иу хъуыды нæ загътай кæд æргом,

Æнцондæрæй уæд бамбæхсдзынæ дыккаг...

Мæ мыггагæй мын ма зонæнт мæ ном,

Мæ номæй-иу мын базонæнт мæ мыггаг.

1988 азы 26 декабрь

ХÆРÆГЫЛ ЫСБАДАЙ, ЦЫ ’МГАР ДÆ, ЗÆГЪГÆ, ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН

Æвæрын фау нæ горæттæ, нæ хъæутыл

Нæ фидауы æнæджелбетт ныхасæй...

Хæрджыгыл нæ — куы сбадæм мах къæлæутыл,

Уæддæр уый зон, кæй уыдзыстæм дæ разæй.

1989 азы 9 январь

ИВГЪУЫД БОНТÆ МЫСГÆЙÆ

Дæ хуызæтты хъул бадти фыр,

Мæ хуызæтты хъул — цыт...

Хъæздыг цардæй уыдтæн мæгуыр,

Мæгуыр цардæй — хъæздыг.

1989 азы 16 февраль

КЪОСТА

Уадз дæ кой дæр дзыллæтыл нæрæд,

Хорздзинад сын ракодтай ды кæд...

Иу хатт дæр кæмæн нæ уыд мæлæт,

Уый æрцыд дыууæ хатты ныгæд.

1989 азы 21 февраль

ХЪУЫДЫЙАГ

А дунейыл ницы ис лæвар,

Уый хъуыдыйаг алкæддæр у махæн...

Де знагæй нæ кæныс кæд хæлар,

Гъеуæддæр ызнаг хæларæй ма кæн.

1989 азы 27 февраль

ХЪАЗГÆЙÆ ÆМÆ ÆЦÆГÆЙ

Дыууæ удæй иуы фылдæр хонынц барджын,

Цыфæнды хъуыддаджы дæр уымæ у каст...

Куы фæзæгъынц хъазгæ дæ былтæ: «Нæ уарзын...»,

Æцæг уæд дæ зæрдæ дзуапп ратгы: «Нæу раст».

1989 азы 28 февраль

ФЫД-ЗÆРДÆТÆ ÆМÆ ФЫД-ДЗЫХТÆ

Чидæр кæйдæр хъыгæй рæзы,

Ссары кæйдæр зыны тых...

Иуæн йæ зæрдæ нæ бæззы,

Иннæмæн цауд у йæ дзых.

1989 азы 3 мартъи

ÆРЫГОНÆЙ ЗÆРОВДМÆ

Ис алкæмæн уалдзæг, зæры бон,

Йæ амонд у алкæмæн конд...

Куыннæуал уыдзынæн æрыгон,

Нæма дæн æз афтæ зæронд.

1989 азы 12 мартъи

ЗÆХХЫ ТÆРИГЪÆД

Бирæ хъуыддæгтæй æнæхай

Сом фæуыдзыстæм, бæллæх!

Мах кæд ницы дарæм зæххæй,

Уæд цы дары махæй зæхх?!

1989 азы 12 мартъи

СЫРДÆЙ ТÆССАГДÆР

Тагор Рабиндранаты мотив

Чи фæцахуыр давын къуыртт,

Уый нæ читт кæны дзырдæй...

Адæймаг куы свæййы сырд,

Уæд тæссагдæр у сырдæй.

1989 азы 15 мартъи

ÆФХÆРД

Цы къуыппыл бадыс, уый бæрзонддæр хон,

Кæннод ныллæг æрхаудзæни дæ кад...

Куыдзы бæлæгъæй чи баназы дон,

Куыдзы къахæй дæр уый æрцæуы над.

1989 азы 22 мартъи

ДЫЗÆРДЫГ

Цы лæг рацæуы адæмы рæгъмæ,

Уымæн-иу бузныг æнæмæнг зæгъ...

Нæ зонын, уалдзæг æрцæуы зæхмæ,

Æви æрцæуы уалдзæгмæ зæхх.

