Главная

Популярная публикация

Научная публикация

Случайная публикация

Обратная связь

ТОР 5 статей:

Методические подходы к анализу финансового состояния предприятия

Проблема периодизации русской литературы ХХ века. Краткая характеристика второй половины ХХ века

Ценовые и неценовые факторы

Характеристика шлифовальных кругов и ее маркировка

Служебные части речи. Предлог. Союз. Частицы

КАТЕГОРИИ:






КУЫРЫХОНЫ ЗОНДАМЫНД 9 страница




Фыдызæххыл мæгуыр уæвын хуыздæр.

1987 азы 31 май

ЗЫН УАВÆР

Куыдæй ма кæнæм ныр хæлæг дæ тыхмæ,

Кæд бауагътай нæ алкæйы дæр тас,

Кæд радзырдтой дæ хæлæрттæ дæ ныхмæ,

Нæ радзырдтой дæ фыдгултæ дæ фарс?!

1987 азы 3 июнь

ДОМÆН

Урс дон сау зæххы риуæй æвзæры,

Фесты рагуалдзæг тар мæр цъæх нæуу...

Кæд дæ цæстысындз хоныс æвзæры,

Уæд мæ цæстырухс хондзынæн дæу.

1987 азы 5 июнь

ФÆРСÆЙ-ФÆРСТÆМ

Дæ мады куы нæ хонай мад,

Дæ фырт дæ нæ хондзæн уæд фыд...

Фæфидауы кады цур кад,

Фыды цур нæ фидауы фыд.

1987 азы 5 июнь

УÆЛДÆФОН ФÆДИС ГОРÆТЫ

Уæлдæфон фæдис уыд — фæлварæн,

Сахаты бæрц дуне ныхъхъус...

Фыццаг хатт зæрватыччы зарын

Ыстыр уынджы арыдта хъус.

1987 азы 6 июнь

ДЫУУÆЙÆ ИУ

Мæстджын лæг æнхъæлмæ фæкæсы гæррæтмæ,

Ысрæмудзынæн ын æгъгъæд у гæррæтт...

Кæнæ æз æрцæудзынæн искуы мæлæтмæ,

Кæнæ мæм æрцæудзæни искуы мæлæт.

1987 азы 8 июнь

ФÆДЫ-ФÆД

Мæ фæды-фæд мæ хъæбултау мæ фыст

Куы разынид, уæд нал æмбарин рыст,

Мæ царды кæрон афтæ уаид дард,

Æмæ мæлæт нæ фехсид уырдæм кард.

1987 азы 8 июнь

КЪУЫЛЫХ УСГУРЫ ХЪАЗÆН НЫХАС

Ды æррабын дæ, афтæмæй ракуырдтай ус,

Уый мæ хъару, мæ ныфсыл нæ бафтыдта цъус:

Кæд ыскодтой æнæсæрæн ахæм æгъдау,

Уæд æнæкъахæн мацуал уа хъуамæ æвгъау.

1987 азы 9 июнь

МИГЪÆНГÆС АДÆЙМАГ

Нæу мын хъауджыдæр: дзурай, нæ дзурай;

Цасдæриддæр мæ ныхмæ лæхур...

Мигътæ бамбæхсынц сау зæхх зынг хурæй,

Мигътæ бамбæхсынц сау зæххæй хур.

1987 азы 9 июнь

ФИСЫНМÆ

Ныхæстæ барæй фæлдахыс дæлгоммæ,

Донæй их саразыс, ихæй та — дон...

Иу хатт куы бакæса исчи дæ коммæ,

Алы мæгуыр бон кæндзæн уæд фæсмон.

1987 азы 12 июнь

ДУНЕ ÆМÆ ÆЗ

Махæй алкæйы ахуыргæнæг дæр у цард,

Донæн фу кæны — иу хатг кæй басудзы бас...

Æз æнæ ацы дуне куыд уыдзынæн мард,

Афтæ ’нæ мæн уыдзæн ацы дуне æгас.

1987 азы 12 июнь

АМОНД ÆМÆ ÆНАМОНД

Калыс дæ сызгъæрин доны,

Уæгъды дæ бирæ тых сæфы...

Æхсæвы амонд ис боны,

Боны æнамонд — æхсæвы.

