Главная

Популярная публикация

Научная публикация

Случайная публикация

Обратная связь

ТОР 5 статей:

Методические подходы к анализу финансового состояния предприятия

Проблема периодизации русской литературы ХХ века. Краткая характеристика второй половины ХХ века

Ценовые и неценовые факторы

Характеристика шлифовальных кругов и ее маркировка

Служебные части речи. Предлог. Союз. Частицы

КАТЕГОРИИ:






КУЫРЫХОНЫ ЗОНДАМЫНД 11 страница




Цас цæстысыгтæ, мæстытæ

Адæмæн æрхаста хæст?!

Дуне сау бонты бæсты дæр

Урс æхсæвтæй уæд æфсæст.

1989 азы 15 июль

БÆРЗОНД ÆМÆ НЫЛЛÆГ

Хæблиаты Лидæйæн

Лæджы хуызæн куы нæ уа лæг,

Уæд æй фæтондзысты æвзæрæй...

Бæрзонд мын чи сысты, ныллæг

Æз уымæн акувын мæ сæрæй.

1989 азы 18 июль

НАМЫС ÆМÆ ХАТЫР

Мæгуырау алкæд разындзæни далыс,

Куы уа йæ цуры тохъхъыл кæнæ фыр...

Цы скодтай хорзæй, уый тыххæй дын — намыс,

Цы нæ сарæзтай, уый тыххæй — хатыр.

1989 азы 19 июль

ÆНУСОН ТЫХ

Дæ фæстагдæр фæндагыл балцы

Куы араст уай, уæддæр-иу зæгъ:

«Зæххыл æнусон кæй нæу алцы,

Æнусон уый тыххæй у зæхх».

1989 азы 19 июль

СÆРЫЛХАСТ

Хъысмæтæй никæдæм ис лидзæн,

Уæддæр нын нæй æнцад æрбадæн...

Цы лæг нæ фæтæрсы йæхицæн,

Фæтæрсынц уымæн дзыллæ, адæм.

1989 азы 20 июль

СТЫР БЫНАТЫ УÆВГÆЙÆ МÆ ЙÆХИЦÆН ЧИ ТАРСТ, УЫЦЫ ÆРДХОРДÆН

Дæ намысæн ма уæд фæуæн,

Хынцæд-иу фылдæры дæ фынг дæр...

Мæхицæй куыд тæрсын дæуæн,

Фæтæрсыс мæ уымæй ды тынгдæр.

1989 азы 23 июль

МАДЫ КАТАЙ

Нæ мæм хъары уæ арфæ, дзырд,

Кæнут мæм дзæгъæлы хæлæг:

Профессор кæд ысси мæ фырт,

Уæддæр нæма сси лæг.

1989 азы 29 июль

ХÆЛАР ÆМÆ ФЫДГУЛ

Æнæзонгæ поэты мотив

Дæ зæрдæйы бæркæдтæ адæмыл уар,

Æмæ дыл зæрин тынтæ калдзæни хур...

Мæ хæлары хæлар мæнæн у хæлар,

Мæ фыдгулы фыдгул мæнæн нæу фыдгул.

1989 азы 8 август

УÆЗЗАУ ЗОНД ÆМÆ УÆЗЗАУ ЦАРД

Хъысмæты алцы дæр нывгонд

Вæййы фæстаг улæфты онг...

Уæззау цы лæгæн у йæ зонд,

Нæ вæййы уый цард алкæд рог.

1989 азы 8 август

МÆГУЫРЫ ЗÆРДÆ

Сæгъæй уæрыччытæ нæ гуыры,

Тæрхъусы не ’рцахсдзæн æнгуыр...

Хъæздыг нæ бамбардзæн мæгуыры,

Хъæздыджы бамбардзæн мæгуыр.

1989 азы 8 август

ÆППÆЛДЖЫТÆ ÆМÆ ФАУДЖЫТÆ

Расул Гамзатовы ныхæстæй

Мæхицæй хуыздæр чи зоны мæ хæтæн,

Кæд мæм хъысмæтæй иунæг уый æрхауд...

Куыд мæ æппæлут, афтæ хорз куыд нæ дæн,

Куыд мæ фаут, нæ дæн æз ахæм цауд.