1989 азы 23 мартьи

ÆНАХУЫР ÆЦÆГДЗИНАД

Фæкæны нæ алкæйы низ

Кæцыдæр рæстæгмæ фынæй...

Фыссæгæн чъынды уæвæн ис?

Чъындыйæн фыссæг уæвæн нæй?

1989 азы 23 мартъи

МÆНАУ ÆМÆ ДÆУАУ

Кæд уыгæрдæны иунæг хатт дæр хос

Ныккарстай, уæд дæ лæгдзинадыл бафтыд...

Куыннæ фæдæ мæнау ды иуæн хорз,

Дæуау æвзæр нæ фæдæн иуæн афтæ.

1989 азы 23 мартъи

ДÆ МÆТ ÆМÆ МÆ САГЪÆС

Нæй уыцы зæххонæн æнусмæ мæлæт,

Кæмæн ис фæрнæйдзаг фæдонтæ...

Дæ рæстæг цы фæкæнай — ууыл дæ мæт,

Мæ сагъæс — кæм ыссарон бонтæ.

1989 азы 27 мартъи

МÆГУЫР БОНЫ МÆГУЫР ÆХСÆВ

«У амонд амондыл ныхæст», —

Дзырдтой-иу, зонын æй æз дæр...

«Мæгуыр дæ бон!» — зæгъын, æрмæст

Æмбар: нæу де ’хсæв дæр хуыздæр.

1989 азы 28 мартъи

ЗНАГ ÆМÆ ÆРДХОРД

Кæд разындысты къорайæгтæ къорд,

Уæддæр Цымыти фондзæй уыд сæ фаг...

Ызнаг кæмæн нæй, уымæн нæй æрдхорд,

Æрдхорд кæмæн нæй, уымæн нæй ызнаг.

1989 азы 31 мартъи

ХЪÆЛДЗÆГ САУДАРÆГ

Куыннæ хæссон æз уымæ фау,

Кæмæн у сусæнау цыппурс?

Кæуылдæр чи фæдары сау,

Нæ вæййы уый мидбылхудт урс.

1989 азы 13 апрель

ÆХХОРМАГ ÆМÆ ÆФСÆСТ

Фехъуыстон: «Æвæстаджы зыд цæст

У æнæфсис, бакуырм вæййы хурмæ...»

Иу вæййы æххормагæй æфсæст,

Иннæ та æфсæстæй дæр — æххормаг.

1989 азы 13 май

АХУЫРГÆНДЖЫТÆ

Æцæг адæймаг бахауæд зынты —

Уæддæр йæ цыт æнæвнæлд у зæдау...

Чъынды рæдауæй аразы чъынды,

Рæдау чъындыйæ аразы рæдау.

1989 азы 13–14 апрель

ХÆЛÆГГАГ

Блажен, кто с молоду был молод...

Александр Пушкин

Фæкъæртт та мæ хъуыдыты хал-цæг:

Хæлæг кæнын уымæ æцæг,

Йæ уалдзæг кæмæн уыди уалдзæг,

Йæ фæззæг кæмæн у фæззæг.

1989 азы 14 май

ÆНУС ÆМÆ ÆНУСОН

Мæ зæрдæ, мæ зондмæ-ма арæхдæр хъус,

Цæмæй дæм æз уый тыххæй арæхдæр хъусон...

Æнусон куы нæ у йæхæдæг æнус,

Уæд махæй куыд уыдзæни исчи æнусон?

1989 азы 19 апрель

ТЫХХÆЙТЫ

Нæ фæуыдзæни фыст мæ чиныг,

Уæддæр мæм байдайыс хæлæг...

Ды мæ кæныс тыххæй дæлджинæг,

Æз дæ кæнын тыххæйты лæг.

1989 азы 20 апрель

СТАЛИН

Рæстдзинадыл былысчъил дæ æдыхмæ

Кæй æркæндзæни, ууыл нæй ныхас...

Дæ фарс куыд хæцын, афтæ дæн дæ ныхмæ,

Дæ ныхмæ куыд дæн, афтæ дæн дæ фарс.