1987 азы 17 июнь

РÆСТДЗИНАДЫ НЫХМÆ

Цыфæнды куырой дæр æрхъуыды кæн дурæн,

Уæддæр дын æй хондзысты иууылдæр «дурысс»...

Æрмæст мæ ныхмæ дын нæ уаид зын дзурæн,

Фæлæ ма рæстдзинады ныхмæ дæр дзурыс.

1987 азы 17 июнь

ÆЛГЪЫСТ АРФÆ

Кæд искæйты фæнды дæ мæлæт,

Уæд зæгъ дæхинымæр хъæбæрæй:

«Мæн чи нæ уарзы, уый фæцæрæд

Дыууæсæдæ азы... гæбæрæй!»

1987 азы 18 июнь

АХСТ ÆМÆ СÆРИБАР

Хъуыды систа цъиувæдис, цъæхахст,

Адæймаджы нал уадзы йæхи бар:

Иутæ сты сæрибарæй дæр ахст,

Иннæтæ та ахстæй дæр — сæрибар.

1987 азы 19 июнь

ИУЫРДÆМ БАСТДЗИНАД

Дæ сæр куы кæнай цасфæнды дæр риссын,

Ыстæй дæхи куы кæнай ды тыхсын,

Уæддæр æхсырæй рауайдзæни мисын,

Нæ рауайдзæни мисынæй æхсыр.

1987 азы 19 июнь

ФÆДЗÆХСТ

Нырма уал хæлæрттау фæрсæй-фæрстæм бадæм,

Фæлæ хъуамæ стыр хорз æрцæуа нæ иуыл...

Цæмæй дыл æрвæссой æдзухæй дæр адæм,

Ды ма фервæсс уый тыххæй макуы дæхиуыл.

1987 азы 20 июнь

ХЪЫГАГÆН

Цæйбæрц у хъæддыхдæр æндах-хал дыдагъæй,

Гъеуыйбæрц фæцыбырдæр вæййы æндах...

Кæм ыстæм, уым нал уыдзæн иунæг дæр махæй,

Кæм нæма уыдыстæм, уыдзыстæм уым мах.

1987 азы 25 июнь

ДÆ ХОРЗÆХÆЙ

Цæллагты Валодяйæн

Ацы кæрдæгджын цъæх фæзтæ

Сты мæнæн фæлмæндæр базæй...

Ма цу хæрæгæн йæ фæстæ,

Хицауæн — йæ разæй.

1987 азы 27 июнь

ЦЪУППЫДЗАГ

Ам уыди бæрзонд мæсыг-дзылат,

Кастæн-иу æз дæр кæддæр йæ сæрæй...

Нал дæм баззад иу хорзæн бынат,

Уымæн æмæ байдзаг дæ æвзæрæй.

1987 азы 27 июнь

ХÆСТМÆ ЙÆ ЦÆМÆЙ АУАДЗОЙ, УЫЙ ТЫХХÆИ ЙÆ АЗТÆМ ЧИ БАФТЫДТА, УЫМÆН

Чи кодта зынджджыны хъæрæй уадзыг,

Уымæн уыд йæ алы бон дæр тар...

Ды дæ азтыл цас бафтыдтай, уал дзы

Аппæрста дæ тæппуддæр æмгар.

1987 азы 28 июнь

ТÆРИГЪÆДДАГ

Хъысмæты судзгæ фат

Рæхойы алкæд дæу:

Дæ бæрæгбон у къат,

Дæ къат бæрæгбон нæу.

1987 азы 1 июль

ÆЛГЪИН

Лæджы зонд, макæцы бон байсыс,

Бæлонау тæх бæрзæндты рог...

Цы раттыс, зæхх, уый ногæй байсыс,

Цы байсыс, уый нæ раттыс ног.

1987 азы 1 июль

ИРВÆЗЫНГÆНÆГ МИНИУÆГ

Кæд арæх æфсæрмы фæкæнын дæ бæсты,

Уæддæр дын ыстыр кад ис уымæн мæ цæсты,

Хъæбатыр уæвынмæ кæй тырныс тæппудæй,

Сæрбæттæны раз дæр кæй раппæлыс худæй.

1987 азы 5 июль

ÆМХУЫЗОН

Куы нæ вæййы балер, уæд нæу æвзæр хуыдзых дæр,

Сæ кад, сæ намыс у æмхуызон нывтыл карст...

