Главная

Популярная публикация

Научная публикация

Случайная публикация

Обратная связь

ТОР 5 статей:

Методические подходы к анализу финансового состояния предприятия

Проблема периодизации русской литературы ХХ века. Краткая характеристика второй половины ХХ века

Ценовые и неценовые факторы

Характеристика шлифовальных кругов и ее маркировка

Служебные части речи. Предлог. Союз. Частицы

КАТЕГОРИИ:






Фарнæджы мæлæт




Фарнæг Царциаты æхсæн кад æмæ радæй фæцарди. Ныр базæронд и æмæ йæ бафæндыди йæ фыртты арæхстдзинад базонын, сæхи æнæ сæ фыд сæ бон бауыдзæн дарын, уый. Иу бон рарынчын ис, фæдзырдта йæ фырттæм æмæ сын зæгъы:

— Нæ зонын, нæ зонын, фæлæ уын ныр куы амæлон, уæд мæ куыд ныгæндзыстут?

— Куыд нын бацамонай, афтæ, — зæгъынц ын йæ фырттæ.

Фарнæг рабадæгау кодта, йæ чъылдыммæ быцæу нывæрзæн сæвæрдта, йæ фырттæ йæ уæлхъус лæууынц æмæ зæгъы:

— Уæдæ хъусут мæ амындтæм. Æз уыдтæн балцы, иу æдзæрæг бæстæм ахаудтæн, кæсын æмæ фурд йæхи сырх дары. Æххормаг дæр сдæн, зæгъгæ, исты куы ахæрин, хæринагæй дæр мæм ницы уыди. Ауыдтон, цыдæр мард хуыссы. Загътон: ам мæн чи фендзæн, цæй йæ къæдзил ын афыцон. Къæдзилыл арт акодтон. Уый куыддæр æнахъинонау базмæлыд, йæ къæдзилæй мæ фехста, йæхæдæг фурды смидæг æмæ фурд тынгдæр ныссырх и. Æз атахтæн æмæ нæ дуары раз мæ фæртт фæцыдис. Уый уыдис стыр кæф. Куы амæлон, уæд мын уый фыдæй чи схæрнæг кæндзæни?

— Æз! — фæхъæр кодта хистæр фырт.

— Хорз, фæлæ мын раздæр радзурдзынæ дæ балцы хабар.

Фарнæг ногæй дзуры:

— Уæдæ мæ дыккаг амынд та у ахæм: уыдтæн та балцы, сæххормаг дæн. Иу æдзæрæг бынатмæ ахаудтæн. Федтон уым хъуаз [1] хизгæ. Йæ æхсыр йæ фæздонæй мызти, смондаг дæн йе ’хсырмæ. Æхсыр адагыл згъордта æмæ дзы иу ус гуымбыл ахста. Зæгъын, уыцы усæй цыхт ракурон, фæцæй йæм цыдтæн, фæлæ мæ хъуаз йæ дзыхæй фелвæста, ныззыввыт мæ ласта æмæ мæ цæлхъ нæ хæдзары размæ фæцыди. Мæ æххормагдзинад дæр мæ байрох. Уыцы хъуазы гуымбылæй мын чи схæрнæг кæндзæн?

— Æз! — фæхъæр кодта дыккаг лæппу.

— Хорз, фæлæ мын радзурдзынæ раздæр дæ балцы хабар.

Ногæй дзуры Фарнæг:

— Ме ’ртыккаг амынд та у: уыдтæн та балцы, иу хохмæ бахаудтæн, кæсын — иудзонгон хуым кæны. Дыууæ лæджы йын къæлуа [2] змæнтынц, доны бæсты хыссæйыл сæ туг бауадзынц. Уæд сæ иу хыссæйыл дон акодта, туг æм фаг кæй нал уыди, уый тыххæй. Лæгхор æй ауыдта æмæ йын йæ туг ацъырдта, марды фехста æддæмæ. Иннæ лæг æм луæрст къæлуа авæрдта, иудзонгон дзы ахордта, стæй афынæй. Æз уæхст стæвд кодтон, иудзонгоны цæстыты йæ фæтъыстон. Уый афтæ тынг ныббогъ кодта æмæ мæ йæ комы дымгæ рахаста. Лæг мæм кæсгæйæ баззади. Нæ хæдзары цур сæмбæлдтæн, ехх, уыцы къæлуайæ мын чи схæрнæг кæндзæн?