1989 азы 29 апрель

ИУ ÆХСТ ÆМÆ ДЫУУÆ ГÆРАХЫ

Апирдзæн æххормаг бирæгъ сæгъ æдхъуын-æдхъис,

Дидинæгджын хохы къул фахс ассæнддзæни зæй...

Иу æхстæй дыууæ тæрхъусæн афæлдахæн ис,

Иу арсæн дыууæ гæрахæй иуæй-иу хатт нæй.

1989 азы 4 май

ДÆ ГУЫБЫН ÆМÆ МÆ ЗÆРДÆ

Йæ хъуыддæгтæй адæмæн фесты иу уæнгæл,

Æркæсы сыл иннæйы хъуыддæгтæй хур...

Нæ дзыллæйы «мæтæй» дæ гуыбын ныддæнгæл,

Нæ дзыллæйы мастæй мæ зæрдæ ныддур.

1989 азы 8 май

ИРЫСТОНЫ ХÆХТЫ

Рæмудзæм цъитисæр хæхтæ,

Фæлдахæм, хъуысы азæлд, хъæр...

Сæрæй ис саразæн къæхтæ,

Къæхтæй нæ сараздзынæ сæр.

1989 азы 8 май

АЗЫ 9 МАЙ

Æрцыд уæлахиз махмæ, гæр-гæрæй калд цæссыг,

Цæхæртæ калдта дуне, æртгывта, куыд зæрин...

Мæ фыд кæй фæмард хæсты, гъеууыл уыд мæ хъыг,

Кæй амард хæст йæхæдæг, гъеууыл та мæ цин.

1989 азы 9 май

ÆВÆЦЦÆГÆН

Мæнæй кæд мин хатты хуыздæр дæ,

Уæддæр нæ уыдзынæ мæ лымæн...

Ды мæ кæй нæ хъæуыс, æз дæр дæ,

Æвæццæгæн, нæ хъæуын уымæн.

1989 азы 9 май

ФÆРÆТ ÆМÆ АРХ

Куы дæ бафтауа сау хъысмæт хъæрзыныл,

Уæддæр-иу ма зæгъ: «Баталынг мæ бон!..»

Цы нæ дæ фæнда, уый кæнын куыд зын у,

Фæндон куыст кæнын афтæ у æнцон.

1989 азы 17 май

ДЫЗÆРДЫГ

Кæд райхъуысти дæ цæвæджы ’хситг сæрды,

Нæ тыхсдзынæ зымæгон уæд мæкъуылыл...

Мæ цæссыгтыл мын чи кæны дызæрдыг,

Мæ цæссыгтæ кæнынц дызæрдыг ууыл.

1989 азы 1 июнь

ИУ МАСТ

Беретарь Хамидæн

Æфсымæры хуызæн æмбарын æз дæу:

Дæ фынты дæр мысыс дæ хæдзар, дæ кæрт...

Кæд цады бын анытъуылд раджы дæ хъæу,

Уæддæр ис дæ зæрдæйы цъуппыл æвæрд.

1989 азы 4 июнь

ГОМСÆР ÆМÆ ÆНÆСÆР

Куы ныссадзай хуымгæрон къомси,

Кæндзæни уæд адджын тæф хуым...

Цы бæсты уыд худинаг гомсæр,

Цы кад уыд æнæсæрæн уым?!

1989 азы 11 июнь

БЫНАТ

Зæй рацæуы хохæй, ком фесты гуыр-гуыр,

Тас бауадзы адæмы риуты æвзыст рындз...

Кæд хистæрты астæу мæ бынат ис ныр,

Уæддæр мын сæ бынатæй кæстæртæ сыстынц.

1989 азы 11 июнь

МÆЛДЗЫГ

Йæ бон бæрзбæлас равзарын нæу цымæй,

Къуырф белимæ фæивддзаг кæны рувæн...

Кæй нæ тæрсыс, куы дыл ныллæууой, уымæй,

Нæ дыл тæрсынц ныллæууынæй дæр уымæн.

1989 азы 12 июнь

ФИДАР ÆГЪДАУ

Кæд бафыстай дæ хæс дывæрæй,

Уæд тох дæ пайдайæн уыд, хæст...