Мæ уарзт æмæ дæ уарзт куы рахонис æдыхдæр

Æстдæсаздзыдты уарзтæй, уæд нал уаид уый уарзт.

1987 азы 5 июль

РУХСЫ ÆМÆ ТАЛЫНДЖЫ

Кæд нæ фæдæ мæ фарсмæ мæ зыны,

Уæд нæма уыдтæ никуы зыны...

Рухсмæ талынджы ницы фæзыны,

Тармæ алцыдæр рухсы зыны.

1987 азы 14 июль

ТÆРÆЗТÆ

Нæ размæ фæндагал дæу хонæм ызгæ сындз,

Дæ фæндæй нæ алчи æрцæуид зынмæ...

Дæ чысыл хæрзтæ дыл уæлæмæ фæхæцынц,

Дæ бирæ фыдтæ дæ фæласынц бынмæ.

1987 азы 19 июль

ЛÆДЖЫ ФЫД

Нæ зонын, цы хуызæн у пъæззы:

Сырххъулон, гæрæм...

Лæджы фыд хæрынæн нæ бæззы,

Уæддæр æй хæрæм.

1987 азы 11 апрель

ДАМ-ДУМТÆ ÆМÆ ДУМ-ДАМТÆ

Фестæм, æвæдза, дæуимæ нæ раны —

Мах хуызæн никуы æхсæстай хуыртæ:

Дам-думтæй сарæзтай цалдæр романы,

Дум-дамтæм бавнæлдтай, дзурынц, ныр та.

1987 азы 14 апрель

КЪÆРТТÆЙ ЦЪУЛА

Кæныс мæ цæстыты ды тутæ,

Фæлæ дзы нæй мæнмæ дæр уал:

Сæдæ хатты мæм равдис тута —

Нæ йæ схондзынæн иу хатт бал.

1987 азы 14 июнъ

ИУ РÆДЫД КÆСÆДЖЫ МОЛЛО ДÆР КÆНЫ, ЗÆГЪГÆ, ДЗУРЫНÆЙ ЧИ НÆ ФÆЛЛАЙЫ, УЫМÆН

Фындзы бын æрзæбултæ и хъоло,

Фагæй фылдæр бахордтай кæндыс...

Царды кодта иунæг рæдыд молло,

Иу рæдыд ды алы бон кæныс.

1987 азы 7 июль

ÆФСАРМ ÆМÆ ТАС

Иуæй-иу ысхизы сæрмæ,

Иннæ тауы фæдтыл сындз...

Зондджынæй кæнынц æфсæрмы,

Зондхъуагæй тæрсынц.

1987 азы 13 июль

ЙÆ РОМАН, «ДÆ НОМ», ЗÆГЪГÆ, ЧИ СХУЫДТА, УЫЦЫ ФЫССÆГÆН

Дæ хуызæн гуырд алцы лæхуры —

Нæ судзы зынг зæгъынæй ком...

Дæ мыггаг куы ницæуыл дзуры,

Уæд ма нын цы зæгъдзæн «Дæ ном?»

1987 азы 14 июль

Зонд

Æрдз — нæ мад, нæ ратгæг, ма мæ фæхон сонт,

Фæлæ дын мæ зæрды рагæй зæгъын уыд:

Иучысыл фылдæр мын раттын хъуыди зонд

Кæнæ йæ фæкъаддæр кæнын бирæ хъуыд.

1987 азы 14 июль

МУЛКДЖЫН

Дæ хуызæн нæ мысиккой адæм æндæры,

Æнусмæ ныууадзис нæ зæрдæты фæд,

Дæ дзыппы цы мулк ис — куы уаид дæ сæры,

Дæ сæры мулк дзыппы куы нæ уаид, уæд.

1987 азы 14 июль

РÆСТÆДЖЫ АМÆТГАГ

Сау мæлæт дары цæттæйæ йæ кард,

Цард æм нæ хъусы, фæцæйцæуы дарддæр...

Алчидæр батондзæн махæй йæ цард,

Рæстæг — нæ алкæйы цард дæр.

1987 азы 15 июль

ÆНÆУДЫЛХÆЦÆГ

Бæлвырд у иу хъуыддаг, æцæг:

Куыдзы кад ис æрмæст куыдзæн...