1989 азы 13 август

ХÆСТ ÆМÆ ФИДЫД

Æвзæргæнæг фæсмонгондæй æрвитæд

Йæ царды бонтæ, кад кæмæй у рох...

Цыфæнды тохæн у йæ кæрон фидыд,

Нæу фидыдæн йæ кæрон алкæд тох.

1989 азы 14 август

САГЪÆС ИРЫСТОНЫЛ

Æнцон нæу хохы цъупмæ хизын,

Кæм дæ, нæрæмон тых, фæзын!..

Дæ зын дын чи хоны йæхи зын,

Ыссарын ахæм лæг фæзын.

1989 азы 21 август

ТÆЛМАЦ

Йæхи бар æй, дæ хорзæхæй, ныууадз,

Ды макуы дзур йæ фарс æппындæр мацы:

Йæ фыстытæн сæ фылдæр у тæлмац,

Тæлмацгондæй сæ уый тыххæй нæ уадзы.

1989 азы 22 август

ФÆСТÆРДÆМ ЦАРД

Сезар Вальехойы мотив

Йæ дзырдтæ кæй уыдысты мадард,

Нæ йæм уæндыд уымæн мæнгард...

Зæронд лæгæй райгуырди, амард

Сывæллонæй, аскъуыд йæ цард.

1989 азы 31 август

НÆРАЗЫЙЫ ДЗУАПП

Кæмæндæр фарн æрхаста бон,

Æз та сæргуыбыр дæн, уæнтæхъил:

Мæ уарзтыл бакалдæуыд дон,

Мæ уæлтæмæнадыл — фæтæген.

1989 азы 15 сентябрь

ХÆЛÆРТГÆ ÆМÆ ФЫДГУЛТÆ

Уæд банцаид йæ риссынæй мæ фарс,

Нæ мæ тæрид мæ зæрдæрыст æдыхмæ,

Мæ хæлæрттæ куы уаиккой мæ фарс,

Куы нæ уаиккой ме знæгтæ мæ ныхмæ.

1989 азы 22 сентябрь

ЗÆХХ ÆМÆ ДУН-ДУНЕ

Цард куы цæуа, уæд ис зарæн,

Цард куы цæуа, уæд ис худæн...

Зæхх ысфæлдыстæуыд буарæн,

Дун-дуне та — удæн.

1989 азы 24 сентябрь

МАМСЫРАТЫ ДÆБЕЙЫ ДÆЛДЖИНÆГГÆНÆГÆН

Дæбейы ныхмæ дзурын нæу

Дæуæн цытхæссæг хъуыддаг, баууæнд:

Йæ иунæг радзырд — «Аууон» — дæу

Æгасæй бакæндзæн йæ аууон.

1989 азы 12 ноябрь

КЪУЫДИПП

Дæ хуызæтты нæ фæрсынц зондæй,

Йæ артдзæсты кæмæн нæй зынг...

Цы нæ дæ, уый кæсы бæрзондæй,

Цы дæ, æлгъгæнгæ, уымæ тынг.

1989 азы 15 ноябрь

ТУГТÆ МЫСÆГÆН

Хъуамæ дæ цæсты æз урсæй дæр сау уон,

Цæмæй дын æнæуынон феста мæ ном...

Цы нæ дæн, уый дзурыс мæн тыххæй фæсаууон,

Цы дæ, уый фæзæгъын дæу тыххæй æргом.

1989 азы 15 ноябрь

ЦЫ УЫД ÆМÆ ЦЫ УЫДЗÆН

Мæ цин нæ банцаид йæ кафтæй,

Дæрдтыл дзы лидзид алкæд мæт,

Цы уыди, уый куыд федтон, афтæ,

Цы уыдзæн, уый куы фенин, уæд.

1989 азы 22 ноябрь

ХÆСТОН ЛÆДЖЫ ДЗУАПП ЛЫГЪД ЛÆДЖЫ ФЫРТÆН

Дæуæн нæу дзуапп зын раттæн,

Нæ дæм кæнын æфсæрмы:

Æз акъоппы куы бадтæн,

Уæд бадт дæ фыд та уæрмы.