— Æз! — фæхъæр кодта æртыккаг лæппу.

— Хорз, фæлæ мын радзурдзынæ дæ балцы хабар раздæр, — зæгъы Фарнæг.

Фарнæг та дзуры:

— Уæдæ ме ’ннæ амынд та у ахæм: уыдтæн та балцы, бахаудтæн лæгхормæ. Уый йæ мадæн цыдæр дардта, смондаг æм дæн, дойны дæр мын уыди. Лæгхор къус иуварс æрæвæрдта, æз æм бауадтæн. Къусы бын чысыл аззади нуæзтæй, мæ дзыхыл æй сдардтон. Лæгхоры мад мæ ауыдта, ме ’фцæгготæй мæ ныззыввыт ласта æмæ нæ хæдзары раз æрхаудтæн. Уый нуæзта æлутон æмæ мын дзы чи самал кæндзæни мæ хæрнæгæн?

— Æз! — фæхъæр кодта цыппæрæм лæппу.

— Хорз, фенæм, — зæгъы Фарнæг, — фæлæ мын радзурдзынæ раздæр дæ балцы хабар.

Ногæй та Фарнæг зæгъы:

— Уæдæ ма мæм ахæм амынд дæр ис: уыдтæн та балцы æмæ арв æрбасасæста, бæстæ ихуазал ссис, фыдтымыгъ скодта, зæхх салди. Цы ма фæуыдаин, уый нал зыдтон. Суыдтон саджы хуыссæн, уым саджы лæппын уыди, мæ хъæбысмæ йæ систон. Йæ мад æрбацыди, æхсыр ын дардта, мæнæн дæр авæрдта йе ’хсырæй. Бынтон бахъарм дæн. Мæ хид калди. Райсомы сыстадтæн æмæ мæ саг Царциаты хъæусæр уæзæгмæ æрхаста. Бузныг ын загътон. Ныр куы амæлон, уæд мын уыцы саджы хъуынæй мæ ингæны къултæ чи сараздзæни, цæмæй мын мæрдты бæсты хъарм уа?

— Æз! — фæхъæр кодта фæндзæм лæппу.

— Хорз, фендзынæн дæ, фæлæ мын раздæр радзурдзынæ дæ балцы хабар.

Фарнæг алæууыди æмæ та зæгъы:

— Уæдæ ма мæм ахæм амынд дæр ис: балцы та уыдтæн, бахаудтæн фысгæсмæ. Фысгæсы уæрыччытæ хъазгæ рацæйцыдысты сæ мæдтимæ. Иу урс уæрыкк дзы уæззау цыдис, йæ мад æм дзуры: «Тагъддæр рацу, уæд та нæ хицаумæ уазæг ис æмæ кусæрттагæн дæ разæй искæй аргæвддзæн». Уæрыкк дзуры: «Фысымы бæркад æз дæн, кæд мæн аргæвда, уæд-иу мын мæ туг дурдзæджындзы бын ауадзæд, стæй йын йæ фосмæ æфтаудзынæн мæрдты бæстæйæ». Æз æххормаг дæр сдæн. Фысгæс мæ суазæг кодта, уыцы уæрыччы мын аргæвста, йæ туджы йын дурдзæджындзы бын ауадзын кодтон æмæ — йæ фосыл фылдæр фос æфтыди. Уæрыччы фыд бауæларт кодтам æмæ уыйонг ныннæрсти, æгас комы адæмæн дæр сфаг уыдаид. Куы амæлон, уæд мын уыцы фысгæсы фосæй хæрнæгæн иу уæрыкк чи æркæндзæни?

— Æз! — фæхъæр кодта æхсæзæм лæппу.

— Хорз, фенæм дæ, фæлæ-иу раздæр дæ балцы хабар радзур.

Фарнæг сулæфыди æмæ та зæгъы:

