Главная

Популярная публикация

Научная публикация

Случайная публикация

Обратная связь

ТОР 5 статей:

Методические подходы к анализу финансового состояния предприятия

Проблема периодизации русской литературы ХХ века. Краткая характеристика второй половины ХХ века

Ценовые и неценовые факторы

Характеристика шлифовальных кругов и ее маркировка

Служебные части речи. Предлог. Союз. Частицы

КАТЕГОРИИ:






КУЫРЫХОНЫ ЗОНДАМЫНД 3 страница




Хъуызгæ-ныгъуылгæ ацыдтæн дæ рæзты...

Куы нæ уыдаин ахæм зондыл хæст,

Уæд афтæ тынг нæ ахадис ныр цæсты.

1972 азы 7 мартъи

КÆРÆДЗИЙÆН

Æвронгæй йын нæй иунæг бон дæр фенæн,

Дæс азы дæр æм кæс æмæ йæ хъахъхъæн...

Хуыцау арахъхъ ысфæлдыста Ерменæн,

Ермен та райгуырд а зæххыл арахъхъæн.

1972 азы 30 июль

ФÆЛТАУ

Хæцыс дæ фырты сæрыл сыхмæ,

Кæй йæ бафхæрынц алкæд карз...

Фæлтау куы дзурис ды йæ ныхмæ,

Куы уаид сыхбæстæ йæ фарс.

1972 азы 4–5 ноябрь

НОЗТЫ МИНИУÆГ

Рагæй нырмæ нозтæй никуы уыдтæн разы,

Адæймагæн фестад худинаджы хос:

Хорз лæджы æвзæрæй авæры нæ разы,

Афтæмæй æвзæрæй никуы скæны хорз.

1972 азы 5 ноябрь

ФИДÆН

Нæ сиды махмæ иу ранмæ нæ фвдæн,

Æндæр кæмæндæр араздзынæ фынг.

Æвæццæгæн, нæй уарзтæн уарзтæй фидæн,

Æндæр ды дæр мæн афтæ уарзис тынг.

1972 азы 7 ноябрь

УСГУР

Дзурын æз мæхи хъуыдытæ, — уайдзæф дæр мыл уайæд, —

Раст дзурæджы алы хатг дæр царды хорзæх уæд:

Хорз хъуыддаг куы нæ бакæна адæймаг æррайæ,

Зондджынæй æрра хъуыддæггæ нал бакæвдзæн уæд.

1972 азы 8 ноябрь

СТЫР ИРЫСТОН

Ирыстонæй, чысыл у, зæгъгæ, хъуыстон,

Фæлæ æз ууыл никуы кодтон мæт.

Æцæгæйдæр, куы уаид цъус Ирыстон,

Дыууæ дихы фаг не суыдаид уæд.

1972 азы 13 ноябрь

ÆЦÆГДЗИНАД

Дæ митæ мыл куы бафтауынц æрхæндæг,

Уæд мæм фæкæсы иу хъуыддаг æцæг:

Цыма нæ равзæрд маймулийæ лæг,

Фæлæ дзы равзæрд маймули йæхæдæг.

1972 азы 2 декабрь

ХУД ÆМÆ СÆРБÆГГÆН

Лæг иу хатт

Сæрбæттæн ныккæныны бæсты,

Ус мин хатты рацæуæд

Худы нæ рæзты.

1972 азы 4 декабрь

АРВЫ ЦÆСТ

Арвæн ис æрмæстдæр иу цæст, — афтæ фæвдыд æрдзы, —

Гъе фæлæ куыдæй ракæнæм хурзæринæй хъаст,

Кæд æмæ йæ мидбылхудгæ дунемæ йæ фæрцы

Ракæсæм дыгай цæстытæй иууылдæр æваст?

1972 азы 4 декабрь

ДЫУУÆЙЫ РÆДЫД

Æппæлыдтæн куырыхон лæгау уымæй,

Иæхæдæг та мæ фаудта знагау раст.

Фæрæдыдыстæм тынг, æвæдза, уымæй,

Дыууæйæ дæр кæй никуы дзырдтам раст.

1972 азы 21 декабрь

НÆ ХИЦÆНДЗИНАД

Ис хъауджыдзинад мах æмæ дæу æхсæн,

Куы баиу вæййæм фынджы уæлхъус куывды:

Мах бануазæм, цæй бæрц нæм цæуы, уый бæрц,

Ды та — цæй бæрц дæ бацæуы, гъе уый бæрц.