1989 азы 29 ноябрь

МÆ ФАРС ÆМÆ МÆ НЫХМÆ

Æз никуы æрцæуин æнæбон, æдыхмæ,

Нæ банкъарин никуы хъысмæтæн йæ карз,

Мæ цыфыддæр ызнаг куыд уыдзæн мæ ныхмæ,

Куы-иу уаид афтæ мæ хæлар мæ фарс.

1989 азы 4 декабрь

ХÆЛÆГ

Нысан мæ размæ лæууыд æрттиваг,

Мæхимæ кастæн йæ фæрцы лæг...

Мæлынмæ чи нæ фæкæны зивæг,

Фæкæнын уымæ æз та хæлæг.

1989 азы 9 декабрь

МÆСЫГ ÆМÆ ЗАМАНТÆ

Хуыснæгахуыр нæ фæлæудзæни царвмæ,

Фæуыдзæни йæ хаст йæ хуынкъмæ мургай...

Мæгуыр заман цы мæсыг фæцыд арвмæ,

Хъæздыг заман уый базгъæлæнтæ дургай.

1989 азы 10 декабрь

ХУД ДАВÆГ

Дæ худинаг ныхъхъæр,

Цъыфæй амæст — дæ уд:

Куы нæ дыл уыди сæр,

Цæмæн давтай уæд худ?

1989 азы 17 декабрь

ФИДЫД ÆМÆ ХÆСТ

Уадз хæцæнт фыркъатæ æмæ цæутæ,

Хъуысæд дардмæ здыхт сыкъаты дзæхст...

Фидыдмæ фæндагыл ис быцæутæ,

Фидыды фæстагдæр бон у хæст.

1989 азы 20 декабрь

МÆЛÆТМÆ БÆЛЛÆГÆН

Дæ ныхæстæй мæ зæрдæ дуды,

Дзырдтай, куы-иу дын уыди зын:

«Тæхуды, чи амард, тæхуды,

Цы лæджы нал хъæуы мæлын!»

1989 азы 20 декабрь

ЗÆРДÆ ÆМÆ ЦАРД

Рæстуды фарсмæ февзæры мæнгард,

Нæртон лæгты æхсæн дæр ис æвзæртæ...

Йæ зæрдæйау уæд алкæмæн йæ цард,

Йæ цардау ма уæд алкæмæн йæ зæрдæ.

1989 азы 20 декабрь

МИТ ÆМÆ КЪÆВДА

Сусæн хъуамæ сусæнау тæвд уа,

Тъæнджы мæй та уад кæна æхситт.

Митафон ныл ма уарæд къæвда,

Ма уарæд къæвдаафон та мит.

1989 азы 23 декабрь

ФÆЛЫВДЫ ГАКК

Йæ аипп чи нæ хоны хъæн,

Уый хорзæй не ’взары æвзæры...

Кæддæр куыд афæлывтай мæн,

Фæливыс афтæ ныр æндæры.

1989 азы 31 декабрь

ЗЫЛЫН БЫЦÆУ ÆМÆ РАСТ КАУ

Кæнын æз иу хъуыддагæй хъаст,

Хæссын æм азым æмæ фау:

Зылын быцæуы фæрцы раст

Цæмæн фæлæууы кау?

1990 азы 9 январь

ТОХЫ ЗАМАН ÆМÆ САБЫР ДУДЖЫ

Арвы цæфæй нал ыздахы цоппай,

Циндзинады абырста фыдох...

Тохы заман сабыр цард кæй кодтай,

Сабыр дуджы уымæн кæныс тох.

1990 азы 11 январь

ХЪÆБУЛ ÆМÆ МАД

Бæласыл банцайы бæлас,

Обау æфсымæр у къуылдымæн...

Йæ мад цы лæгæн у æгас,

Мæлгæ дæр акæндзæни уымæн.

1990 азы 14 январь

ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ХЪУЫДЫТÆ

Кæф куыд уарза суры! —

Нæй дзы хорзæй ницы...

Терчы хох нæ суры,

Афтæмæй дзы лидзы.

1990 азы 17 январь

ÆУУÆНК

Кæд не ссардзынæ иу дур цæндыл,

Уæддæр дæм ничи хæссы фау...

Хуыцауыл чинæуал æууæнды,

Æууæнды ууыл дæр Хуыцау.

1990 азы 18 январь

НОДЖЫДÆР МА ДÆБЕЙЫ ДÆЛДЖИНÆГГÆНÆГÆН

Æгъдау цы вæййы мидæгæй, æддейæн

Уый нал фæбæззы, ивы цин бæллæхæй...