Дæ удыл кæд нæ уыд хæцæг,

Уæддæр дæ цæстытыл уыдзæн.

1987 азы 16 июль

ТЫППЫРАХСÆН ÆМÆ ТЫППЫРЗÆРДÆ

Хорздзинадæй макуы сараз мацы,

Фæлæ ма лæуу бæстыл дæр хæлиу...

Дæу дæ ахсæн улæфын нæ уадзы,

Мæн нæ уадзы улæфын мæ риу.

1987 азы 20 июль

АДÆМ ÆМÆ АДÆЙМАГ

Цардвæндаг бафæлвæрдта мæн фыдрысты,

Иу тыхджын уылæн мæ иннæуыл цавта...

Адæм куыд уыдысты, афтæ уыдзысты,

Нал уыдзынæн æз, куыд нæ уыдтæн, афтæ.

1987 азы 21 июль

ДЫУУÆ ФЫДЫБÆСТÆЙЫ

Мæ царды сæйрагдæр цæджындзтæ ысты —

Мæ хуыздæр бæллицтæ — зæгъон дын сæ, хъус:

Уæд алкæд мæ гаццыл Фыдыбæстæ стыр,

Мæ дынджыр Фыдыбæстæ макуы уæд цъус.

1987 азы 25 июль

АРТ ÆМÆ ДОН

Мæ уарзондзинад у зын хуыссæн,

Дæуæн та — ихы къæрттау — дон...

Тæрсын, куы нæ суай ды мæ хуызæн,

Фæлæ дæ хуызæн æз куы суон.

1987 азы 26 июль

РÆГЪÆД

Агуры æдзухдæр кæф,

Арфдæр ран кæм вæййы дон...

Бон рæгъæдæй у æхсæв,

Æхсæв та рæгъæдæй — бон.

1987 азы 28 июль

АУУÆТТÆ

Дæ цуры æндæры куыд фауон,

Кæд æмæ нæ уыдзæни раст...

Æфсæйнаджы аууон дæр аууон,

Хъæды аууоны хуызæн раст.

1987 азы 28 июль

ЛВДЗÆГ ÆМÆ СУРÆГ

Нæй дын цыфæнды зын ран дæр тыхсæн,

Науæд дæ бадомдзæн низ...

Лидзæгæй сурæджы тахты æхсæн

Бирæ тыгъд быдыртæ ис.

1987 азы 30 июль

ДИССАДЖЫ РÆСТÆГ

Бонтау æнустæ дæр тармæ тæхынц,

Иуæн дзы иннæ — гæпп кæнынæн рындз,

Афтæмæй рæстæгыл рæстæг йæ фæд

Никуы ныууагъта, цæмæн цымæ уæд?

1987 азы 30 июль

БÆРЗОНДÆЙ НЫЛЛÆГМÆ

Мысыдтæ махыл — чи уыд æнæдам —

Ахæм хæс æвæрд вæййы фыдлæгыл...

Айнæг бæрзондмæ хылдтæ, фæлæ, дам,

Дæ тъæпп фæцыди цъыфджын ныллæгыл.

1987 азы 31 июль

ХÆСТÆГÆЙ ДАРД

Кæд мын æцæгæй дæ хæстæг,

Уæд мæм цæмæн цыргъ кæныс кард?

Кæмæ бацæуыс ды хæстæг,

Мæхи æз уымæй ласын дард.

1987 азы 31 июль

ÆДДЕ-МИДÆГÆЙ

Хуыздæрты номхыгъдæй аппар —

Чи у кæрæфдæр, зыддæр...

Æдде дæр чъизи у, гаппар,

Мидæгæй ноджы фыддæр.

1987 азы 31 июль

КÆРÆДЗИЙЫ КАДДЖЫНГÆНДЖЫТÆ

Салдæй кæд фæуа дæ размæ калм,

Уæд дæ роны ма бакæ ды калмы...

Уазалы ыскадджын кæны хъарм,

Уазал та кæны дæлджинæг хъармы.

1987 азы 31 июль

КАЛМ

Цалдæрæй иумæ фæласынц цæд,

Нæ бауромдзæн уыдоны рагъ...

Гуыбыны цъарыл куы бырай, уæд

Нæ хъæуы базыр, нæ хъæуы къах.

