Главная

Популярная публикация

Научная публикация

Случайная публикация

Обратная связь

ТОР 5 статей:

Методические подходы к анализу финансового состояния предприятия

Проблема периодизации русской литературы ХХ века. Краткая характеристика второй половины ХХ века

Ценовые и неценовые факторы

Характеристика шлифовальных кругов и ее маркировка

Служебные части речи. Предлог. Союз. Частицы

КАТЕГОРИИ:






КУЫРЫХОНЫ ЗОНДАМЫНД 13 страница




ГУЫЗАВÆ

Мæ зынг цы бон æрхуысдзæни, кæцы мæй,

Нæ базондзынæн уый дæуау æз дæр...

Кæмæ нал ис, кæмæ ницы ис, уымæй

Нæ иртасын, кæй уавæр у хуыздæр.

1993 азы 5 мартъи

ГУЫРÆН БОН ÆМÆ МÆЛÆН БОН

Нæй мæлæтмæ иунæг хатыр, кард æм

Авæр, æмæ та кæйдæр ныццавта...

Уырдыгæй куыд нæ фæкомæм ардæм,

Ардыгæй дæр нал фæкомæм афтæ.

1993 азы 5 мартъи

ДЗЫВЫЛДАР ÆМÆ УАЛДЗÆГ

Хуры тынтæм кæсаг базмæлыди доны,

Андзæвыди ихыл хъавгæйæ йæ синтæй...

Иу дзывыддар уаддзæг хъарм бæстæй нæ хоны,

Иу уалдзæг æрхоны дзывылдæртты минтæй.

1993 азы 11 мартъи

ÆВЗÆРЫ РАЙГУЫРД ÆМÆ ХОРЗЫ МÆЛÆТ

Æнгузау чи уарзы æхсæр,

Уый бирæ фарнимæ цæрæд...

Æвзæры райгуырдау æвзæр

Вæййы лæгау лæджы мæлæт.

1993 азы 18 мартъи

КÆРÆДЗИЙЫ САФДЖЫТÆ

Бынат бирæты фесæфта.

Гуыдиаты Мураты ныхæстæй

Мæн чи нæ уарзы, уымæн уæд

Йæ фæндагамонæг хæйрæг...

Лæджы бынат кæд сафы, уæд

Вæййы бынат сафæг та лæг.

1993 азы 21 мартъи

ХИСТÆР — КÆСТÆРÆН

Бампылдтæ дæн, раст цыма хъæллæгъ,

Нал ыскъæрын знæт фурды мæ нау...

Æз дæуау куыд нал уыдзынæн цъæх,

Афтæ ды ысрæгъæд у мæнау.

1993 азы 22 мартъи

ЦÆУЫН ÆМÆ ЛÆУУЫН

Нæ тæрсы иу йæ хъарутæн фæуынæй,

Быхсын, фæразын иннæмæй нæу рох...

Куыннæ фæллайы Терчы дон цæуынæй,

Нæ фæллайы лæууынæй афтæ хох.

1993 азы 25 мартъи

ÆДЫЛЫ ÆМÆ МÆГУЫР

Æрбахылд арвыл сау мигъты дзыгуыр,

Фæндаг ыскодтой зæрдæмæ æрхуымæн...

Æдылы кæй дæ, уымæн дæ мæгуыр,

Мæгуыр кæй дæн, нæ дæн æдылы уымæн.

1993 азы 10 апрель

ÆХСÆНАДОН ТРАНСПОРТЫ ЦÆУÆГГАГ ИВАРЫ АРГЪМÆ КУЫ СХÆЦЦÆ, УÆД

Куыд ма лæууæм нæ къæхтыл фидар,

Кæд нал бады нæ иу хъул сах:

Кæддæр куыд фыстой иутæ ивар,

Ныр афтæ фидæм иумæ мах.

1993 азы 4 май

ЗНАГ-ХÆЛАР

Хуы нæ ракæса рындзæй саг,

Уæд маст уыдзæн уый сагæн...