— Ис ма мæм иу ахæм амынд: балцы та уыдтæн, иу доны былмæ бахæццæ дæн. Чидæр хъæр кæны фаллаг былæй: «Доныл мæ ахæсс!» Фæтæригъæд ын кодтон, балæгæрстон доны, кæсын æмæ хæрз къаннæг лæг. Сæвæрдтон æй ме ’ккой æмæ йæ рахастон, фæлæ æккойæ нал хизы зæхмæ. Фæрсын æй: «Рахиз зæхмæ, цы дын кодтон æвзæрæй?» Уый зæгъы: «Ныффæлдис мæ æмæ ахизон». Æз æй фæрсын: «Бæх нæ дæ, куыд дæ ныффæлдисон?» Уый зæгъы: «Дæхицæн мæ ныффæлдис». Гæнæн мын нал уыд æмæ дзурын: «Нæма æгас дæн, фæлæ куы амæлон, уæд дæ мæ фырттæ мæнæн ныффæлдисдзысты». Нал фидыдтам. Уæд æй хуыссæг æрцахста, афынæй æмæ йæ ме ’ккойæ сабыр райстон, зæххыл æй æрæвæрдтон, кард æм ныддардтон, уый бæх фестади, узæлынтæ мыл систа. Гъе, уыцы бæхы мын чи ныффæлдисдзæн?

— Æз! — фæхъæр кодта æвдæм фырт.

— Хорз, фæлæ мын радзурдзынæ раздæр дæ балцы хабар.

Дыккаг бон дæр та Фарнæг фæдзырдта йæ фырттæм æмæ сын зæгъы:

— Мæхи хорз нал хатын, фæлæ ма мæ удæгасæй куы фенин, сымахæй мын чи цы ныфс радта, уый куыд сæххæст кодта. О, мæ хистæр хъæбул, дæ рад у, фæцу æмæ мын уыцы кæфы фыдæй æрхæсс.

Хистæр лæппу йæ бæх сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг! Цæуын æз балцы, рæствæндаг мæ кæн, цæмæй кæфы фыд баст уа фæсарцы.

Араст и хистæр лæппу, бирæ фæцыди, бахæццæ изæрырдæм иу хъæумæ, уыны диссаг: иу бери [3] мыдыбындзытæ нымайы, иу ын дзы нæ зыны, Фæлвæра дзы хуым кæны. Бери йемæ схыл ис, фæбынæй æмæ хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы кура, уый.

Лæппу Фæлвæрайы фæхибар кодта æмæ бери фервæзти, фæрсы лæппуйы:

— Цы хорзы дын бацæуон?

— Кæфы фыд мæ хъæуы, Сырх фурды чи цæры, ахæм кæфы фыд.

Бафидауын кодта берийы Фæлвæраимæ. Уæд бери адугъ кодта æмæ æнæхъæн кæф æрбахаста. Лæппу йын раарфæ кодта æмæ йæ хæдзармæ раздæхти кæфимæ, радзырдта Фарнæгæн, кæф ын куыд самал кодта, уый. Фарнæг зæгъы:

— Оххай, ме сфæлдисæг, мæ фыццаг фырт ме знаг Фæлвæрайы кæд бафидауын кодта, уæд мæ амæлæты фæстæ базондзæнис цæрын æнæ мæн.

Фæбузныг дзы æмæ йæ дыккаг фыртæн зæгъы:

— Фæцу æмæ мын, цы хъуазы федтон, уый æхсырæй ахст гуымбыл æрхæсс.

Дыккаг лæппу дæр бæх сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг, дæумæ æз кувын! Мæ къухты бафтау, мæ фыды тыххæй цы гуымбыл курын.

Араст и лæппу, иу хъомгæсмæ бахауди, уый гуымбыл ахста, фæлæ йын-иу йæ гуымбылы Фæлвæра ахордта. Хъомгæс стыхсти. Уый уыди берийы хъомгæс. Уæд бери æмæ Фæлвæра схыл сты æмæ бери фæбынæй ис, хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы кура, уый!

Фарнæджы дыккаг лæппу Фæлвæрайы рахибар кодта æмæ бери фервæзти, фæрсы лæппуйы:

— Цы хорздзинад агурыс?

— Хъуазы æхсырæй ахст гуымбыл мын радт.

Лæппу Фæлвæра æмæ берийы бафидауын кодта, стæй гуымбыл райста æмæ сæхимæ æрцыдис. Фарнæгæн радзырдта, гуымбыл куыд самал кодта, уый. Фарнæг зæгъы:

— Оххай, ме скæнæг! Мæ дыккаг фырт дæр ме знаг Фæлвæраимæ ссардта æвзаг æмæ мæ амæлæты фæстæ базондзæни цæрын адæмимæ.

Фарнæг уымæй дæр фæбузныг ис æмæ йе ’ртыккаг лæппуйæн зæгъы:

— Фæцу æмæ мын æрхæсс, цы къæлуайы кой кодтон, уымæй.

