![]() ТОР 5 статей: Методические подходы к анализу финансового состояния предприятия Проблема периодизации русской литературы ХХ века. Краткая характеристика второй половины ХХ века Характеристика шлифовальных кругов и ее маркировка Служебные части речи. Предлог. Союз. Частицы КАТЕГОРИИ:
|
КУЫРЫХОНЫ ЗОНДАМЫНД 12 страница1990 азы 4 сентябрь ЗЫН ФАРСТ Скæсæйнаг мотив Кæд алчидæр йæхи фæхоны зонды къуым, Уæддæр нæ зоны, циу нæ царды мидис, апп: «Цæмæн хъуыдыстæм ам, цæмæн хъæудзыстæм уым?» Зæххон адæмæй иу нæ ратдзæн уымæн дзуапп. 1990 азы 9 сентябрь ЦАРДЫ РÆСТДЗИНАД Царды рæстдзинадыл зондджын лæг баууæнды, Царды рæстдзинад нæ фæзоны ауæрдын: Иу мæм нæма уæнды, иннæ мæм нал уæнды, Иумæ нæма уæндын, иннæмæ нал уæндын. 1990 азы 13 сентябрь ЗÆХХ ДИХГÆНÆГÆН Бауырнæнт мæ дзырдтæ дæу, Æз фæдзурын афтæ стæм: «Махæй иуы дæр зæхх нæу, Зæххы иууылдæр ыстæм». 1990 азы 18 сентябрь ТАЛЫНГÆЙ... ТАЛЫНГМÆ Афтæ уыд царды æнусæй æнусмæ, Афтæ уыдзæни, ныхас дæр ыл нæй: Талынгæй уымæн æрбацæуæм рухсмæ, Ацæуæм талынгмæ рухсæй цæмæй. 1990 азы 24 сентябрь РАЗМÆ ЦÆУГÆЙÆ Мæ сæр æруагътон базмæ — Уæд цæстытыл фæуайы: Цæуын мæхæдæг размæ, Мæ цард та фæсте зайы. 1990 азы 1 октябрь ЗÆРДÆЙЫ ЦÆРÆГ Зæлинæйы фыстытæй Æз хохмæ систон дæу къуылдымæй — Хъыгæн дæр, цинæн дæр æгæр дæ... Куы дæ фæрсой, кæм цæрыс, уымæй, Уæд сын-иу бацамон мæ зæрдæ. 1990 азы 8 октябрь СÆР СÆРМÆ Нытътъыссæн дзыхы нæй къæрмæг, Дæ фыдгой хъуысдзæн райсом хæхтæм... Дæ сæр куы нæ хæссай сæрмæ, Уæд æй хæссæг уыдзæни къæхтæм. 1990 азы 8 октябрь ÆФСАРМ ÆМÆ ТАС Чидæр уæладзыгон хæдзары кафы, Иннæйы цæрæн та — зæххы бын, уæрм... Уидæгтæ ауагътой зæрдæйы арфы Æфсæрмы тас æмæ тасы æфсæрм. 1990 азы 9 октябрь АСЛАМ ФЫД Цæсты куыд ахада дæ ас, Дæ фæстæ кæд нæ уадзыс никуы фæд?!. Лæвар фыды куы вæййы бас, Аслам фыды цæуыннæ вæййы уæд? 1990 азы 9 октябрь ИУ ÆМÆ ДИХ Хойыс дзæгъæлы дæ риу — Ничи рахондзæн дæу сих... Зондджынтæ фæкæнынц иу, Æдылытæ — дих. 1990 азы 10 октябрь ЦАРД ÆМÆ БОНТÆ Сæры стæлфыд сагъæс, мæт, Ахсы ахæм хъуыды зонд: Цард кæд бонтæй конд у, уæд Бонтæ цардæй ысты конд. 1990 азы 10 октябрь РÆСУГЪД МАД ÆМÆ ФЫДЫНД ЧЫЗДЖЫТÆ Кæд бафтаудзынæн истæмæй дæу цæсты, Уæддæр мæ сæры иу хъуыды фæзынд: Дæхи хуызæн рæсугъд уæвыны бæсты Кæйдæр хуызæн — дæ чызджытæ фыдынд. 