1972 азы 22 декабрь

НÆ ИННÆ ХИЦÆНДЗИНАД

Ис хъауджыдзинад мах æмæ дæу æхсæн,

Куы баиу вæййæм фынджы уæлхъус куывды:

Мах бануазæм, нæ бон цас вæййы, уый бæрц,

Ды та нынцъухыс, цас дзы вæййы, уый бæрц.

1972 азы 22 декабрь

МИТ

Цæмæн бахæссыс ахæм цард дæ сæрмæ,

Æви дæм уый хæддзу лæгау æрцæуы? —

Хæмттус тъыфылтæй райгуырыс нæ сæрмæ,

Дæ мæлæт та нæ къæхты бын æрцæуы.

1972 азы 23 декабрь

НОГ ЦЪЫЛЫН

Ног цъылын мæрзаг фæхонынц дзыллæтæ æмдзыхæй, —

Абон та уæлдай арæхдæр хъусын уый нæ сыхæй.

Далæ, дам, Хъарадзауы ус бон-æхсæв нæ бады,

Æмæ уал ын тагъдгомауæй «рамарзта» йæ мады.

1972 азы 27 декабрь

НЫЙЙАРÆГ

Куыд зын вæййы ныййарæгæй фæхицæн,

Мæ уадултыл цæйбæрц цæссыг фæуад!

Æнусы бонтæм дзурдзынæн мæхицæн:

«О, ма амæлæд калмæн дæр йæ мад...»

1972 азы 31 декабрь

ÆГÆР ЦÆХДЖЫН

Нæ фæхæрынц адджинаг адæм цæххимæ,

Æдзæххæй нæ фæлæудзæн зымæгмæ фиу...

Æгæр диссаг ма кæс æдзухæй дæхимæ —

Дыууæбурон айкæй нæ равзæры цъиу.

1972 аз

ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ

Сызгъæринау мæ мид-зæрдæйы арфы

Цы бамбæхсын, цы нæма вæййы загъд,

Дæ æнгуылдзтимæ уый дæуæн фæкафы,

Фæндыры тæнты фесты хъуыды цагъд.

1972 аз

ЙÆ ЧЫЗДЖЫ МЫН ЧИ НÆ РАДТА, УЫМÆН

Мæ минæвæртты раздæхтай фæстæмæ,

Нæ цыдысты сæ хæдзæрттæм фæрнæй...

Мæнæн та уыцы сахатæй фæстæмæ

Дæуæй хуыздæр, æмуддæр хæлар нæй.

1973 азы 7 январь

УÆЛДАЙ

Уæлдай цæнды дуртæй дæр нæй:

Кæцыфæнды дзы сисæм,

Фæхъæуы йын ыссарын ног

Æндæр бынат йæхицæн.

1973 азы 7 январь

ЦЪЫФКАЛÆГ

Дыдынбындзау кæны дыв-дыв,

Фыдхахуыртæ лæхуры...

Цъыфджыны[1] нал ныууагъта цъыф:

Фæкалдта йæ зынг-хурыл.

1973 азы 7 январь

РУДЗЫНГЫЛ

Исты дын фыццаг хатт, мыййаг, нæу, —

Алкæм дæр фæхицæн вæййыс махæй:

Дыуарыл кæм нæ бауадзынц дæу,

Бахизыс уым рудзынгыл цъыф къахæй.

1973 азы 7 январь

МÆНÆЙ ХИСГÆРДÆ, ЗÆГЪГÆ,МЫН ЧИ ЗАГЪТА, УЫЦЫ ЧЫЗГÆН

Халас адардзæн дæхи сæр,

Азтæй ма фæтæрс уæддæр...

Уарзт кæны кæстæры хистæр,

Хистæры — кæстæр.

1973 азы 7 январь

ФЫССÆГГОНД

Мæ цæстыл уайы талынджы дæр бонау

Æнамонд ныв, нæ мæ уадзы хуыссын:

Йæ цот кæсын нæ базыдтой иронау,

Йæхæдæг та — фыссын.