Æртыккаг лæппу дæр бæх сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг, зæрдыл цы лæууа мæ фыды фæдзæхст, цæмæй æрхæссон уымæн къæлуа.

Араст и йæ фæндагыл, уыны диссаг: адæм иу ран бадынц, дих кæнынц кæрдзын æмæ дзы иуы хай нæ фæцис. Иу карк хоры æфсир рацæйхаста, бери йæ рацахста, æфсиры байста, йе ’рмтты æхсæн æй рассадта æмæ дзы къæлуа акодта. Хай кæй нæ фæци кæрдзынæй, уымæн æй авæрдта, фæлæ йын æй Фæлвæра байста. Бериимæ та схыл сты æмæ бери фæбынæй ис. Хъæр кæны бери:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы кура, уый.

Фарнæджы æртыккаг лæппу Фæлвæрайы рахибар кодта æмæ бери фервæзти, фæрсы лæппуйы:

— Цы хорзы дын бацæуон?

— Армыдзаг къæлуа мæ хъæуы.

Лæппу бери æмæ Фæлвæрайы бафидауын кодта, уæд ын бери дзæкъулы дзаг къæлуа радта. Лæппу сæхимæ æрцыди æмæ йæ фыдæн радзырдта, къæлуа куыд самал кодта, уый. Фарнæг дзы фæбузныг ис æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг! Ацы лæппу дæр хылгæнджыты кæм бафидауын кодта, уым æнæ мæн цæрын базондзæни адæмимæ.

Фарнæг фæдзырдта йæ цыппæрæм фыртмæ æмæ йын зæгъы:

— Фæцу æмæ мын æлутон нуæзт æрхæсс.

Цыппæрæм лæппу дæр бæх сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг! Мæ цыд — æнусон ма уæд æлгъыстаг, мæ къухы бафтæд хойраг — æлутон.

Цæуы лæппу йæ фæндагыл, иу ран диссаг уыны: хуымгæнæг галæй хуым кæны. Гал куы сдойны вæййы, уæд ын хуымгæнæг æлутон адары æмæ гал йæ фæллад ницæмæ уал фæдары. Фæлвæра сæм фæзынди æмæ æлутон байсы хуымгæнæгæй. Уый бери ауыны æмæ Фæлвæраимæ схыл вæййы. Бери фæбынæй ис æмæ та хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы дома, уый.

Фарнæджы цыппæрæм лæппу Фæлвæрайы рахибар кæны æмæ бери фервæзти. Бери лæппуйы фæрсы:

— Цы дын раттон?

— Къусы дзаг æлутон мын ратт.

Лæппу Фæлвæра æмæ берийы бафидауын кодта æмæ тъæпæнæджы дзаг æлутон йæ фыдмæ æрхаста, радзырдта йын, куыд йæ къухы бафтыди, уый. Фыд дæр дзы фæбузныг и æмæ зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг, амæ дæр мæ зæрдæ нал æхсайдзæни мæ амæлæты фæстæ, ме знаг Фæлвæраимæ ссардта æвзаг.

Фæдзырдта Фарнæг фæндзæм фыртмæ, афтæ йын зæгъы:

— Фæцу, цы сагæй дын дзырдтон, уый хъуынæй мын æрхæсс.

Фæндзæм лæппу бæх сифтыгъта æмæ дзуры:

— О, ме скæнæг, мæ фæндаг даргъ у, зын, фæлæ мын бафтау мæ къухтæм фæлмæн саджы хъуын.

Цæуы фæндзæм лæппу, схъызыди йыл æмæ уыны: саджы лæппын уазалы гæв-гæв кæны, залиаг калм æм æрбабыры. Бери калмы нæ уадзы саджы лæппынмæ. Уæд Фæлвæра фæзынди æмæ бериимæ схыл сты. Бери фæбынæй æмæ хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн дæттын, цы кура, уый. Фæндзæм лæппу Фæлвæрайы иуырдæм акодта, калмы скъуыхтæ кодта, бери дæр фервæзти æмæ дзуры лæппумæ:

— Цы хорз дын ракæнон?

— Мæн хъæуы саджы хъуын армы дзаг.

Лæппу Фæлвæра æмæ берийы бафидауын кодта. Бери ауади æмæ калмы мардыл арт бакодта. Тæф сагыл сæмбæлди æмæ уым февзæрди. Йæ лæппыны удæгасæй куы федта, уæд сцин кодта. Бери сагмæ дзуры:

— Ацы лæппуйы руаджы фервæзти дæ лæппын, армы дзаг æй хъæуы саджы хъуын.