Йæ Фыдыбæстæн чи у знаг,

Ызнаг нæу уый ызнагæн.

1993 азы 4 май

ХÆСДЖЫН

Кæнынц мæ боныгон, мæйдары

Æдзæм дзырдтæ къуытты, къуырма:

Мæлæтæй иунæг мæлæт дарын

Æдоæ дзы хæсджын дæн нырма.

1993 азы 5 май

БУЗНЫГГАД

Хъодзаты Мурат æмæ Бабушев Юрийæн

Уæ къухвæд калы ирд тæмæн, цæхæр,

Æфтауы дисы адæмы нæ — зæдты.

Мæ хæдзарæн кæй бамбæрзтат йæ сæр,

Хæссын уæ уымæн æз мæ сæр бæрзæндты.

1993 азы 6 май

ЙÆ УСИМÆ ЧИ НÆ ФИДАУЫ, УЫЦЫ ЛÆДЖЫ ХЪАСТ

Хъыгагæн, ныр æрæджиау алцы зонын,

Фæлæ нæ кæны къаддæр уый мæ рыст:

Дæуимæ ратон-батонгæнгæ тонын

Мæ царды бонтæ уыд мæ ныхы фыст.

1993 азы 22–24 май

ХÆЛД САХАТ ÆМÆ РÆДИЙАГ СИНОПТИКТÆ

Мæ хæлд сахат дыууæ хатты фæцæуы суткæ раст,

Уæддæр дзы разы никуы дæн, кæнын дзы алкæм хъаст.

Синоптиктæ та къорд хатты рæдийынц суткæ кæд,

Уæддæр сын иу нæма загъта: «Фæлывд адæм, æгъгъæд!»

1993 азы 19-24 май

КУЫДЗ — ДЫУУÆ КУЫДЗЫ

Алчи мæгуыр лæджы уавæр нæ хаты,

Бонджыны Хуыцау у мулк æмæ ис...

Курæг куыдз у, фæлæ чи нæ йын ратты,

Уымæн дыууæ куыдзы рахонæн ис.

1993 азы 26 май

ЛÆГ ÆМÆ ДЗÆДÆЛ

Аркесилайы мотив

Кæд басыгъта дæу дæр мæнау хъæндæл,

Уæд дæм куыд кæна адæймаг хæлæг?!

Нæлгоймагæй ис саразæн дзæдæл,

Фæлæ дзæдæлæй нал и скæнæн лæг.

1993 азы 27 май

СЫВДЗ ÆМÆ КЪУХ

Нæ кодта кадвæндæгтыл дугъ

Æмæ дзы рауади æлхæд лæг...

Сындзы куы нæ гъыссай дæ къух,

Уæд дзы нæ фæныхсдзæн йæхæдæг.

1993 азы 11 июнь

КÆРÆДЗИЙЫ ХУЫЗÆН

Кæуыл ыстыхджын и йæ низ,

Нæ баххуыс кæндзæн уымæн хос дæр...

Кæд фосы хуызæн адæм ис,

Уæд адæмы хуызæн ис фос дæр.

1993 азы 21 июнь

ЦАРД ÆМÆ ФЫДÆБОН

Æрхуысдзæн ирд цæстыты арт,

Æнусты айсæфдзæн «æрдæбон»...

Куыд нæй æнæ фыдæбон цард,

Æнæ цард афтæ нæй фыдæбон.

1993 азы 17 июль

ХÆЛДФÆТК

Æнафоны фыргуыстæй лæг куы рафты,

Уæд нал вæййы æвзонгæй дæр уæнгрог...

Куыд нæ уыдтæн æз, нал уыдзынæн афтæ,

Куыд дæн, æз афтæ нал уыдзынæн ног.

1993 азы 18 июль

ХУРЫСКАСТÆЙ ХУРНЫГУЫЛДМÆ

Мæнæй кæй нал уыдзæн ыстæгдар

Кæддæр, нæй уый тыххæй ныхас дæр...