Йæ «Хъæндил»-ы йаргъ чи нæ у Дæбейæн,

Йæ ныхмæ уый дæр радзуры уæлбæхæй.

1990 азы 20 январь

МÆ ЗЫН ÆМÆ ДÆ ЦИН

Хуыцау дæ йæ дурæй æрцавта,

Кæнæ уыд дæ бынгæнæг зин:

Мæ зыныл куыд цин кæныс, афтæ

Дæ циныл нæ фæкæныс цин.

1990 азы 24 январь

ЛÆГАУ ЛÆГЫЛ РÆЙЫНÆЙ ЧИ НАЛ ÆНЦАЙЫ, УЫДОНÆН

Иу иннæтæн мæстджынæй загъта:

«Цымæ кæдмæ кæндзыстут ’æйтт!

Куыдзау куыдзыл рæйынц, сымах та

Куыдзау лæгал кæнут æмрæйд».

1990 азы 26 январь

АХУЫР

Цæуыннæ кæнон дис уæддæр,

Кæд давæг давæджы фæдавта?!

Куыд нæ у хорз ахуыр æвзæр,

Нæу хорз æвзæр ахуыр дæр афтæ.

1990 азы 4 февраль

ЙÆ МАДЫ ГУЫБЫНЫ АМÆЛÆГ СЫВÆЛЛОНЫ АДЗАЛÆН

Сывæллонмæ дæ фæрæт

Цæмæн разынди карздæр,

Йæ райгуырдæй йæ мæлæт

Цæмæ гæсгæ фæраздæр?

1990 азы 6 февраль

ÆНКЪАРДÆЙ

Фæвæййы ыссæдзæм æнус,

Фæвæййы уыимæ мæ цард дæр...

Æрхуысдзæн тагъд мæ цæсты рухс,

Цæудзæн фыццагау рæстæг дарддæр.

1990 азы 10 февраль

МÆЛÆГ УДЫ КАТАЙ

Нæма зонын ницы мæ намыс, мæ цытæн,

Æмбис дæр нæма ’рцыд мæ хъуыдытæй загвд-

Æз ацы дунемæ æрæджйау куы ’рцыдтæн,

Уæд афтæ цæмæн цæуын ардыгæй тагъд?

1990 азы 11 февраль

ХÆЛАРДЗИНАДЫ ХÆДЗАР

Дзæгъæлы-иу дæхи нæ цуры ма стау,

Дæ цауд митæ дын уый нæ дæттынц бар...

Хæлардзинад куынæуал уыд нæ астæу.

Хæлардзинадæн байгом уæд хæдзар.

1990 азы 12 февраль

САГЪÆСГÆНДЖЫТÆ

Бæрзæндты дæ кады уæззаудæр уаргъ ахæсс,

Æмæ дын нæ уыдзæн уæд никуы мæлæт...

Кæй базæронд, ууыл — йæ хъынцъым, йæ сагъæс,

Куы нæ базæронд уон, у ууыл мæ мæт.

1990 азы 18 февраль

ЛÆГ ÆМÆ НИЦЫ

Сызгъæрин бæзджын сæрст куы кæной сæгæй,

Уæддæр-иу æй зондзысты адæм зæринæй...

Иу ницы уæвгæйæ фæцæры «лæгæй»,

Фæцæры лæг уæвгæйæ «ницыйæ» иннæ.

1990 азы 22 февраль

БИРÆ ЦÆРЫНЫ ХОС

Кæйдæр загъдау

Æфсон нæ хъæуы дæу хъынцъымæн,

Кæд нæй дæ рæбын иу цъупп хос...

Цæмæй фæцæрай бирæ, уымæн

Нæй базæрондæй хуыздæр хос.

1990 азы 6 мартъи

БАЛЦЫ АГЪОММÆ

Нæ дын кæнын абон æз бирæ ныхæстæ:

«Уæларвон зæдтæ-иу дæ бахизæнт тасæй,

Дæ разæй цæуæг-иу куыд фæуа дæ фæстæ,

Дæ фæстæ цæуæг-иу куыд нæ фуа дæ разæй».