1990 азы 12 октябрь СЫЗГЪÆРИН ФÆЗЗÆГ Куы дæ фæнда, уæд мыл-иу дис дæр кæн, Фæлæ цы зæгъон, уый уыдзæн æцæг: Сызгъæринæй æппæты тынгдæр мæн Цы хъæуы, уыдонимæ ис фæззæг. 1990 азы 12 октябрь АМ ÆМÆ УÆЛМÆРДТЫ Мæ ныхæстæй иу дæр нæу дам, Зæгъид афтæ лæгты нымаддæр: «Мæ хуызæттæ бирæ ис ам, Фæлæ дзы нæй уæлмæрдты къаддæр». 1990 азы 30 октябрь КУЫДЗЫ ТУГ ÆМÆ ДОН Фæсайдтай тохгæнæг æфсад Хæстонæй... Ды дæ куыдзы тугæй æхсад, Мах — донæй. 1990 азы 6 ноябрь ЗЫМÆГОН ÆМÆ СÆРДЫГОН Фæнды фæлмæн, фæнды тызмæг уон, Уæддæр æмбардзынæн æфсарм... Кæмæндæр уазал нæу зымæгон, Кæмæндæр нæу сæрдыгон хъарм. 1990 азы 10 ноябрь СТЫР ФЫССÆГ Гæвзыкдзинадæн байгом кодта гонтæ, Йæ уазалы тæф нал цæуы йæ къуымæн... Ыстыр фыссæгæй батыдта йæ бонтæ, Ыстыр фыссæг кæй никуы уыди, уымæн. 1990 азы 11 ноябрь ÆРЫГОН ÆМÆ ЗÆРОНД Кæд дын æрдзæй нæ рард кæйдæртау зонд, Уæд баззадтæ æнусы бонмæ сонтæй... Æрыгонæй дæр чи уыди зæронд, Æрыгон уый куыд уыдзæни зæрондæй?! 1990 азы 12 ноябрь ЦЪÆХ КÆРДÆГ ÆМÆ МИТ Куы баиу кæны былгæрæттæ хид, Уæд фæцæуынц æрмæстдæр адæм хидыл... Цъæх кæрдæгыл æруары арæх мит, Фæлæ цъæх кæрдæг никуы зайы митыл. 1990 азы 12 ноябрь ЙÆ ХУД ЙÆ СÆРЫЛ КÆМÆН НАЛ ЦЫД, УЫЙ КАТАЙ Цыфæнды кæн, хъæрæй мыл худ, Мæ фæнд зæгъдзынæн æз уæддæр: Кæнæ фæкъаддæр и мæ худ, Кæнæ фæдынджырдæр мæ сæр. 1990 азы 13 ноябрь КЪУЫЗЫППА Дзаг дæ ды дæ къубалмæ бæллæхæй, Иунæг къахдзæф ис дæуæй рынмæ... Кæд нæ зыныс ды уæлæмæ зæххæй, Зæххæй ды зыныс уæддæр бынмæ. 1990 азы 13 ноябрь ХУР ÆМÆ ЗÆХХ Ды тæхыс дæ хъуыдыты бæхыл, Фæлæ-ма мын ахæм хъуыддаг зæгъ: «Хурзæрин куы атулы зæххыл, Хурыл уæд цæ тулы зæхх?» 1990 азы 14 ноябрь ÆНУСМÆЦЪÆХ БÆЛАС Зæхх æй кæй бауарзта, зæхх, Хур æй кæй хоны йæ хур, Цъæхтимæ уымæн у цъæх, Буртимæ уымæн нæу бур. 1990 азы 14 ноябрь УÆЛÆУЫЛ ÆМÆ МÆРДТЫ Уый тыххæй ма раджы дæр дзырдтам, Абон та йæ ног зæгъын мæ фысты: Махæй иу дæр нал уыдзæни ам, Уыдон уым кæдфæндыдæр уыдзысты. 