Мæ хурныгуылдмæ мæ хæстæгдæр

Кæны мæ алы хурыскаст дæр.

1993 азы 18 июль

ЙÆ НОМЫ АККАГ ЧИ У, УЫМÆН

Дæумæ хæссынц

Æмдзыхæй фау:

Дæхæдæг — куыдз,

Дæ митæ — сау.

1993 азы 28 сентябрь

ФЫДÆНХЪÆЛ

Мæ сæр дæуимæ дзурынæй ысдон,

Фæкодтай мæ, æвæццæгæн, фыдæнхъæл...

Дæуæн æнæхылгæнгæ нæу дæ бон,

Æз та уынын хыл кæнынæй мæ уæнгæл.

1993 азы 11 октябрь

АХÆМ ЗОНДЫЛ ХÆСТ

Цы кæнон? Нæу æндæрхуызон мæ бон:

Сæны бæсты нæ баназдзынæн дон,

Ыстæй ма дын æз уый зæгъæг дæр дæн:

Нæ баназдзынæн доны бæсты сæн.

1993 азы 17 октябрь

КÆДДÆРЫ МАРД ÆМÆ НЫРТÆККÆЙЫ ЦАРД

Куыннæ бадон æнкъард, æрхуымæй,

Кæд ме ’хсæвау у тар мæ бон дæр?..

Кæддæр мæлын куыд зын уыд, уымæй

Ныртæккæ нæу цæрын æнцондæр.

1993 азы 22 октябрь

СТАЛИНЫ МАРД ИРЫСТОНЫ БАНЫГÆНЫНМÆ ЧИ ХЪАВЫ, УЫДОНÆН

Йæ донæй дæр сыгъдысты, куыд йæ басæй,

Уæддæр æй мысынц, дарынц æй сæ зæрдыл...

Кæй нæ хъуыди нæ Ирыстон æгасæй,

Уый абон мардæй бахъуыди кæйдæрты.

1993 азы 12 ноябрь

ÆНХЪÆЛМÆГÆСÆГ РÆСТÆГ

Рæстæг ис мæ алыфарс, мæ сæрмæ,

Нæй дзы лидзæн, дæн йæ тæгтæй баст:

Раздæр каст мæ райгуырдмæ æнхъæлмæ,

У ныр та мæ мæлæтмæ йæ каст.

1993 азы 16 ноябрь

ТЫНГ ÆМÆ ТЫНГ

Лæг ма кæмæй бадома царв та,

Кæд нал ис бирæтæм хæндыг?!

Мæгуыр куыд тынг мæгуыр у, афтæ,

У афтæ тынг хъæздыг хъæздыг.

1993 азы 17 ноябрь

САЙЫН ÆМÆ ЦАРД

Зылыны макуы рахон раст,

Кæннод æнаххосæн уый маст у...

Кæд сайын цардимæ у баст,

Уæд цард дæр сайынимæ баст у.

1993 азы 17 ноябрь

СÆР ÆМÆ ДЗЫПП

Зæгъин дын: «Мин азы фæцæр!»

Фæлæ лæг мин азы нæ цæры...

Кæмæн йæ дзыппы ис йæ сæр,

Кæмæн та ис йæ дзыпп йæ сæры.

1993 азы 24 ноябрь

УАЦАЙРАГ

Мæ хъуыдытæ кæмæ кæсой æнкъард,

Къостайы загъдау, уый зарæг нæрæд...

Æрцахста мæ мæ райгуырæн бон цард,

Ысуадздзæн мæ адзалы бон мæлæт.

1993 азы 2 декабрь

ÆХЦАДЖЫН

Дæу нæ хъæуы байзæддаг, цæуæт,

Де стырдæр мæт — бахæрын, цацатæ...

Бирæтæм æхца куы нæ ис, уæд

Ис дæумæ та тынг бирæ æхцатæ.

1993 азы 30 декабрь

ÆНАХУЫР БÆЛЛИЦ

Зонын: алкæмæн дæр у йæ фæндаг барст,

Райдайæнау уымæн ис кæмдæр кæрон...