1990 азы 7 мартъи

СТАЛИНÆН ЦАЛДÆР ФЫДЫ ЧИ «ССАРДТА», УЫДОНÆН

Уæгъды систат хъæр æмæ фæдис,

Рауагътат æнæмит хохæй зæй...

Иу фыдæн сæдæ фырты дæр ис,

Иу фыртæн дыууæ фыды дæр нæй.

1990 азы 10 мартъи

ХАТТ КÆНЫН ÆМÆ ÆФТАУЫН

Нымайын кадджын нæу мæ цæсты,

Уæддæр фæнымайын æз дæр:

Иу миныл хатт кæныны бæсты

Иу минмæ бафтауын — хуыздæр.

1990 азы 10 мартъи

ИУХÆС

Кæд уари кадджын у дæ цæсты,

Дæхæдæг уæд мæ цæсты — уари...

Мæ иунæг хæс — мæлæты бæсты

Хуыцауæй мин хæсы дæр дарин.

1990 азы 8 апрель

НÆ ХИЦÆУТТÆЙ СТЫР ГОРÆТМÆ КУСЫНМÆ ЦÆУЫНМÆ ЧИ ХЪАВЫ, УЫМÆН

Нæ сахадыдтой ам дæ митæ цæсты,

Цы хоныс урс, уый хонынц адæм сау...

Нæ гыццыл горæт фесафыны бæсты,

Ыстыр горæты фесæф ды фæлтау.

1990 азы 21 апрель

ÆНАХУЫР ФАРСТ

Ды дæр кæддæр æрхаудзынæ дыргъау,

Зæххыл æнусон ничи у, мæ лымæн...

Нæу райгуырынæн иунæг дæр æвгъау,

Цæмæ сты ’вгъау уæд бирæтæ мæлынæн?

1990 азы 26 апрель

КУЫВД

Иу дзырдæй зæрдæ и скъахæн,

Амардзæн иу дзырды марг...

Адæммæ бирæ уæд, махæн,

Махæн у фаг дæр нæ фаг.

1990 азы 30 апрель

ХУЫЗДÆРМÆ ÆНХЪÆЛМÆГÆСДЖЫТÆН

Кæйдæрты зноны хур нæ тавта,

Дзæгъæлы-иу æм кодта загъд...

Цы нæ уыд, уый куыд нæ ис, афтæ,

Цы ис, уый нал уыдзæни тагъд.

1990 азы 14 май

ОПЕРАЦИЙЫ РАЗМÆ

Куы бахæццæ вæййæм мæлæтмæ,

Уæддæр ма хъæр фæкæнæм цардмæ...

Кæддæр куыд æрцыд саг фæрæтмæ,

Æз та æрцыдтæн афтæ кардмæ.

1990 азы 27 май

ХЪÆЗДЫГДЗИНАДÆЙ МÆГУЫРДЗИНАДМÆ

Кæмæйдæрты фæвæййы цæмæдæр гæсгæ рох,

Йæ хъуыддæгтæ кæй ысты гыццыл, йæ дзырдтæ — стыр...

Хъæздыгдзинады ныхмæ кæддæр мах кодтам тох,

Мæгуырдзинадмæ райстам нæ хæцæнгæрзтæ ныр.

1990 азы 5 июнь

ЦÆУЫННÆ?

Æрвылбон дæр дæ хид цъыккæй кæлæд —

Нæ фæуыдзæн куыстуарз куыстæй сæлæт...

Кæд алцæмæн дæр ис зæххыл мæлæт,

Цæуыннæ ис мæлæтæн уæд мæлæт?

1990 азы 12 июнь

ФЫССÆГ МÆ НÆ РАУАД, ЗÆГЪГÆ, ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН

Кæд хъавыс ыскæнынмæ Ирæн ды ном,

Уæд макæцы рæстæг ысфæлмæц дæ хæстæй...

Фыссæг дæ нæ рауади — загътай æргом,

Фæлæ дæ цы рауад, уый дарыс æмбæхстæй.

1990 азы 12 июнъ

ЙÆ БЫНАТÆЙ ТЫХХÆЙ ТÆРЫН ДÆР ЧИ НÆ КОМЫ, УЫМÆН

Цæуы йæ хъæр, цыма йæ ис æргæвдæг,

Гадзрахатæй йыл рацыди йæ хин...