1990 азы 18 ноябрь ХОРЗ ÆМÆ ФЫД Мæллæджы сагъæс никуы бацыд нарды, Таучел нæ кæны иунæг ран дæр зыд... Хæрзгæнæг хорз куыд никуы ссардта царды, Ыссарæд-иу фыдгæнæг афтæ фыд. 1990 азы 27 ноябрь ДÆ БЫНГÆНÆГ Балер кæсæгтæй иу дæр нæу Æнцон ахсæн æнгуырæй... Дæ бынтæ бабын кодтой дæу, Æгасæй баззадтæн мæгуырæй. 1990 азы 3 декабрь БИРÆДЗУРАГ ХИЦАУÆН Дзæгъæл дзурынмæ иунæгæй дæр авд дæ, Хъуыддаг кæнынмæ — аба-бау! — æргъæвст. Дæ ныхæстæй куыд бафсæстыстæм, афтæ Куы уаиккам дæ хъуыддæгтæй æфсæст. 1990 азы 5 декабрь БÆЛЛÆХТЫ БÆЛЛÆХДÆР Ныййарæджы дзырд алкæддæр нымад у, Фæуайы цæстыл саудæр бон йæ хуыз... Зæрондæй дæр зын ныгæнæн цы мад у, Уый сонт лæппуйæ баныгæдтон æз. 1991 азы 5 январь БÆРГÆ Цæмæй дæ исыл ног ис бафта, Фæхъæуы уымæн зондджын сæр... Ды хорз куыд никуы уыдтæ, афтæ Куы никуы уаин æз æвзæр. 1991 азы 20 январь ДЫУУÆ ТАСЫ АСТÆУ Фыдлæджы къухы лæг куы бафта, Уæд уый æвзæр цаутæй у иу цау... Иу хицауæй куыд тæрсы, афтæ Фæтæрсы иннæмæй та хицау. 1991 азы 4 февраль ÆВРОНГ ÆМÆ РАСЫГ Цыты нуазæнимæ дын базыг Дæтдзысты базæронды онг, Æвронгæй ды куы нæ уай расыг, Куы-иу уай нозтджынæй æвронг. 1991 азы 17 мартъи ЗÆРОНД ЛÆГ Бадынæн райдыдта агурын базтæ, Хурмæ фæтавы йæ æргъæвст фæсонтæ... Раджы йыл бонтау куыд ызгъордтой азтæ, Афтæ йыл азтау ныддаргъ ысты бонтæ. 1991 азы 3 май УÆЗДАН Ныхъхъæрзы къæхты бын йæ цыт, Нынниуы... Хæцын куы хъуыди, уæд хæцыд... Йæхиуыл. 1991 азы 7 май ÆНАХУЫР ФÆНДОН Цыфæнды дзаг куы бакæнай дæ гонтæ, Нæ фæуыдзынæ ды уæддæр нымаддæр... Адзалмæ мæ кæнынц хæстæгдæр бонтæ, Кæйдæрты та фæкæнынц уыдон дарддæр! 1991 азы 8 май ИУГÆНÆГ ДИХГÆНÆГ Йæ зæрдæ хъарм куы кæнид риу, Куы нæ дзы бадид мигъ, Кæйдæрты уæд нæ кæнид иу, Йæхиуæтты та — дих. 1991 азы 15 май РАСЫГГÆНАГ Арахъхъ куы нæ уа, уæд бæгæны Кæны дæу ирвæзын, зæгъынц... Лæг дæ лæджы хъуыды нæ кæны, Куыдзы хъуыды та — куыдз. 1991 азы 27 май ЗÆРДÆБЫН АРФÆ Зондджын у зондджынæн алкæд æмсæр, Дыууæ дæр хонынц рæстдзинад сæ фæтæг... Макуы дæ баййафæд тохы æвзæр, Хæрзты-иу уый бæсты баййаф дæхæдæг. 