Саг йæхи ралвынын кодта æмæ лæппу дæлармы бæрц саджы хъуын йæ фыдмæ æрхаста. Радзырдта, куыд æй ссардта, уый. Фарнæг дæр та фæцин кодта æмæ зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг! Хорз у знаджы марын, фæлæ йын æмбарын хъæуы йæ ми дæр. Амæ дæр мæ зæрдæ нал æхсайдзæни мæ амæлæты фæстæ.

Фæдзырдта Фарнæг йæ æхсæзæм фыртмæ, зæгъы йын:

— Де ’фсымæртæ расгуыхтысты, фæлæ ма мын ды дæр уæрыччы хъус куы ’ркæнис æххæст.

Æхсæзæм фырт дæр бæх сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг! Мæ зæрдæ у рыст. Фæлæ хъуамæ æркæнон мæ фыды тыххæй иу чысыл уæрыкк.

Араст и йæ фæндагыл лæппу, бирæ фæцыдис, бахауд фысгæсмæ. Фысгæс æмæ Фæлвæра цæуылдæр быцæу кодтой. Фысгæс хъул ныкъкъуырдта æмæ берийы хъæбысы абадти. Бери фестади, фысгæсмæ æрхæццæ ис, Фæлвæраимæ схыл сты æмæ та бери фæбынæй ис, хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы кура, уый! Æхсæзæм лæппу Фæлвæрайы иуырдæм акодта æмæ бери сыстади. Фæрсы лæппуйы:

— Цы хорз мæ агурыс?

— Иу уæрыччы хъус мæ хъæуы.

Лæппу бери æмæ Фæлвæрайы бафидауын кодта, стæй урс уæрыкк райста, æрцыдис йæ фыдмæ æмæ йын радзырдта, уæрыкк куыд ссардта, уый. Фарнæг зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг! Бынтон æвæстаг мæ нæ кæныс. Ме знаг Фæлвæраимæ æвзаг чи ссардта, уый æнæ мæн дæр цæрдзæни.

Фæбузныг и уыцы лæппуйæ дæр Фарнæг æмæ дзуры йе ’вдæм фыртмæ:

— Фæцу, хъæбул, цы бæхы кой дын кодтон, уый мын æркæн.

Кæстæр лæппу йæ бæхы сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг! Цы у мæ байраг, куы нæ ссарон мæ фыды номыл иу бæхы байраг.

Араст и йæ фæндагыл, иу ран уыны ахæм хабар: адæм куывды сты æмæ дзы цæуы бæхдугъ. Дугъы сты берийы фырт æмæ Фæлвæра дæр. Берийы фырт разæй кæнын байдыдта, уæд Фæлвæра цæхгæр фæзылдта йæ бæхы æмæ берийы фырт бæхæй ахауди. Бери йæхи нал баурæдта æмæ Фæлвæраимæ схыл ис. Бери та ныр дæр фæбынæй, хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы кура, уый!

Фарнæджы кæстæр лæппу Фæлвæрайы раиуварс кодта. Бери фервæзти æмæ фæрсы лæппуйы:

— Цы дæ хъæуы мæнæй?

— Дæ бæх мын радт, мæхион æнæфæразгæ у.

Уыцы лæппу та бафидауын кодта бери æмæ Фæлвæрайы æмæ бæх райста. Сæхимæ æрцыдис, йæ фыдæн радзырдта, бæхы куыд самал кодта, уый. Фарнæг зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг! Мæ фыртты тых базыдтон, ме знагмæ дæр ссардта фæндаг, цæрдзæни æнæ мæн. Ме скæнæг, фæлдисгæ мæ куыд ракодтай, афтæ мæ маргæ дæр акæн.

Фæдзырдта ма йæ фырттæм æмæ сын зæгъы:

— Æз амæлдзынæн, фæлæ æз цы фарнæй цардтæн, уый уæ къухæй ма ахауæд.