Дыууæ къухæй цы бынатыл ныддæвдæг,

Цыппæрвадæй æз уырдыгæй тæхин.

1990 азы 27 июнь

ФЫСТЫТÆ ÆМÆ РЫСТЫТÆ

Дæ рæбыны цасдæриддæр кæн тъыстытæ,

Уæддæр дзы зæххы мулк нæ фæуыдзæн тъыст...

Мæ рыстытæй райгуыры арæх фыстытæ,

Мæ фыстæй дæр райгуыры хатгæй-хатт рыст.

1990 азы 4 июль

АЗИМАГ

Уæлхъæдæй бахус дæ, уæлхъæдæй,

Йæхимæ дæ æлвасы зæхх...

Цъæхæй рæгъæд уыдтæ, рæгъæдæй,

Зæгъ-ма, цæуыннæ дæ уæд цъæх?

1990 азы 19 июль

НÆ ГОРÆТ ФÆСТÆМÆ ДЗÆУДЖЫХЪÆУ КУЫ ССИ, УЫЙ ДЫККАГ БОН

Æз мæ райгуырæн бæстæмæ

Ног æрцыдтæн, нæу уый фын:

Хъæуы райгуырдтæн, фæстæмæ

Хъæуы райдыдтон цæрын.

1990 азы 21 июль

ЗНОН ÆМÆ РАЙСОМЫ АСТÆУ

Царды мæлæт мах размæ дæр хафта,

Кодта йын кæддæриддæр хæрам...

Ам ызнон куыд нæ уыдыстæм, афтæ,

Афтæ райсом нал уыдзыстæм ам.

1990 азы 22 июль

РОГ ÆМÆ АДДЖЫН

Мæ хъуыды кæд никæмæ фæкæсдзæн ног,

Уæддæр æй нæ хонын æз ницæмæй хъаджджын:

Хæссынæн цы фæндаггаг разыны рог,

Нæ вæййы хæрынæн уый алы хатт адджын.

1990 азы 28 июль

ДАВÆДЖЫ ФÆСМОН

Нæ мысын æз, мыййаг, мæ тар фын —

Æцæгдзинадыл у мæ дзырд:

Кæддæр кæй сахуыр кодтон давын,

Мæхицæй давынц уыдон ныр.

1990 азы 4 август

ÆНУСОН

Кæд рацыдтæ мæнимæ балцы,

Уæд иу — нæ къæбæр æмæ цæхх...

Зæххыл кæй зæронд кæны алцы,

Нæ зæронд кæны уымæн зæхх.

1990 азы 4 август

ДУАР ÆМÆ РУДЗГУЫТÆ

Дæ иунæг дзырд æфтауы тых

Мæ тыхыл, суры мæстытæ...

Кæд у зæрдæйы дыуар дзых,

Уæд рудзгуытæ та — цæстытæ.

1990 азы 8 август

УÆЛТÆМÆНАД

Зæгъ-ма, куыннæ кæнон æз дис,

Кæд хъусын диссаг бонæн?..

Уæлтæмæнадæн сурæн ис,

Фæлæ йын нæй æрхонæн.

1990 азы 12 август

ДИН

Мæнæн дæр иннæтау мæ дин:

Кæм чиуын, кæм æмраст фæцæуын...

Мæ райгуырдыл нæ кæнын цин,

Мæ мæлæтыл нæ кæуын.

1990 азы 12 август

УАВÆР

Мæ цины хуызæн нæу дæуæн

Дæ зæрдæмæ хæстæг дæ маст:

Куы мастæн нал вæййы фæуæн,

Куы цин æрбайсæфы æваст.

1990 азы 12 август

ДУНЕ ÆМÆ ÆЗ

Сусæгдзинæдтæй у дзаг

Сау зæхх, базон сæ хуыздæр...

Дуне нæу мæнæн мæ фаг,

Стæй нæ дæн йæ фаг æз дæр.

1990 азы 14 август

ЗÆХХ

Нæ дарæг — быдыр, хæхтæ, хъæд,

Нæ цард у зайæгхалæй, мæрæй...

Зæххыл нæ къæхтæй цæуæм кæд,

Уæддæр бæрзонддæр у нæ сæрæй.