1991 азы 3 июнь ФЫДЫУÆЗÆГ ФЕРОХГÆНÆГÆН Тыххæй-фыдæй йæ фыдæлты бæстæмæ Цы лæджы хонын бахъæуа фæстæмæ, Нæй уыцы лæгæн райгуырæн, бæлвырд, Нæ рауад лæгæй уæзæгæн та фырт. 1991 азы 7 июнь МÆГУЫРДЗИНАД ÆМÆ ИС Мæ хъуыды мыл æрæнцой кодта тары, Мæ хъуыды систа мæйдары фæдис: Мæгуырдзинад мæгуырдзинады мары, Фæлæ нæ мары никуы исы ис. 1991 азы 10 июнь ИВЫЛД ТЕРК Фæбынæй кодтай уæлбыл нæуу, Йæ сæрты алæгæрстай хуымæн... Цæугæдон нал хонын æз дæу, Тæхгæдон кæй дæ, уымæн. 1991 азы 25 июнь УАРЗТЫ КÆРОН ÆМÆ ФЫДÆХЫ КÆРОН Курын, иу хъуыддаг мын зæгъ — Нæу хуымæтæджы мæ фарст: Уарзты кæрон у фыдæх? У фыдæхы кæрон уарзт? 1991 азы 26 июнь СÆРЫХЪУЫН ÆМÆ ЗОНД Куы дзурин æз, мыййаг, мæ фын, Уæд уаин сонт: Мæ сæрыл нал баззади хъуын, Дæ сæры — зонд. 1991 азы 29 июнь АФТИДСÆР ÆМÆ ДЗАГДЗЫПП Бæласæн уарзы иуæй-иу йæ гуыпп, Бæласæн уарзы иуæй-иу йæ хъæр... Дæ сæрау афтид макуы уæд дæ дзыпп, Уæд дзаг дæ дзыппау уый бæсты дæ сæр. 1991 азы 5 июль ФÆСКЪÆВДА ХУР ÆМÆ ФÆСХУР КЪÆВДА Ысхъомыл и æнæ мадæй, Цола уыди, къæсхуыр... Фæскъæвда хур, мæ нымадæй — Фæлмæн къæвда фæсхур. 1991 азы 9 июль ÆНÆ КÆРОН Уадз йæ цæстысыт кæлæд Знагæн, цалынмæ цæрон... Цардæн ис кæрон — мæлæт, Нæй мæлæтæн та кæрон. 1991 азы 15 июль ФÆСМОН ÆМÆ ÆВÆСМОН Фыдыбæстæ нæ ныййарæг у, ууыл Нæ зарджытæ — сæ зæлангæй бæрæг... Фæсмон кæныс, лæг мæ кæй хуыдтай, ууыл, Нæ кæнын æз — дæу никуы хуыдтон лæг. 1991 азы 21 июль ХОРЗ ЛÆДЖЫ ЧЫСЫЛ БОНТÆ ÆМÆ ÆВЗÆР ЛÆДЖЫ БИРÆ АЗТÆ Амонд æм дардта йæ уазал фæсонтæ, Дуртау уыдысты йæ нывæрзæн базтæ... Хорзæй дæр иутæ нæ батонынц бонтæ, Батонынц иннæтæ ’взæрæй дæр азтæ. 1991 азы 25–26 июль НОДЖЫДÆР МА ХУЫСКЪ БÆЛАС ЦЪÆХ БÆЛАСÆН Арвау у мæнæн æвдисæн зæхх, Дзурын раст, мæ ныхæстæм лæмбынæг хъус: Æз дæуау кæддæр куыд уыдтæн цъæх, Афтæ ды мæнау кæддæр уыдзынæ хус. 1991 азы 27 июль ЦЫ ХЪУЫД ÆМÆ ЦЫ НÆ ХЪУЫД Йæ лæвар дын куыд кæна ад та — Йæ райсын кæд нæ уыд дæ хæс?! Йæхи цы нæ хъуыд, уый дын радта, Цы мæ хъуыд, уый дын радтон æз. 1991 азы 29 июль КÆРОН Алкæй къубал дæр къæлæт Сæлхъивдзæн кæддæр, фæлæуу!.. Царды кæрон у мæлæт, Цард мæлæты кæрон нæу. 1991 азы 31 июль ЗÆРОНД ÆЦÆГДЗИНАД Кæд цагътай дæ удæй цъæх арт, Уæддæр дæ хъысмæты ехс цавта... Кæуынæй фæвæййы нæ цард, Кæуынæй куыд