Æз уæдмæ куы цæрин, цалынмæ ис уарзт,

Уарзгæ та куы кæнин, цалынмæ цæрон.

1993 азы 30 декабрь

ÆНÆБАЗЫРÆЙ БАЗЫРДЖЫН ÆМÆ БАЗЫРДЖЫНÆЙ ÆНÆБАЗЫР

Цард куы фестид цæстыты цур аргъау,

Аленк кæнид суры уæд мæ нау...

Æз мæ фæндтæй базырджын дæн маргъау,

Маргъ фæндтæй — æнæбазыр мæнау.

1994 азы 23 январь

ХИЦАУÆЙ ÆППÆЛЫНÆЙ ЧИ ФÆСÆЛÆТ, УЫМÆН

Æппæлыд хицауæй кæмæндæр,

Хуыдта йæ зондджын æмæ раст...

...æхæй куы бафсæста йæ гæлдæр,

Уæд æм фæкаст æрæджиау маст.

1994 азы 23 январь

ÆНАХУЫР УÆЙГÆНДЖЫТÆ

Æрцыди ахæм рæстæг: цин мæ

Нæ тавы, счынд мын цыма хин...

Нымайын чи нæ зоны минмæ,

Кæны йæ базайраг уый мин.

1994 азы 28 январь

ЗЫМÆГÆЙ УАЛДЗÆДЖЫ АСТÆУ

Афæдзы цыппар афоны афæдзмæ ысвæййынц хал-цæг,

Сты кæрæдзиимæ уыдон иу рæхысы цæгтау баст...

Кæнæ зымæджы фæуынмæ каст æнхъæлмæ уый бæрц уалдзæг,

Кæнæ уалдзæджы æрцыдмæ зымæгæн уыди йæ каст.

1994 азы 20 мартъи

ДÆ ХУЫЗÆТТÆ ÆМÆ ЗÆХХ

Цæуыл вæййы дæ загъды сæр, дæ хыл,

Дæхæдæг дæр нæ зоныс уый дзæбæх...

Дæ хуызæттæ куы райгуырди зæххыл,

Йæхи хуызæн гъеуæдæй нал у зæхх.

1994 азы 19 апрель

ФЫДЫУСТЫТÆ

Зæгъын дын раздæр дæр хъуыди,

Сæ уынæр дзырдтæн хъустыл уад:

Дæ мад дæ фыды ус уыди,

Дæ фыдыус нæ уыд дæ мад.

1994 азы 20 апрель

СИНЫ САСТ

Кæд дæм фæкæсдзæни хуымæтæг,

Уæддæр дæм ратдзынæн мæ фарст:

«Рæстмæ куы нæ уа син йæхæдæг,

Куыд уыдзæн уæд рæстмæ йæ саст?»

1994 азы 5 май

ХÆРДМÆ ÆМÆ БЫНМÆ

Нæма дæ фехъуыстон хъæрзын —

Дæуæн дæ уды конд æндæр у...

Кæд у хæрдмæ хизын дæр зын,

Уæддæр бынмæ хизын зындæр у.

1994 азы 6 июнь

АРДЫД АДÆМ

Мæнæй ныр дæр ма зондджындæр у саби,

Мæ кад мæ цæсты бонæй бонмæ тайы...

Куы мæ йæхиуыл сардауы æрраби,

Куы та мæхиуыл сардауын æррайы.

1994 азы 24 июнь

КОСА ÆМÆ ЦÆГÆР

Адджинагыл-сæкæрыл

Макуы кæн сæкæр...

Коса худы цæгæрыл,

Косайыл — цæгæр.

1994 азы 1 июль

УЫГÆРДÆНЫ

Иу фæрсы йæ кæрон уисæн

Иннæйы: «Сæууон æртæхы

Хос кæмæн кæрдыс?» — «Мæхицæн». —

«Уæд ды та?» — «Æз та — мæ бæхæн!»