1987 азы 31 июль

ÆФСАРМ

Чи хъавы искæй æппарынмæ уæрмы,

Уымæн йæхи сæрыл ракæлдзæн зæй...

Иутæй мæрдтæм дæр фæкæнын æфсæрмы,

Иннæты мæт мæ уæлæуыл дæр нæй.

1987 азы 31 июль

ФЫДÆНХЪÆЛ

Сагъæс ма кæн дзæгъæлы, мæт дæр,

Фвдæн бонтæм бацауæрд дæхиуыл...

Алкæуыл кæй æууæндыд кæддæр,

Уый тыххæй ныр нал æууæнды иуыл.

1987 азы 31 июль

ХЕТÆДЖЫ КЪОХ

Æнæвнæлддзинад агайын нæ хъуыд,

Фыдхъуынгæнæг сындзкъух бæсты фарн суры...

Куыд хорз фидауыс хæдзæртты цур, куыд,

Куыд нæ фидауынц хæдзæрттæ дæ цуры!

1987 азы 2 август

ÆВЗÆЙРАГÆЙ — ÆВЗÆРМÆ

Нæ бамбæрстай цардæн йæ сæйраг,

Хъуыдис уымæн зондджындæр сæр...

Кæддæр нын кæй уыдтæ æвзæйраг,

Ныр уымæн дæ махæн æвзæр.

1987 азы 2 август

ФОНДЗ ÆФСЫМÆРЫ ХИСТÆР ÆМÆ ДЫУУÆ ХОЙЫ КÆСТÆРÆН

Йæхи чи фесдæры, фæхонынц уый хистæр,

Ныфсджыны æндæрхуызон хонынц уæндон....

Мæгуыр бон ныккодта, ды кæмæн дæ хистæр,

Цыфыддæр, кæй кæстæр дæ, уыдоны бон.

1987 азы 2 август

ФЫЦЦАГ ÆМÆ ФÆСТАГ

Инæлар Михаил Скобелевæн

Ма кæн дæ байзæддæгты дæр дзырддаг,

Науæд дыл худдзæн нæхи хохбæстаг...

Чи у фæстæмæ цæугæйæ фыццаг,

Размæ бырсгæйæ уыди уый фæстаг.

1987 азы 6 август

ИУ БОН

Мæ зæрдæйы хуызæн дæ зæрдæ дæр цавта,

Æмцыд кæнын къæхтæн нæ бантыст уæддæр...

Кæйдæртимæ иу бон куыд райгуырдтæн, афтæ

Кæйдæртимæ иу бон мæлдзынæн кæддæр.

1987 азы 6 август

ФÆСДЫМГÆ

Сыфтæрджын къалиу æрсасти — бæллæх! —

Хуыскъ ма лæууыди фыццагау уæддæр...

Хуылыдзты æхсæн куыд вæййы лæмæгъ,

Афтæ ис хусты æхсæн та хъæбæр.

1987 азы 8 август

МÆГУЫРÆЙ МÆГУЫРДÆР

Клод Гельвецийы мотив

Лæгъз ныхас никуы ссыд йæ дзыхæй,

Нæ райхъуыст иу хатт дæр йæ зард...

Хъæздыгæй амæлыны тыххæй

Мæгуырæй арвыста йæ цард.

1987 азы 8 август

ТЫХЫ ТЫХ

Хуыскъ бæлас афæлдахын диссаг

Цæмæн рахона хъуамæ уад! —

Кæйдæр æдыхдзинад æвдисæг

Тых нæу æцæг тыхыл нымад.

1987 азы 9 август

ЗЫНДÆР ÆМÆ ÆНЦОНДÆР

Ысдзырддаг кæнæн ис хуын дæр;

Куы дæ бафæнда, уæд — бынтондæр...

Уæлæмæ хизын у зындæр,

Фæлæ дзы хауын у æнцондæр.

1987 азы 9 август

КÆРДÆГХУЫЗ

Кæрдæгхуыз фестын кæнынц зæхх

Лæджирттæг, дугъысыф, гæнгæлы...

Æрмæстдæр иу ахорæн — цъæх —

Зæрдæцъæх адæмы нæ кæны.

1987 азы 10 август

ФАУТÆ

Чи февæры алкæуыл дæр фаутæ,

Уый нымад æрцæудзæн искуы фаудыл...