Уæ фыды фарн хæссут кадимæ. Мæнæн бери уыдис мæ хуыздæр хæлар, мæ зондæй-иу фæбынæй, уый уыдтат. Мæн фæндыди уæ арæхстдзинад базонын. Уе ’фтиаг фæллæйттæ та амонынц: кæф — хъæздыг царды нысан, гуымбыл — фосджын уæвын, къæлуа — хорджын уæвын, æлутон — нуæзтæй уæздандзинад æвдисын, саджы хъуын — бинонты хъарм цард, уæрыкк — уазæгуарз æмæ æгъдау дæттын, бæх — хæдзар барæгджын уæвын æмæ-иу фæлдыст уæд мæлæты бон нæлгоймагæн. Мæ амарды фæстæ ацы авд миниуæгæй цух ма уæд мæ хæдзар.

Фарнæг амарди. Царциатæ йыл æрымбырд сты, æгъдау ын лæвæрдтой. Æрцыдысты йæм уæларв цæрджытæ, Донбеттыртæ дæр æмæ йын алчи дæр æгъдау лæвæрдта. Аларды зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ дæ фырттыл бафтыд де стыр фарн æмæ дæ хъæздыгдзинад.

Донбеттыр зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ дæ фырттыл бафтыд кæфты фарндзинад, донау дæ фæндаг сыгъдæг æхсырау, дæ кæстæрты цард — адджын.

Уацилла зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ дæ хæдзарвæндаг хорæй уæд бонджын, сæ ном та — номджын.

Тутыр зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ дæ кæстæртæн нуæзт уæд æлутон æмæ сæ ном та — æнусон.

Æфсати зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ урс уæрыкк уæд æргæвст дæ номæн, дæ кæстæртæн та — амондæн.

Фæлвæра зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, æвзæр æвзæрæй нæ фыстæуы, фæлæ мæм быцæу кодтай, дæ фырттæ афтæ кæм расгуыхтысты, уым нæ хæрамдзинад мауал уæд, бирæ дын цæрæд, саджы хъуынау хъарм уæд.

Уастырджи зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ дæ кæстæртæ бæхджын æмæ барæгджын фæуæд, чи сæ фæхъæуа, уымæн та-иу бæх фæлдисгæ уæд.

Бери зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, нæ зыдтон, ай дæ фырттæ сты æмæ мæ ме знагимæ уыдон бафидауын кодтой авд хатты. Авд хатты амындæй зонд чи нæ базона, уый сæфт у, дæ кæстæрты ном уæд кадимæ, сæ балцы цыд — фарнимæ.

Царциатæ зæппадз сарæзтой Фарнæгæн, бæх ын ныффæлдыстой æмæ йæ бавæрдтой. Фарнæджы фыртты лæггадæй уазджытæ тынг фæбузныг сты, арфæтæ сын фæкодтой ноджы æмæ фæцыдысты сæ хæдзæрттæм.

Афтæ фæцис Царциаты фондз æфсымæрæй дыккаджы цард.

28. Хæтгар æмæ йæ фырттæ

Хæтгар Царциатæй уыди, иу бон цуаны ацыди æмæ фехста саг. Саг коммæ ныттылди, Хæтгар дæр йæ фæстæ æрцыди. Йæхицæн скодта физонæг æмæ хæрыныл æрбадти. Хæтгар фæстаг комдзаг куы кодта, уæд æм ныхъхъæр чындæуыди:

— Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы!

Хæтгар йæ къух æруагъта, комдзагыл хæцы æмæ фæйнæрдæм кæсы. Хъуыды кæны: «Чи мæм дзуры, ам куы ничи ис, уæд?» Систа комдзаг, а ныр æй ахæра, афтæ та хъæр фæцыди:

— Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы.

Йæ къухы та æруагъта, ногæй акасти, фæлæ та никæй уыны. Систа та дзыхмæ фæстаг хайы æмæ та æртыккаг хатт хъæр фæцыди:

— Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы, мæн хъæуы!

Хæтгар æм дзуры:

— Чи дæ, рацу æмæ бахæр.

— Фæуром дæхи æмæ уал мусонг æркæн.

Хæтгар мусонг ацарæзта, сагдзармæй йæ æрæмбæрзта æмæ банхъæлмæ касти. Хур дæр аныгъуылди, фæлæ йæм цæуæг нæй. Сфæнд кодта сæхимæ рацæуын. А ныр рацæуа, афтæ та хъусы:

— Хæтгар, кæдæм цæуыс, фæлæуу мæм!

— Абондæргъы дæм кæсын, фæлæ чи дæ, æргом мæм цæуылнæ цæуыс? Мæнæн та талынг кæны æмæ мын зын цæуæн уыдзæни.

— Талынджы цæуын æдасдæр у знагæй, æмæ фæлæуу. Бынтон æрталынги. Уæд хох фегом ис æмæ дзы рухс ракалдис.