райдайы, афтæ. 1991 азы 2 август СÆРДЖЫНТÆ ÆМÆ ÆНÆСÆРТÆ Кæд хоны хох нæ алкæцы йæ къæсæр, Йæ сæрты хизы алы бон уæддæр... Сæрджынты астæу разыны æнæсæр, Æнæсæртæй та иуыл дæр нæй сæр. 1991 азы 11 август АМ ÆМÆ УЫМ Цъæх уæлвæз кæм бакодтой хуым, Тæккæ знон дæр ма уым нæуу уыди... Мæ хуызæттæ бирæ ис уым, Фæлæ дзы ам къаддæр нæ уыди. 1991 азы 17 октябрь АРАХЪХЪ ÆМÆ ЛÆГ Кæд нозт дæ сæрмæ тагъд ныццавта, Уæд дæм нæ кæнын æз хæлæг... Лæджы арахъхъ куыд хъæуы, афтæ Арахъхъы дæр фæхъæуы лæг. 1991 азы 10 ноябрь ÆНАМОНДТЫ ÆНАМОНДДÆР Рагон бердзенаг афоризмы мотив Дæу иу хатт дæр нæ фенд æрхуымæй, Дæ фæрсты дæр нæ ауад зæй... Æнамонд чи никуы уыд, уымæй Æнамонддæр дунейыл нæй. 1991 азы 11 ноябрь ÆНХЪÆЛМÆГÆСДЖЫТÆ Мæстджынæй ма лæбурæм хъæлмæ, — Ныхкъуырд фыдгулæн зондæй раттæм... Чи адæммæ кæсы æнхъæлмæ, Кæмæ кæсынц æнхъæлмæ адæм. 1991 азы 21 ноябрь ТÆХУДИАГМÆ ТÆХУДЫГÆНÆГ Куыннæ уой уый хъуыддæгтæ уагыл, Куыннæ уа райгонд уый йæ бонтæй, Кæй бæх нæ амард даргъ фæндагыл, Кæй ус нæ амарди зæрондæй? 1991 азы 2 декабрь ДЫУУÆ КУЫДЗЫ Какон бæлас хионæй нæ фæрсы, Алкæйы дæр аныхсы йæ сындз... Горæтаг куыдз адæмæй фæтæрсы, Адæм та хъæуккаг куыдзæй тæрсынц. 1991 азы 14 декабрь МИНÆЙ ЗЫНАРГЪДÆР СОМ Гыццылæй мыв мæ мады ’фсымæр Хосаты Тæтæрхъан радта сом Æхца мын батыхти зæрины, Æнхъæвзта денджызау мæ цин... Кæд нал и сомы кад дæр мины, Уæддæр мæнæн дæ сом у мин. 1991 азы Ыдекабрь КÆМ-КÆМ Хъайтыхъты Георæн Мæ тохси абады куы цыг, Куы та мæм разыны йæ фыр... Мæгуыр кæм нæ кæны хъæздыг, Хъæздыг нæ кæны уым мæгуыр. 1991 азы 25 декабрь МÆНГДЗУРÆГÆН Дæ уæздандзинад баст у, Кæнæм дæ уымæн хъаст... Кæй фæдзурыс, уый раст у, Цы дзурыс, уый нæу раст. 1991 азы 27 декабрь ХУР ÆМÆ МИТ Арвæй зæхмæ — рухсæй хид, Обау хуссарварс фæсур... Ацы хурмæ — урсдæр мит, Ацы митмæ — ирддæр хур. 1991 азы 31 декабрь ХОРЗЫ КОЙ Æгъатыр — рæстæджы кæнонтæ, Нæ дæтты алы заман сой... Æнусы цас нымайынц бонтæ, Фæкæнæнт уал азы дæ кой. 1992 азы 10 январь ДЫ ÆМÆ ДÆ ЦАРД Фæдисон раздæр мæлы хæсты, Фæлæууы йæм гæппæввонгæй мæлæт... Дæ цард кæд сæгад и дæ цæсты, Ды дæр æгад — дæ царды цæсты уæд. 1992 азы 18 январь ТЫХЫ ÆДЫХДЗИНАД Кæд хондзысты мæн иуæй-иутæ сонт, Уæддæр зæгъон, цы фæзæгъын æрвылбон: «Æрыгоны цы тых кæны зæронд, Зæронды хъуамæ уый кæнид æрыгон». 