1973 азы 8 январь

МАУАЛ МÆ УАРЗ, ЗÆГЪГÆ, МЫН ЧИ ЗАГЪТА, УЫЦЫ ЧЫЗГÆН

Дæ карз тæрхон мын рахастай æргомæй,

Æхсæв фырмæстæй а лæппу нæ хуыссы,

Фæлæ дæ ферох иу хъуыддаг: нæ хуыссы

Гуыргуыргæнаг арт уидыджы дзаг донæй.

1973 азы 13 январь

ХЪУЫДЫ

Мæ сæры арæх иу хъуыды фæзыны:

Æнцонæй къухы ницæмæн ис бафтæн, —

Хъæбатырæн тæппуд уæвын куыд зын у,

Тæппудæн та — хъæбатыр уæвын афтæ.

1973 азы 13 январь

МУЛК

Нæ уарзондзинад у нæ бон, нæ ис,

Уый тынг хорз зоны алчидæр нæ комы...

Дыууæ зæрдæйы баныхасæн ис,

Дыууæ дихы та иу зæрдæ нæ комы.

1973 азы 17 январь

ФАУ

Дисы мæ бафтауы Терк,

Дисы мæ бафтауынц фурдтæ:

Сисынц дзы фаджыстæ ленк,

Дæлдонмæ ласынц дзындз-дуртæ.

1973 азы 17 февраль

МАРДЖЫ МАД

Махæй иуы бон дæр нæу

Маргæнгæс ысхонын дæу.

Марг йæхæдæг у дæ хуызæн,

Ды — йæ ныййарæг, йæ узæг.

1973 азы 17 январь

ДОНЛАСÆГ

Дыууынцыппараздзыдтæ хæсты

Ызнаджы уд ластой зын боны,

Гъе уый та тох кæныны бæсты

Фыдгултæн дон ласта уæрдоны.

1973 азы 18 январь

ТЕРК

Дардмæ дæр хъусын дæ зарæджы зæлтæ,

Бонæй, æхсæвæй нæй уыдон хъыгдарæг,

Фæлæ мын иу мæт рæхойы мæ зæрдæ:

Цымæ дæумæ та кæд хъуысдзæн мæ зарæг?

1973 азы 14 апрель

КЪУЫТТЫ

Ныфсæрмы та дæн ацы бон дæ бæсты, —

Æрмæст ныхæстæй уарзын зоныс ды...

Дæ зæрдæйæ къуытты уæвыны бæсты,

Цæйнæфæлтау дæ дзыхæй у къуытты.

1973 азы 16 сентябрь

ФÆСМОН

Фæсмон кæнут, уæ цардвæндаг кæй баиу, —

Куы иу, куы иннæ райдайы хылкъахæн,

Мæн та фæндид, уæ мæты сæр куы уаид,

Кæддæр уæ цард кæй нæ баиу сымахæн...

1973 азы 24 декабрь

ХЪАСТ

Дæ усæй дзурыс: «Дасы хусæй,

Йæ мадæй та нæ зонын маст... «

Фæлтау куы æппæлис дæ усæй,

Куы кæнис усы мадæй хъаст.

1974 азы 2 январь

КУРДИАТ

Кæд хорздзинад дæу ракæнын фæнды,

Уæд байхъус ардæм:

Дæ улæфынæй банцай абон ды,

Æмæ сæ рæуджыты дзаг сулæфдзысты адæм.

1974 азы январь

ПЪА

Рудакимæ гæсгæ

Уарзоны пъа у цæхджын дон,

Уымæй хъауджыдæр куы нæу:

Цас фылдæр дзы нуазай, уый бæрц

Нуазын тынгдæр фæнддзæн дæу.

1974 азы 26 мартъи

ÆВЗАГ

Æвзагæн нæй алла-биллатæй басæттæн,

Фæлтау йæ ныхмæ ды лæууынвæнд ма скæ...

Фæдзурынц адæм иууылдæр «кæркуасæнтæ»,

Фæлæ уæ карчы чи кæд федта уасгæ?

1974 азы 31 маргъи

ЧЫЗГ ÆВИ ЛÆППУ?

Уынджы астæу бацыдыстæм дисы,

Æйтт-зæгъгæйæ райдыдтам быцæу:

— Ацы чызг, мæнмæ гæсгæ, лæгтпу у,

— А лæппу, мæнмæ гæсгæ, чызг у.