Дæхи кæй къæхты бын æвæрай,

Бынмæ дæм уый кæсдзæн æрмæст.

1989 азы 13 июнь

БОНТÆ ÆМÆ ЦАРД

Чи фæлыгъди зæххæй дард,

Уымæн зилы уад йæ гонты...

Бонтæ мын хæрынц мæ цард,

Æви цард ныхъуыры бонты?

1989 азы 16 июнъ

РАЙГУЫРЫНЫ ТАС

Мах рæстæг лæджы стыр ном хæссыны

Уаргъыл бафты ног уаргъ алы бон дæр...

Ацы зæххыл амæлын куыд зын у,

Уымæй нал у райгуырын æнцондæр.

1989 азы 28 июнь

СТАЛИНЫ ФАУДЖЫТÆН

Куы вæййы къалатийы арс —

Фæхъазы уымæй уæд уæгъуыр...

Кæддæр куыд уыдыстут йæ фарс,

Йæ ныхмæ дзурут афтæ ныр.

1989 азы 28 июнь

АЗТЫ УÆЗ

Къæдзæх дæр-иу мæм касти фæз,

Йæ цъупмæ хизынæй нæ тарстæн...

Кæддæр æз азтыл кодтон уæз,

Ныр та мæныл уæз кæнынц азтæ.

1989 азы 30 июнь

СФÆЛДЫСТАД

Тыдтам дæ раздæр кæд тæппудæй,.

Уæддæр нæ разындтæ тæппуд...

Зынæй цы ратонон мæ удæй,

Æнцонæй райсдзæн уый дæ уд.

1989 азы 1 июль

ДЫЗÆРДЫГДЗИНАД

Йæхицæн ссардта ахæм бадæн, хур æм

Йæ зæрин цæстæй мидбылхудгæ каст...

Фæйнæхуызон кæд иу хъуыддагыл дзурæм,

Уæддæр кæсæм нæхимæ ’мхуызон раст.

1989 азы 1 июль

МÆХÆДÆГ АДÆММÆ КÆСГÆЙÆ ÆМÆ АДÆМ МÆНМÆКÆСГÆЙÆ

Мæхи ма кæддæрау кæд рахонын сонт,

Уæддæр мыл æрæнцайы ног уаргъ æрвылбон...

Æддæмæ кæсгæйæ куыд нæ дæн зæронд,

Нæ дæн афтæ æдде кæсгæйæ æрыгон.

1989 азы 1 июль

ÆХХОРМАГ ЗАМАН МЫСГÆЙÆ

Хъысмæт хæсдзæни алкæй митæ хурмæ,

Ысбардзæн ын йæ дæргъ æмæ йæ уæрх...

Куы мæм цыди хæрын — уыдтæн æххормаг,

Куы нал мæм цæуы, уæд — хæринаг хæрх.

1989 азы 2 июль

ТÆССАГДÆР

Зæгъдзынæн дын ныхас,

Ыстъæлфыс кæд ныхасæй:

Куы нал æмбарай тас,

Уæд уый фыддæр у тасæй.

1989 азы 2 июль

ХЪÆДДАГ

Тæрсын, куы æркæна мæ фæд

Кæддæр мæ фæдонты æвæдмæ...

Хъæддаг мæнмæ нæ кæсы хъæд,

Хъæддаг мæхæдæг кæсын хъæдмæ.

1989 азы 3 июль

ХЪУЫДЫТЫ АХÆСТЫ

Куы дæ бакæна сфæлдисæг йæ роны,

Уæддæр фæстагмæ скъуырдзынæ дæ къах...

Цыдæр тых ис: йæхæдæг алцы зоны,

Фæлæ нæ уадзы алцы зонын мах.

1989 азы 4 июль

ÆППÆТЫ ЗЫВДÆР ФАРСТ

Мæ мæт æмæ мæ сагъæстæн кæд æрцæудзæн кæрон?

Æвæццæгæн, куы амæлон, æрмæстдæр уыцы бон.