1992 азы 18 январь ФАРОНЫ ХÆРÆГ ÆМÆ АЦЫ АЗЫ КЪÆЛÆУ Куыннæ кæнон æз фаронмæ хæлæг, Кæд дзы уыди сысджыимæ мæнæу дæр, Фынддæс сомæй уыд балхæнæн хæрæг, Фынддæс туманæй нал и ныр къæлæу дæр. 1992 азы 6 февраль НÆМДЖЫТÆ Фыдгулы ныхмæ лæуу хъæддых, Цыфæнды зын куы уа, уæддæр... Вæййы кæд сæры нæмæг дзых, Уæд дзыхы нæмæг та у сæр. 1992 азы 13 февраль КЪАХ ÆМÆ КАД Æмбары алчидæр сымахæй, Кæй нæ ис хоры кад зыгуымæн... Кæй йыл ныллæууыдысты къахæй, Йæ къахыл нал ыслæууыд уымæн. 1992 азы 13 апрель ХÆЛÆГ Лæгал хæлæг кæнын нæ фидауы, зæгъин, Фæлæ ды никуы феууæндыс ныхæстыл... Кæмæ ис, уыдоныл куы фæбарын мæхи, Кæмæ нæй, уыдон уайынц уæд мæ цæстыл. 1992 азы 13 май ИУ АДÆМОН ФЫССÆГÆН Ахæмтæ нæ фехсæдынц хуыртæ, Худгæбылæй ралæууы сæ сом... Адæмыл цы лæг хаста дзырдтæ, Уый хæссы ныр адæмоны ном. 1992 азы 15 май ФЫДЛÆДЖЫ ХЪЫСМÆТ звиад гамсахурдиайы [5] чъизи ном мысгæйæ Дæ ном æмæ дæ мыггагæй дæ хъæстæ Хъæстæ кæндзысты алкæддæр, хуыдуг... Ныммарзта дæ йæ чъизидæр ран рæстæг Æмæ дæ фехста чъизи ранмæ дуг. 1992 азы 15 май ЦÆСГОМДЖЫНТÆ Кæддæр дæ сфæлмæцыди хъæу, Хуыздæр уавæры абон горæт нæй... Цæсгомджын чи рахуыдта дæу — Дыууæ хатты æдзæсгомдæр дæуæй. 1992 азы 20 май УЫЦЫ АМОНДДЖЫН ДУГ Мæныл кæд амонд дардта искуы й’арм, Уæд уыцы дуг, куы нæ бадт не ’хсæн мигъ... Дæ хъарм хъæбысæй зæрдæ кодта хъарм, Дæ цæстæнгасы уазалæй та — их. 1992 азы 25 май ДÆ СÆР ÆМÆ ДÆ КАД Дæ фарнау — кадавар дæ зонд дæр, Гæвзыкк — дæ хуымгæнды бæркад. Дæ сæр — Хъазыбегæй бæрзонддæр, Ныллæгдæр — фадхъулæй дæ кад. 1992 азы 10 июнь «КОММУНИСТТÆ» ÆМÆ «ДЕМОКРАТТÆ» Нæ дзы рыст иу дæр адæймаджы ристæй, Сæхи хъысмæтыл уыд сæ мæт, сæ катай... Уæд сайдтой коммунистты коммунисттæй, Ныр сайынц демократты демократтæй. 