1974 азы 26 апрель

ХÆСТОН

Йæ бон хæцын нæ уыди хæсты,

Фыдниз, дам, мæ нæ кодта рох.

Ныр «адзæбæх», ызнæгты бæсты

Нæхиуæттимæ систа тох.

1974 азы 12 июнь

ДЗЫЛЛÆТЫ МАСТ

Алхæст æрбамарди æваст,

Ирыстон сызмæлыд йæ фæстæ,

Кæнынц æмхуызонæй дæр маст, —

Кæмæйдæриддæр дардта хæстæ.

1974 азы 4 июль

ТЫХФЫСТЫТÆ

Нæтыс, лæмарыс, утæхсæн кæныс,

Цыма дын исчи бадардта кæндыс.

Зындгонд галхæфсæй тынгдæр вæййыс дымст,

Бæдулы айкау — тугæйдзаг дæ фыст.

1974 азы 5 июль

ФЫД

Йæхи тугыл бакодта хъоды,

Йæхи чызгыл систа йæ къух,

Йæхæдæг кæйдæр фырты хоны

Йæ хъæбул, йæ цæстыты рухс.

1974 азы 9 июль

УАЙДЗÆФ

Æргом дын зæгъдзынæн, кæд ма дыл æмбæлон:

Дæ кад æмæ намыс ныккодтай æмдæрæн —

Кæйдæр зæронд усы ысхуыдтай дæ бæлон,

Дæхи æвзонг ус та зæд басгуыхт æндæрæн.

1974 азы 23 июль

ÆДЗÆСГОМ ДЫДЗÆСГОМ

Дæ аипп дын зæгъын æргом, —

Кæд истæмæ мæ уайдзæф дарыс, —

Куы дыл æппындæр нæй цæсгом,

Куы та дыууæ цæсгомы дарыс.

1974 азы 8 август

КÆРЧЫТÆ ДАВГÆЙÆ ЧИ ФÆМАРД, УЫМÆН

Зæгъæд ма алчидæр æргом:

Лæджы тыххæй цæйбæрц карк бабын! —

Фыццаг хатт карчы тыххæй лæг

Æрфæлдæхтæуыд абон.

1974 азы 17 август

ФЫССЫН ÆМÆ КÆСЫН

Тыхсын дæ рæнхъыты сым-сымæй,

Хъæрзыс æдзух: «Фыссын у зын!..»

Дæуæн фыссын куыд зын у, уымæй

Зындæр — дæ фыстытæ кæсын.

1974 азы 27 август

ДЫУУÆ ФÆНДОНЫ

Дæ лæджы риуы тъыст æрцытæ,

Куы дæ ракуырдта, уырдыгæй фæстæмæ...

Чындзы йæм ды дæхи фæндæй æрцыдтæ,

Йæ фæндæй та фæцæудзынæ фæстæмæ.

1974 азы 25 сентябрь

КЪУЫРЦДЗÆВÆНЫ

— Гогко цы ран кусы йæ уаты?

— Уæллæй, æгæр зын у мæ хæс.

Фæлтау мæ бафæрсут: «Кæм бады?»

Æмæ уын æй зæгъдзынæн æз.

1974 азы 26 сентябрь

ЦЪИУДУЦ

Раздæрау йæхицæй нæу Къуызыри буц, —

Райдыдтой йæ хонын иууылдæр «Цъиудуц»:

Байсдзæни Крыловы сау халоны цыхт,

Цъиуæн ма йæ ныв дæр ракæвдзæн тъæпдыгъд.

1974 азы 26 сентябрь

ФÆРДЫГ

Дæу хондзынæн мæ зæрдæйы фæрдыг,

Æрмæст мæм ма кæс афтæ тынг æрхуымæй...

Кæй уарзын дæу, æз уымæй дæн хъæздыг,

Мæгуыр нæ дæн, кæй мæ нæ уарзыс, уымæй.

1974 азы 27 сентябрь

БАЛЕР

Кæсæгты æхсæн нæ кæниккой хъулон

Адæм, æвæццæгæн, иууылдæр дæу...

Æрдз дæ йæхи зондæй сахуырста хъулон,

Уый ныхмæ дзурын та мах бон дæр нæу.