1994 азы 18 сентябрь

ФЕМБÆЛЫНÆЙ МЫН ЗÆРДÆ ЧИ ФЕВÆРЫ, ФÆЛÆ ЙÆ НЫХАСÆН ХИЦАУ ЧИ НÆ РАЗЫНЫ, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН

Фæливыс, уæддæр дæ нæ хонын мæнгард,

Æцæг мæм фæкæсынц дæ иууыл ныхæстæ...

Дæуыл æууæндгæйæ æрвитын мæ цард,

Дæуыл та мæн сайгæйæ ивгъуыйы рæстæг.

1994 азы 3 октябрь

КЪОСТАЙЫ ХЪÆЛÆС

Йæ хъæлæс дзæнгæрæг, зæй уыди,

Сæрибарыл тохы — цыргъ кард...

Кæуæгау йæ зарæг кæй уыди,

Кæуын уыди уымæн йæ зард.

1994 азы 18 октябрь

ДÆ ЗÆРДÆ ÆМÆ РÆСТÆГ

Мæ Иры фæсивæд, дæ цинæй, дæ хъыгæй

Фæластон мæ сау зæрдæ дард.

Къоста

Дæ æмдзугæнæг хахуыр, дау уыд,

Рæстæй дын банызтой дæ туг...

Дæ зæрдæ сау нæ уыди, сау уыд

Дæ рæстæг, заман æмæ дуг.

1994 азы 18 октябрь

ÆНАМОНД ФÆНДÆГТЫЛ

Ницуал кад ис ныр æрæджиау ницавæр ныхæсты,

Басыгъдысты иунæджы онг рухс бæллицтæ арты...

Иу амовдджын къахвæндагыл ацæуыны бæсты

Мах дыууæ æнамонд фæдыл ацыдыстæм царды.

1994 азы 18 октябрь

МÆГУЫРТÆ ÆМÆ ФЫСДЖЫТÆ

Хуры тæвд аууонмæ суры дзыгуыр фысты,

Тыхулæфт ахъары царм æмæ стджыты...

Фысджыты фыддæр, æз зонын, мæгуыр ысты,

Мæгуырты фылдæр та не сты фысджытæ.

1994 азы 6 ноябрь

ЗÆРОНД ЫЗНАГ ÆМÆ ÆВЗОНГ ХÆЛАР

Æз ахæм зондыл хæцыдтæн рагæй,

Дæ зæрдыл дар:

Нæ сараздзынæ зæронд ызнагæй

Æвзонг хæлар.

1994 азы 15 ноябрь

МÆГУЫРÆЙ УÆЗДАН

Дæйыхъæуы хуызæн кæддæрты хæсты

Лæгдзинад æвдыста Быз дæр..

Хъæздыгæй æдзæсгом уæвыны бæсты

Мæгуырæй уæздан у хуыздæр.

1994 азы 1 декабрь

РАСЫГ ÆМÆ ÆРРА

Уырыссаг æмбисонды мотив

Кæд нæ дæ дæхæдæг дæр ды сонт,

Уæд æдзух дæ зæрдыл дарай хъуамæ,

Расыгмæ кæй æрцæудзæни зонд,

Фæлæ зонд кæй не ’рцæудзæн æррамæ.

1994 азы 7 декабрь

ХИСТÆРТÆ ÆМÆ КÆСТÆРТÆ

Дзæгъæлы ма хъæр кæн фæдис,

Нæ дын зæгъдзæни иу дæр: «Ма рисс!»

Кæд хистæртæн кæстæртæ ис,

Уæддæр кæстæртæн хистæр нал ис.

1994 азы 10 декабрь

МУЛЧЫ АМÆТТАГ

Уды тых басаста, бахордта зулкъ,

Бынæтты хуыздæртæм бабырста мулк,

Дзыппыты нал цæуы, бацахста сæр,

Риуæй дæр хъуысы æхцайы къæр-къæр.