Урс халоныл кæд фæхудынц саутæ,

Урс халон уæддæр нæ худы саутыл.

1987 азы 10 август

МÆ УАРЗТ

Ыскъуындзæни иу хатт мæ фæд,

Мæ бонтæ — нымад æмæ барст...

Мæхæдæг куы амæлон, уæд

Цы фæуыдзæн цымæ мæ уарзт?

1987 азы 10 август

ЦЫБЫРХЪУЫР ÆМÆ ДАРГЪКЪУБАЛÆН

Цыбыр у сæ иуæн йæ хъуыр,

У иннæйы къубал та — даргъ,

Уæддæр ысты зондæй мæгуыр,

Æмхуызон — сæ тутг сæртæн аргъ.

1987 азы 11 август

ХÆЛД РÆСТДЗИНАД

Дуне рæстдзинадæй хатгай фæцуды,

Сагъæссаг уымæй фæкæны рæстуды...

Рæгъæдтæ æхсæг æрæппары цъæхтæ,

Лæгтæ фæмард вæййынц давгæйæ бæхты.

1987 азы 15 август

ХЪÆЗДЫГГÆНÆГ

Нæ хъысмæт иу нывыл нæу карст,

Фæрныгæй дæн уæддæр фæрныгдæр.

Кæй дын радтон мæ судзгæ уарзт,

Фæдæн æз уый фæрцы хъæздыгдæр.

1987 азы 17 август

ФАГ ÆМÆ ÆГÆР

Адзал нæм кæд фæкæсы дард,

Хæстæг у тынг уæддæр.

Мæнæн цæрынæн фаг нæу цард,

Мæлæт мын у æгæр.

1987 азы 22 август

ФАРАСТЫССÆДЗАЗДЗЫД АБАЙТЫ ЧЕНДЗЕЙЫ ХЪЫНЦЪЫМ

Бонтæн разындтæн зын марæн,

Ласы мæ йæхимæ баз...

Хохы нал и дур мæ карæн,

Хъæды та — бæлас.

1987 азы 26 август

ХОРЗ ЛÆГ

Чи кæны цардæй цæрдхуыз,

Уымæн фæхъуысы йæ зарæг...

Хорз лæг — мæрдтæй дæр æххуыс,

Цъаммар та — ам дæр хъыгдарæг.

1987 азы 28 август

ИРЫ «СÆРХЪУЫЗОЙ»

Дæ ныхæсты фылдæр хай — иууылдæр дон,

Хъæудзæни дæ сой курæг цæуын дæ сирæн...

Мæнæн баххуыс кæнын куы нæ у дæ бон,

Куыдæй хъавыс баххуыс кæнынмæ уæд Ирæн?

1987 азы 30 август

КЪАДДÆР ФЫД

Лæгæн, дам, бирæ вæййы царды

Æрдхæрдтæ саударæн фыдбонмæ.

Нæ хъæуы саударæн, мæнгарды

Фæлтау хорз хондзынæн кæронмæ.

1987 азы 31 август

ÆХГÆД-ЗÆРДÆ, ХÆЛИУДЗЫХ

Куы ма йæ хъæуа минмæ сом,

Ныууæй дæ кæндзæн сомыл уæд...

Йæ дзых вæййы æдзухдæр гом,

Йæ зæрдæ та — æхгæд.

1987 азы 5 сентябрь

ГЫЦЦЫЛ ЛÆГ

Дæ хуызæттæй хъуамæ хынджылæг

Кæниккой æппæлыны бæсты...

Кæй кæсыс дæхимæ дынджыр лæг,

Гыццыл лæг дæ уымæн нæ цæсты.

1987 азы 12 сентябрь

УÆРЦЦ ÆМÆ УАД

Мæ хъустыл кæд ныхæстæ уад,

Уæддæр æмбарынхъом нæма дæн:

Къуылых уæрццæн æрсуры уад,

Дзæбæх уæрцц та æрсуры уадæн?

1987 азы 16 сентябрь

ДУР ÆМÆ ДУРВÆТКЪУЫ

Хæрам кæнын — алкæцы рæстæджы низ,

Рæстдзинадау ууыл нæ фæкæсы хур...

Кæмæндæр йæ дуры фæткъуы хонæг ис,

Мæнæн та мæ фæткъуы дæр рахонынц дур.