1974 азы 28 сентябрь

УИДÆГТЫ НЫХАС БÆЛАСИМÆ

Мах зæххы уымæн бамбæхстыстæм арф,

Цæмæй зына дæумæ сыгъдæгæй арв.

Нæхæдæг мах куы разыниккам зæххæй,

Уæд нал зынис ды дунемæ дзæбæхæй.

1974 азы 29 сентябрь

«ИРОН ХÆДЗАР»-МÆ АРÆХ ЧИ ЦÆУЫ, УЫМÆН

Дæ цард сæрмæ хæссинаг нæу,

Кæнæм дæм иумæ загъд, —

Æнæхæдзар фæкæндзæн дæу

Нæ «Ирон хæдзар» тагъд.

1974 азы 2 октябрь

ЙЕ ’ВЗÆР ЧИНЫГÆН ХОРЗ ЦЪАР КÆМÆН УЫД, УЫЦЫ ПОЭТЫ ФАРСТÆН ДЗУАПП

— Зæгъ-ма, мæ ног чиныг куыд у,

Дæ дзыхæй дзырд куынæуал хауы?

— Зыны æддæмæ кæд дуду,

Гъеуæддæр мидæгæй г... у.

1974 азы 25 октябрь

ФÆЛЫВД

Æппынæдзух æм лæг мæстæй фæтоны,

Йæ фыстытæй нæй иуыл дæр æууæнк.

Ныммыхуыр кодта нудæс фельетоны,

Ыссæдзæй та йын рауадысты мæнг.

1974 азы 10 ноябрь

Чъынды

Дæуæн зæгъин æрмæстдæр афтид:

«Зымæгон дæр нæ раттис мит...

Мæнæн мæ дзыппытæ сты афтид,

Дæуæн дæ зæрдæ у къуыввитт».

1974 аз

МÆХИМÆ ХÆЛÆГ КÆНЫН, ЗÆГЪГÆ, ЧИ НЫФФЫСТА, УЫЦЫ ПОЭТÆН

Йæхимæ чи кæны

Хæлæг,

Куыд хæлæг кæна

Уымæ лæг?!

1975 азы 19 февраль

МАЛИТЫ ВАСОЙЫ РОМАН «СУРМЕЙЫ ХÆДЗАР» БАКÆСЫНЫ ФÆСТÆ

Бынтæ нæ уадзынц зондджын адæм цотæн,

Æнусты сем сын уый нæ дæтты бар.

«Сурмейы хæдзар» бабын и, Васо та

Сурмейы бынтæй сарæзта хæдзар.

1975 аз

ЧИ КÆМÆН?

— Арахъхъ дын нал бæззы, мæ лымæн,

Йæ къух ыл систаид æндæр.

— Бæргæ мын бæззы уый, æз уымæн

Мæхæдæг нал бæззын æндæр.

1975 азы 7 мартъи

ФÆРАЗОН

— Карз арахъхъæн ацы зæххыл нæй мæнау фæразон,

Ерыс-тохы бацæудзынæн нуазынæй бæхимæ...

— Алы бон дæ чи бахæссы расыгæй уæхимæ,

Уый дæуæй фæразовдæр у æмæ уал уый базон.

1975 азы 7 мартьи

ФЫД-ЗÆРДÆ

Ды куы фæуис мах фæндиаг — рауаид дæ лæг,

Дзыллæтæ дæумæ кæниккой иууылдæр хæлæг.

О, фæлæ дæ фæндиаг куы фæуаиккам мах,

Иу дæр нæ уæд нал атилид райсоммæ йæ къах.

1975 азы 11 апрель

УЫЙ ÆМÆ ДЫ

Уый раздæр акæны хъуыды,

Ыстæй кæны ныхæстæ,

Ныхæстæ ралæхурыс ды,

Хъуыды та байдайыс сæ фæстæ.

1975 азы 23 апрель

ДЫУУИССÆДЗÆМ БОНЫ

Кæйдæртау фынгал бæрц нæ зоны,

Вæййы сæумæдæвдæгæй разоз.

Ызнон та дыууиссæдзæм боны

Æртиссæдз банызта Дианоз.

1975 азы 27 сентябрь

ХÆС

Чи зоны мæм уый тыххæй дæр ды æрхæссай фау,

Фæлæ хатгай батыхсын æз — ракурын æфстау,

Æмæ мæм фæкæсы уæд, — уый мæ зæрдыл дарын, —

Цыма алкæмæй дæр æз а зæххыл хæс дарын.