Адзалмæ мын цыргъ судзинтæй рæхойдзæн фарст мæ уд:

«Кæдмæ хæрдзæни мæнг дуне æцæг адæмы фыд?»

1989 азы 6 июль

ЧИ?

Адæмау фæрсын мæхи дæр —

Алидза мæ сагъæсау мæ мæт —

Дуне сфæлдыста кæд чидæр,

Чидæры та чи сфæлдыста уæд?

1989 азы 9 июль

САБИДУГ

Чи уыд царды хин æмæ мæнгарддæр,

Уый дæр бабын, нал дзы и ыстæгдар...

Цас цæуон мæ сабидугæй дарддæр,

Уый бæрц мæм кæндзæни уый хæстæгдæр.

1989 азы 11 июль

УД ÆМÆ БУАР

Фырхъæздыгæй мызт йæ буд,

Ис уыди йæ зæд, йæ дзуар.

Раздæр бамбыди йæ уд,

Стæй — йæ буар.

1989 азы 12 июль

ФИДАР ÆМÆ ЛÆМÆГЪ

Дæ ногзад байрагæй кæй рауайдзæни бæх,

Нæ-иу уырныдта раздæр уый дæхи дæр...

Цыфæнды фвдар дæр кæддæр уыдзæн лæмæгъ,

Лæмæгъ кæддæр нæ уыдзæн алкæд фидар.

1989 азы 12 июль

ХУЫСКЪ БÆЛАС СЫФТÆРКАЛÆГ БÆЛАСÆН

Хъысмæт мæ дзырдтæм разынди уæзхъус,

Нæ барæвдыдта мæн хъæбулау зæхх...

Кæй дæ ды цъæх, нæ дæн æз уымæн хус,

Кæй дæн æз хус, нæ дæ ды уымæн цъæх.

1989 азы 12 июль

МÆЛÆТ

Нырма мæм нæ уæнды хæстæг цæуын зин,

Фæлæ дзы кæндзынæн æз иуахæм хъаст...

Мæ маст дæр фæуыдзæн, фæуыдзæн мæ цин,

Куыд кæнон уæд цин дæр, куыд нæ кæнон маст?!

1989 азы 14 июль

ДÆ ЦИНÆЙ, ДÆ ХЪЫГÆЙ

Мæ удыл рацыдтæ ды хинæй,

Мæ зæрдæ фырмæстæй ныссау.

Кæддæр рæуæг уыдтæн дæ цинæй,

Ныр та дæ хъыгæй дæн уæззау.

1989 азы 14 июль

ХЪÆДГÆС

Æвæдæй, дам, тынгдæр фыдвæд

Æлгъыста йæ Хуцау, йæ зæды...

Кæй æрцард мæ зæрдæйы хъæд,

Æрцардтæн æз уый тыххæй хъæды.

1989 азы 15 июль

ЦАРДЫ КÆРОН ÆМÆ МÆЛÆТЫ РАЙДАЙÆН

Кодта иу хъаймагъ хæрдæй сæлæт,

Иннæ та йæм фырхæлæгæй мард...

Царды кæрон хонæм кæд мæлæт,

Уæд мæлæты райдайæн у цард.

1989 азы 15 июль

ФÆНДАГ

Ахуыр гал цæуы къæлæтмæ,

Лидзы дзы æнахуыр дардмæ...

Цардæй ис фæндаг мæлæтмæ,

Фæлæ нæй — мæлæтæй цардмæ.

1989 азы 15 июль

ХЪЫСМÆТЫ ЦАЛХ

Ныхас дæр нæй уый тыххæй, дзырд,

Адзал мæм кæй райсдзæн фæрæт...

Куыддæр фæуон цардæн æууылд,

Ныхъуырдзæн мæ афтæ мæлæт.

1989 азы 15 июль

САУ БОНТÆ ÆМÆ УРС ÆХСÆВТÆ






Не нашли, что искали? Воспользуйтесь поиском:

vikidalka.ru - 2015-2024 год. Все права принадлежат их авторам! Нарушение авторских прав | Нарушение персональных данных