Уырдыгæй дзырдæуы:

— Хæтгар, мидæмæ рахиз.

Хæтгар уырдæм бацыди æмæ зæгъы:

— Фарн а бынаты.

— Фæрнæйдзаг у, æрбад бандоныл, — ахæм ныхас æм райхъуысти.

Хæтгар акасти, фæлæ никæй уыны.

— Сбад Хæтгар! — райхъуысти та ныхас.

Хæтгар æрбадтис. Кæсы: хæдзар уыди диссаг, авгæй къуымтæ, цæхæртæ калдтой астæрдтытæ.

Дзурæг та фæрсы:

— Хæтгар, мæ хай цы фæци?

— Мæхимæ.

— Фынгыл æй æрæвæр.

Хæтгар физонæджы хай æртыкъахыг фынгыл æрæвæрдта. Уæд мидæггаг уатæй разынди сылгоймаг, бурбын сæрыхъуынтæ быд дыууæ фæлтæрæй, сæрыл бæрцау бадынц. Размæ рахызти. Хай систа æмæ йæ ахордта. Уый фæстæ тæмæнтæ скалдта. Сылгоймаджы дæллагхъуырты лæг йæхи уыдта, ныхæй стъалытæ зынди æмæ йын йæ развæндаг рухс кодта. Никуы федта Хæтгар ахæм диссаг, дурдзавдау аззадис йæ бадæны, аджихтæ ис. Сылгоймаг та дзуры:

— Цæуыл хъуыды кæныс, Хæтгар, æви мæ цард дæ зæрдæмæ нæ цæуы?

— Цæугæ та куыннæ кæны, фæлæ айонг рацардтæн æмæ айхуызон фæлыст æмæ фæлындзгонд хæдзарæй нырмæ никуы федтон.

— Ныр ма цы рацардтæ æмæ цы федтаис, исты дыл фæдджи ивазджытæ [1] куыннæ сбирæ ис.

Сылгоймаг æрхаста хæрд уæд, нуæзт уæд. Райдыдтой хæрын æмæ нуазын, сæ сæры дæр цæуын байдыдта æмæ хуыссын афон æрцис. Хæтгарæн уат æркодта сылгоймаг, йæхæдæг иннæ хатæнмæ бахызти. Йæ дарæс раласта, уæгъд æркæнгæ [2] ма фæуагъта йæхиуыл сылгоймаджы буар æркæнгæйæ афтæ тынг зынди æмæ цымæ бæгънæгæй лæууы, ахæм.

Сылгоймаг æрхуыссыди. Хæтгарыл хуыссæг нал хæцыди æмæ рафт-бафт кодта. Сфæнд кодта йæ цуры æрхуыссын, фæлæ йæ ныфс нæ хаста æмæ ныуулæфыди, «офф», зæгъгæ.

— Цы кæныс, Хæтгар, цæуыл улæфыс, — афарста сылгоймаг.

— Ницы, афтæ, — загъта Хæтгар.

— Уæдæ схуысс, дæ амонд цы уа, уый уыдзæни.

Хæтгар æрхуыссыди. Сылгоймаг дæр æрфынæй ис. Хæтгар нал фæлæууыди æмæ сылгоймаджы фарсмæ абырыди, фæцæрдзæф æй кодта.

Сылгоймаг æм дзуры:

— Цы ми бакодтай, Хæтгар?

Уый зæгъы:

— Мæ бон дæм нал уыди кæсын æмæ мын ныббар.

— Цы ма дын барон, фæкæ мæ ныр дæ бæстæм. Рацыдысты иумæ талынджы. Цæуынц мæйдары. Сылгоймаджы ныхы стъалыйæ рухс кæлы æмæ сæ развæндагыл æдæрсгæ цæуынц.

Хæтгар йæ саджы марды дæр раккой кодта. Царциатæм æрхæццæ сты æмæ цæгат сыхæй хуссармæ сылгоймаджы ныхы стъалы боны хуызæн кодта. Хæтгар фæрсы:

— Ныр мемæ рацыдтæ, фæлæ дæ номæй куы нæ зонын, уæд мæ Царциатæ куы фæрсой, уæд сын цы зæгъон?

— Æз дæн Хуыцауы хæрæфырт Таусæрухс.