1992 азы 15 июнь КÆРÆДЗИЙЫ ДАРДЖЫТÆ Хъомрæгъау, фысдзуг Дарын нал у фæтк... Лæг куы дарид хъуг, Хъуг æй дарид уæд. 1992 азы 1 июль ДÆ ЗÆРДЫЛ ДАР Кæсыс сæрбæрзондæй, дæ цæсты Ыстæм дыччыйы йæстæ ’рмæст, Фæлæ уый зон: уæлæуæз бæстæм Нæ уыны стырдæрæй дæу цæст. 1992 азы 27 июль ДЫМЫСДÆР КÆНÆ ÆВЗАГÆЙ АРХАЙÆГ Нæ дæ рахондзæн иу лæг дæр уæндон, Зындгонд ысты дæ «хорз» хъуыддæгтæ рагæй: Кæй нæ у зондæй архайын дæ бон, Æдзухдæр уымæн архайыс æвзагæй. 1992 азы 11 август АРАХЪХЪ ÆМÆ СПЪИРТТ Нæ фехъусдзынæ булæмæргъæй «хъуахъхъ», Хайуанæн та йæ цæсты рухс у сирд... Ыспъиртты хуызæн алкæд уæд арахъхъ, Арахъхъы хуызæн макуы уæд ыспъиртт. 1992 азы 30 август ИРЫСТОНЫ ЗНÆГТÆМ Алексапдр Дюмайы мотив Кæй ралæудзæни ацы бон кæддæр, Бæрæг уыд уый уæ фæсчъылдым гæрæхтæй... Уæ иуыл дæр кæй нæ разынди сæр, Æрцауыгътой уæ уый тыххæй уæ къæхтæй. 1992 азы 23 ноябрь ÆНÆУД Фæнды мæм кæн мæсты, мæ лымæн, Кæнæ та мыл чыр-чырæй худ: Йæ удæн чи нæ тæрсы, уымæн Нæ радта иунæг Хуыцау уд. 1992 азы 23 ноябрь ХÆДДЗУ Æз никуы кастæн схъæлсæрæй мæгуыртæм, Сæ хорздзинад мæ алкæддæр фæндыд... Кæдæм нæ цæуын хонгæйæ дæр, уырдæм Фæцæйцæуыс æнæхонгæйæ ды. 1992 азы 31 декабрь УДÆГАС ÆМÆ МАРД Райста нæ фыссæг æнæхъæр, æнæсыппæй хорзæхтæ зæй, Ницы уæвгæйæ цы нæ уыди а зæххыл, ахæм ын нæй. Мардæй æгæстæ дæр ис, фæлæ уый у æгасæй дæр мард, Уый тыххæй ничиуал зоны, кæм райгуырд, цы фыста, куыд цард. 1993 азы 1 январь ХУЫМÆТÆДЖЫ ХЪУЫДЫ Æрцыд мæ сæрмæ иу хъуыды, æрæфтыд, Æмæ йæ хъуамæ гæххæттæн зæгъон: «Æз мады фыд нæ уыдзынæн, фыды фыд Хуыцауы фæрцы хъуамæ искуы уон». 1993 азы 18 январь ДЫУУÆ НИЦЫЙЫ Ахæмы къæбицы Нæй бæркады хъæстæ... Ницы уыди, ницы Баззайдзæн йæ фæстæ. 1993 азы 22 январь ТЫХДЖЫНДÆР ÆМÆ ÆДЫХДÆР Кæны уæлахиз хаттæй-хатт дзыхджындæр, Фæлæ йæ иу дуг нал саразы дзых дæр... Кæддæр куыд кодтон бонæй-бон тыхджындæр, Кæнын ныр афтæ бонæй-бон æдыхдæр. 1993 азы 1 февраль ХИЦАУЫ ÆУУÆНКДЖЫН Дæ хицауæй бирæ хуыздæртыл дæ сæт Фæкалдтай, фæкодтай цæстмæхъус дæнг-дæнг... Æууæнкджын куы ныллæууай хицауæн, уæд Фыццаджыдæр нал ис дæхиуыл æууæнк. 1993 азы 7 февраль БÆЛÆСТÆ ÆМÆ ЦЪÆХ НÆУУ Æрцыди та уалдзæг æд цины хъæлæстæ, Сæдæминон тæнæй йæ фæндыр æрцагъта... Цъæх нæууыл куыд фидауынц ацы бæлæстæ, Цъæх нæуу дæр бæлæсты бын фидауы афтæ. 1993 азы 11 февраль Не нашли, что искали? Воспользуйтесь поиском:
|