1990 азы 14 август

БÆЛÆСТÆ

Сойджындæр нæ кæны сойæ сой,

Минтæ та фæфылдæр вæййынц минæй...

Иу бæласæн иннæ уæд æнцой,

Фæлæ иуы ма фæлдахæд иннæ.

1990 азы 14 август

АРАХЪХЪ

Йæ æрымысæг — зин,

Фыдбоны халон-маргъ.

Йæ иуы аргъ у мин,

Йæ мин та — иуы аргъ.[4]

1990 азы 15 август

БРУТАГ КУЫСТ ÆМÆ ОЛГИНСКÆЙАГ ЦАРД

Цы ’мбæлы, уый куы цæуид фыст

Дæуæн, нæ хъуысид уæд дæ зард...

Мæ царды хуызæн у дæ куыст,

Дæ куысты хуызæн у мæ цард.

1990 азы 16 август

АФТИД ДЗЫПП ÆМÆ ДЗАГ ЗÆРДÆ

Дæу хъæуы бæласæй гуыпп,

Æхсырæн — йæ сæртæ...

Иуæн амоны йæ дзыпп,

Иннæмæн — йæ зæрдæ.

1990 азы 18 август

ÆДЗУХДÆР ЗАРГÆ ЧИ КÆНЫ, УЫЦЫ ЗÆРОНД ЛÆГÆН

Фыдæлтæ раст дзырдтой: иу гæпп нæ хуындæуы дугъ,

Арв та куыд нæры, нæу афтæ йæ цæф æмæ рыст...

Бирæ фæцардтæ, кæд уый тыххæй зарыс æдзух,

Æви кæй зарыдтæ, уый тыххæй бирæ цæрыс?

1990 азы 18 август

ЗОНДДЖЫН

Иу расты бабын кæныны бæсты дæс зылыны сраст кæн.

Екатеринæ II

Бирæ тых и зондджыны ныхæсты,

Бахæссынц æм уый тыххæй сæ хъаст...

Иу расты зылын кæныны бæсты,

Рахондзæн сæдæ зылыны раст.

1990 азы 23 август

ДЫМГÆ

Æрдз хъулон ми хоны хæрам,

Лæгау æй нæ бары куыдзæн...

Мæ дымгæ дæр нал уыдзæн ам,

Уæддæр ма ам дымгæ уыдзæн.

1990 азы 24 август

МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛ

Уарийау бæрзæндты тæх,

Фæлæ зон: дæ цæрæн — фæз...

Мадæн дын куыд бæззы зæхх,

Афтæ йын хъæбулæн бæзз.

1990 азы 24 август

ТЫХДЖЫН

Цы лæгæн вæййы цауд йæ хуыз,

Фæуы-иу уый æвварс, мæ кæстæр:

Æдыхæн чи кæны æххуыс,

Тыхджын ис уый хонæн æрмæстдæр.

1990 азы 25 август

ЦАРД ÆМÆ ЦÆРДТЫТÆ

Косты Лизæйæн

Æрвылбон цалдæр хатты ард

Ис фехъусæн мæнгардæй...

Цæрдтытæй чи райдайы цард,

Фæвæййы йæ уый цардæй.

1990 азы 27 август

МÆ НЫХАС

Адæймагмæ дзурын æз, кæрдæгмæ,

Дун-дунейы алкæмæ мæ каст:

Кæд фæцæрат уалдзæгæй зымæгмæ,

Уæд хъысмæтæй ма ракæнут хъаст.

1990 азы 28 август

АРС ÆМÆ ЙÆ ФÆД

Дæ хуыздæр нозт у дæуæн лæвар сæн,

Æз та йæ хонын мæхицæн хинæ...

Фæтæрсы чидæр йæ фæдтæй арсæн,

Йæхицæй дæр ын нæ тæрсы иннæ.

1990 азы 3 сентябрь

ТÆППУДТÆ

Мах — тæппудтæ иухуызон, æрфынæй

Ныфс нæ туджы, бацъынд и йæ цæст:

Æз тæрсын фæхудинаг уæвынæй,

Ды тæрсыс дæ бынатæн æрмæст.






Не нашли, что искали? Воспользуйтесь поиском:

vikidalka.ru - 2015-2024 год. Все права принадлежат их авторам! Нарушение авторских прав | Нарушение персональных данных