1987 азы 26 сентябрь

ЗÆРОНД ЛÆГ

Калдта цæхæртæ æвзонгæй,

Цæстытæй цæстытæ къахта...

Афæдз куыд базæронд бонгай,

Афæдзгай базæронд афтæ.

1987 азы 30 сентябрь

ФЫДВÆД ÆМÆ ÆВÆД

Чеджемты Æхсары чиныг «Зæххы цæсгом»-ы кæй бакастæн, уыцы æмбисонды мотив

Фыдвæдау æвæды мад дæр

Алы бон уыди мæрдджын.

Иу хæкъуырцц кæй кодта къаддæр,

Уый бæрц къаддæр уыд йæ зын.

1987 азы 7 ноябрь

АСЛАМ

Рог — дæ уаргъ,

Дæ бон — мæгуыр:

Де ’взаг — даргъ,

Дæ къух — цыбыр.

1987 азы 9 ноябрь

МÆХИНЫМÆР

Хæры дæлджинæггонды маст,

Ныттар ыл вæййы хур бон бæстæ...

Зæгъой мæн тыххæй дæр кæд раст,

Уæддæр уыдзæни уый мæ фæстæ.

1987 азы 26 ноябрь

ЙÆ НОМЫ АККАГ ЧИ НÆУ, УЫМÆН

Рахуыдтаиккой, зæгъынц,

Дæу кæйдæрты хуызæн зæд,

Сау куыд нæ дæ, афтæ куыдз

Дæр куы нæ уыдаис, уæд.

1988 азы 10 январь

РАЙГУЫРÆН БÆСТÆ УАРЗЫНЫЛ АХУЫРГÆНÆГÆН

Йæ рæстæджы знагмæ нæ бавзыста арцæй,

Нæ райхъуыст йæ тохы хъæр иу хатт дæр хæстæй.

Фыдыбæстæ уарзы æрмæстдæр нæ хардзæй,

Ыстæй ма — ныхæстæй.

1988 азы 27 февраль

КÆРÆДЗИЙЫ АККАГ

У дун-дуне къори — цæгыл ныхæст цæг,

Ыстъæлф дзы ыстъæлфыл цыдæр бæттæг ис...

— Æвзæр низы ахæсты бахауди лæг.

— Нæ бахауд хуыздæр лæджы ахæсты низ.

1988 азы 14 апрель

СТЫР НЫХАСГÆНАГ

Дæ хуызæн нæма уыд зæххыл,

Нымад дæм нæу хистæрыл хистæр...

Дæ ныхæстæ бадынц бæхыл,

Дæ хъуыддæгтæ — фистæг.

1988 азы 29 апрель

МАГУСАЙÆН

— Цæуыннæ рацыдтæ куыстмæ? —

Æфтауыс та кæйдæр нæ цæсты.

— Цæмæн рацыдтæ ды? — æз та

Фæрсын дæу уыцы лæджы бæсты.

1988 азы 8 май

АДÆМ

Ахæм фæйнæхуызон адæмтæ цас

Батыдта ацы мæнгард зæххыл цард:

Чи уыд мæлæты фæстæ дæр æгас,

Чи уыд йæ мæлæты размæ дæр мард.

1988 азы 12 май

КУРЫН ÆМÆ КУВЫН

Ацы зæхх уыд æнæ мæн дæр арвау,

Стæй уыд арв дæр æнæ мæн зæххау...

Курын арвæй: «Дæлæмæ ныл ма ’рхау»,

Кувын: «Арвмæ, зæхх, макуы фæхау».

1988 азы 3 июнь

ЦÆСГОМ ÆМÆ РИХИ

Зæгъæд-ма мын исчи

Рæстдзинад æргом:

Куыд уа уымæн рихи,

Кæмæн нæй цæсгом?!

1988 азы 9 июль

СЦИЛЛÆ ÆМÆ ХАРИБДÆ

Кæд у дæ цæрæн бынат дур-рындз,

Уæддæр æй мады хуызæн уарз...

Мæ хæлæртгæ мæ ныхмæ дзурынц,

Нæ хæцынц знæгтæ та мæ фарс.

1988 азы 24 июль






Не нашли, что искали? Воспользуйтесь поиском:

vikidalka.ru - 2015-2024 год. Все права принадлежат их авторам! Нарушение авторских прав | Нарушение персональных данных