1976 азы 30 январь

МÆХИ РАЗ

Мæ зæрдыл æппынæдзæух иу хъуыддаг дарын:

Мæхицæй фылдæр хæстæ никæмæй дарын.

Куы бафвдин искуы мæхи раз мæ хæстæ,

Уæд ницыуал дарин мæ дзыллæ, мæ бæстæй.

1976 азы 3 февраль

ТАС

Дæ бынаты хуызæн куы тарстаис хæсты

Дæ райгуырæн бæстæ, дæ фыдæлты кадæн,

Уæд абонау рохуаты зайыны бæсты

Хъæбатырты æхсæн уыдаид дæ бадæн.

1976 азы 21 декабрь

НЫХАС ÆМÆ ХЪУЫДДАГ

Дæ хъуыдыты хал та æнæхъуаджы рарæгъ,

Æвдисы дзы алчи дæ зæрдæйы хатт.

Куыд фæдзурыс, афтæ нæ фæкæныс арæх,

Куыд фæкæныс, афтæ нæ фæдзурыс хатт.

1976 азы 26 декабрь

ЗÆРОНД ДЗЫПКЪАХÆДЖЫ САГЪÆС

Кæддæр нæ уыд зæххыл мæхицæй хъалдæр, —

Ныр бахæцыд мæ къабæзтыл зыр-зыр.

Мæхи дзыпмæ нывналынхъом дæр нал дæн,

Уæд ма куыд къахон искæй дзыпп та ныр?!

1977 азы 26 апрель

ТЫХМИ

Дзаг фынгыл кæркуасæнтæм фæбадæм,

Дыккаг бон нæ сæр вæййы фæхтхост.

Нозтæй нын кæй батых кæнынц адæм,

Уый тыххæй нын батых кæны нозт.

1977 азы 5 май

ФÆДИС

Тох! Æрбадт нæ цыт, нæ кадыл сæг, —

Мастæн æй куыннæ исæм нæхицæн! —

Чи нæ у йæхи хæдзары лæг,

Уый куыд ысси Иры бæстæн хицау?!

1977 азы май

ОХХАЙ!

Дæ фæрсты дæр никуыма ауад æфсарм,

Ныууагъта дæ рохы.

Дæ зæвæты цармæй дæ цæсгомы царм

Фæбæзджындæр, оххай!..

1977 азы 13 июнь

ИРОН ПОЭЗИЙÆН ДÆУÆЙ ФЫЛДÆР ХÆРЗТЫ БАЦЫДТÆН, ЗÆГЪГÆ, ЧИ ЗАГЪТА, УЫЦЫ ПОЭТÆН

Æппæлы йæхицæй, æз та йын

Мæ хъуыды æргом зæгъæг дæн:

«Дæ хорзæхæй, бауадз-ма тайын

Дæ хорздзинад искуы лæгæн».

1977 азы 12 июль

ЗÆГЪУТ-МА

Редакторы цардæй ыссæдзæймаг аз

Кæй цæры, уый хъусын.

Редакторы куыстæй, — зæгъут-ма мын раст, —

Кæд райдайдзæн кусын?

1977 азы 10 август

ФЫСТ ИНГÆНЫ КЪÆЙЫЛ

Уæхи мыл ма хæрут кæуынæй:

Хъысмæт мын бакодта хæрам.

Зæххыл нæ бафсæстæн цæуынæй,

Хуыссынæй бафсæддзынæн ам.

1977 аз

КАДМÆ БÆЛГÆЙÆ

Йæхи хуызæтгæм кæсы бæрзондæй,

Цыма нæртонау фæхатти балцы.

Хæдбындур фыссæг уæвыны зонд æй

Хæдбындур фыссæг уæвын нæ уадзы.

1978–1979 азтæ

РÆДЫД

Йæ «поэт»-ном æвæрд къæлæтты

Рæдыдæй газеты æрцыд,

Уæвгæ та йæ, зынаргъ хæлæрттæ,

Дыкъæдзыпы æвæрын хъуыд.

1979 азы 31 май

ЦЫРТЫТÆЙ СÆУДÆДЖЕРГÆНÆГÆН

Мæ сыхаджы хистæр фырты та

Æрцахстой. Кæд бæззыд лæгæн?