Хæтгар бакодта йæ хæдзармæ Таусæрухсы. Таусæрухс хуыйын байдыдта дарæс æмæ Царциаты сыхы ахæм нал баззади, йæ фæлысты æмбисæхсæвæй райсом боны цъæхмæ кæмæн не сцæттæ кодта.

Райсом куыддæр бон дзир-дзур кодта, афтæ Таусæрухс зæгъы Хæтгарæн:

— Царциатæн сæ фæлысты байуар.

Æхсæвыцæстæй Хæтгар зилын байдыдта æмæ алкæмæн дæр йæ фæлысты радта.

Уæд Царциатæ æрымбырд сты æмæ зæгъынц Хæтгарæн:

— Нæ чындзы нын фенын кæн.

Хæтгар Таусæрухсы ракæны. Царциатæ дзы ныббузныг сты æмæ загътой:

— Ахæм чындз кæм у, уым йæ номыл мæсыг саразæм. Царциатæ фидар мæсыг райдыдтой аразын Таусæрухсы тыххæй. Мæсыг сырæзти æмæ йæ схуыдтой Таусæрухсы мæсыг. Йæ фæстæ куывд ныззылдтой æмæ кад кодтой Таусæрухсæн.

Цыдысты бонтæ, афæдзтæ, Хæтгар æмæ Таусæрухсæн райгуырди дыууæ фаззоны, дыууæ лæппуйы. Дыууæ дæр уыдысты бурхил æмæ уæнгджын, схуыдтой лæппуты Бурæберд æмæ Бурæнæг. Афтæ та сæ уымæн схуыдтой, æмæ æмхуызон бур рауадысты. Рæзыдысты Бурæберд æмæ Бурæнæг. Бон рæзыдысты къуыри бæрц, къуыри — мæйдзыд кодтой, мæй — афæдздзыд. Бахъомыл сты. Сæ лæджы ранмæ рацыдысты.

Иу заманы дыууæ æфсымæры цуаны фæцыдысты тар хъæдмæ, ницæуыл хæст кодтой. Уыцы рæстæджы зылын гуыбын еугуыппартæ æрбафсæрстой Царциатæм. Ницы уал сæм уагътой. Царциатæн сæ хæстхъомтæ балцы уыдысты. Æнхъæл нæ уыдысты, искуы сæ бæстæмæ бырсдзæн, уый. Царциаты адæмы цæгъдынтæ систой еугуыппартæ. Хæтгар зæронд баци, йæ рæсугъд ус Таусæрухсимæ мæсыгмæ бацыдысты, сæхиуыл дуæрттæ рахгæдтой æмæ сыл уырдыгæй райдыдтой хæцын. Еугуыппарты мæрдты тугæй дон фестади Царциаты сых. Ницы фæрæзтой мæсыджы сисынæн.

Уæд мæсыгмæ уасинтæ æвæрын байдыдтой. Фæлæ сæ Хæтгар æмæ Таусæрухс цагътой дывæр фыддæрæй.

Бурæберд æмæ Бурæнæг загътой:

— Нæ фæстæ Царциатæй цыдæр хæсты хъæр цæуы.

Ратындзыдтой æмæ æрхæццæ сты. Райдыдтой æртывæр хæст еугуыппартимæ. Зылын гуыбын æмæ æрдæгцъындæ уæвæг еугуыппартæ фыддæр митæ байдыдтой. Мæсыджы ракалдтой, уым фесты Хæтгар æмæ йæ ус дæр.

Бурæберд æмæ Бурæнæг уый куы федтой, уæд та фыддæр цæф ныккодтой сæхи се знæгтыл, еугуыппартыл. Æнæхъæн къуыри фæхæцыдысты, æнæхъæн къуыри не ’рулæфыдысты, стæй сæхæдæг дæр фæмард сты.

Еугуыппартæ цы ссардтой, уый семæ ахастой. Царциаты цæрæнуæттыл арт бафтыдтой, кæй та тыххæй фæккодтой, фæлæ Царциатæн сæ хæстхъомтæ фæзындысты. Уæд еугуыппартæ лидзынмæ фесты. Цыдæртæ ма сæм бафтыди, афтæмæй сæхи бæстæм фæлыгъдысты.

Афтæ фесæфти Царциатæн сæ иу сых, Хæтгар кæм царди, уый.






Не нашли, что искали? Воспользуйтесь поиском:

vikidalka.ru - 2015-2024 год. Все права принадлежат их авторам! Нарушение авторских прав | Нарушение персональных данных