Кæмæндæрты кодта цыртытæ,

Йæхицæн та къахта ингæн.

1979 азы 29 сентябрь

МАДЫ РАЗÆЙ АМÆЛÆГ ФЫРТÆН

Азымы ничиуал фæдары марды,

Фæлæ куыннæ кæнæм аххосджын дæу:

Баныгæдтаис уал раздæр дæ мады,

Стæй та дæу баныгæдтаиккой хъæу.

1980 азы 28 апрель

АЙУАН

Йæ сæрыл ыслæудзæн дæ разы

Йæ мвдбылты худгæ айуан:

Йæ уаргъ хæссын чи нал фæразы,

Уый ничиуал хонйд хайуан.

1980 азы 16 июль

ИУ АИПП

Камалы ныхæстæй

Гюго æмæ Гигомæ

Æз иу аипп хæссын:

Сæ дыууæ дæр иронау

Нæ базыдтой фыссын.

1980 азы 19 июль

ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСМÆ

Дзибисы ныхæстæй

Айсут мæ уæ рæнхъытæм, хуыздæр

Уадз æмæ мæн базона Ирыстон.

Баууæндут, сымах хуызæн æз дæр

Уадиссагæй ницыма ныффыстон.

1980 азы 1 октябрь

Цыхт

Дысон-бонмæ мæйдар æхсæв

Арвыл ахста гуымбыл,

Схауд дзы райсоммæ хурзæрин:

Цыхт — æрттиваг, тымбыл.

1980 азы 18 декабрь

КУЫДЗÆЙ ЦЫ ХÆРÆГ РАЙГУЫРД, УЫМÆН

Æнæхъæн дунейы гæмхеттæн

Сæ гæмхетдæр æз хонын дæу:

Куыдзæн хъæвдын ныззайгæ федтон,

Фæлæ нæма федтон къæлæу.

1981 азы 17 июнь

ДЫУУÆ УАФСЫ

Дæ цæсгомы цъарæй

Дыууæ уафсы — уæд

Цæрæнбонты нал кæнин

Дзабырты мæт.

1981 азы 19 июнь

ХУЫСНÆГГАДЖЫ БАС

Хæссы йæм азым чидæртæ:

«Йæ фысты нæй хуызæнтау,

Æдзух рæвдауы сидзæрты —

Кæмæйдæр гуырд хъуыдыты».

1982 азы 9 мартъи

ЙÆ ЧИНЫГ, «ХÆХТÆЙ ÆРЦЫДТÆН», ЗÆГЪГÆ, ЧИ СХУЫДТА, УЫЦЫ ПОЭТÆН

Æрцыди хæхтæй быдыр-бæстæмæ,

Куы йæм уыдаид афтæмæй хонæг.

Йæхи æгъдауæй фæндаг фæстæмæ

Кæд ыссардзæни, Хуыцау йæ зонæг.

1982 азы 9 мартъи

ХÆЛÆГÆЙМАРД

Дæ уд нырма куы ис уæлæ,

Уæд дæ цы хæры тас?

Хæлæгæймард нæ дæ, фæлæ

Хæлæгæй дæ æгас.

1982 азы 10 мартъи

УАЙДЗÆФ

«Йæ усæй ничи феппæлы йæ фысты», —

Фыдæлтæй ардæм уыцы ныхас хъуыстон.

Ды та дæ усæй сарæзтай Лаурæ,

Фæлæ уый махæй иуы дæр нæ уырны.

1982 азы 21 апрель

ФАРСТ

Ис бабыхсæн фыдхъизæмар, фыдрыстæн,

Йæ зонгуытыл æрлæууын кæнынц рын,

Фæлæ Къоста куы нæма уыд, Ирыстон

Куыд фæрæзта уæд афтæмæй цæрын?

1982 азы 8 май

ЗАУУАТ

Æвзæрдзинад æвзæр

Куынæуал хона лæг,

Йæхицæн дæр йæ сæр

Æрхауы уæд ныллæг.

1982 азы 8 май

АДÆЙМАГ






Не нашли, что искали? Воспользуйтесь поиском:

vikidalka.ru - 2015-2024 год. Все права принадлежат их авторам! Нарушение авторских прав | Нарушение персональных данных