1994 азы 10 декабрь

ДЗÆБУГÆЙ ХЪÆСДАРÆДЖЫ АСТÆУ

Фæсвæдты мæ лвдзы фыссыны гæххæтт,

Хæлын айкæй хонын мæхи ныр хæлындæр...

Кæй райгуырдтæн, уый мын нæ уыди æгыъæд,

Фæлæ ма мæ ноджы хъæудзæни мæлын дæр.

1994 азы 10 декабрь

ЛÆГДÆР ÆМÆ ЦЪАММАРДÆР

Куыд æм кæнон хæлæг дæр,

Куыд æм гæрдон фæндæгтæ?! —

У цъаммартæн сæ лæгдæр,

Сæ цъаммардæр та — лæгтæн.

1994 азы 30 декабрь

ГАДЗРАХАТÆЙЦÆУÆГ

Дæ мугæйы хуызæн дæ цымæн

Йæ уындæй у алчи æфсæст...

Уæйгæнæг, кæй уæй кæны, уымæн

Йæ ронбастмæ вæййы æрмæст.

1995 азы 2 январь

ЙÆХИ ЙЕДДÆМÆ ЧИ НИКÆЙ УАРЗЫ, УЫМÆН

Кæдæмфæнды бафтæд, кæмфæнды лæууæд —

Кæндзысты дзы хъаст...

Йæхи уды къоппа куы нæ уаид, уæд

Нæ зонид, циу уарзт.

1995 азы 9 январь

ÆНАД ÆМÆ АДДЖЫН

Нæ федтон кæд фыдыфыдау фыдымад,

Куыннæ мæ хоной уæд рæвдыдæй хъаджджын?!

Мæ фыдгултæн куыд уæнгæл дæн, куыд æнад,

Мæ хæлæрттæн куы уаин афтæ адджын.

1995 азы 18 январь

ХÆЛАРДЗИНАД ÆМÆ УАРЗОНДЗИНАД

Æрцыдыстæм фæрæтыхъæдæй барст,

Кæрон дæр нæй нæ бирæ мулк, нæ исæн...

Кæд рауайы хæлардзинадæй уарзт,

Уæд уарзтæн нæй хæлардзинадмæ хизæн.

1995 азы 24 январь

ХИЦÆН ÆМÆ ИУ

Цæрыс æрмæстдæр а зæххыл дæхицæн,

Ныллæууыдтæ æгас зæххыл хæлиу...

Мах ницы кæны хорз адæмæй хицæн,

Дæу ницы кæны уыдонимæ иу...

1995 азы 28 январь

БОНДЖЫН

Дæхимæ гæсгæ байдзаг дæ фæрнæй,

Дæ бон æргæвдын алы бон у далыс...

Æрдзæ гуыбынæн иу кæвдæс кæм нæй,

Уым иу гуыбынæн мин кæвдæсы дарыс.

1995 азы 30 январь

УСГУРЫ ЦИН

Фæзынди нæ рæбинаг къуымы сæрзæд,

Тырысатæй цинмæ кæцы кæны фæд...

Кæнæ мæм æрцыди чызджы хуызы зæд,

Æви мæм чызг æрцыд зæды хуызы кæд?

1995 азы 13 февраль

ЗЫНÆЙ

Куыннæ йæм кæсон æз æрхуымæй,

Кæны йæ намыс кæд фынæй...

Йæхицæй чи æппæлы, уымæй

Æппæлджытæ уыдзæн зынæй.

1995 азы 13 февраль

КЪОСТАЙЫ МАД МАРИАЙÆН

Сыгъдæг удты астæу дзæнæты фæбад,

Цы бæстæ, цы ранмæ нæ фæхъуысы хъарæг...

Дæ хъæбулы хурæй нæ бафсæстæ, мад,

Ир бафсæст дæ хъæбулы хурæй, ныййарæг.

1995 азы 17 февраль

ПОЭТ ÆМÆ НЫМАЙÆГ

Мæныл гыццыл нæ рацыди кæд бонтæ,

Уæддæр ма дæн, Къостайы загъдау, сонт:

Ыстъалытæ нымайæджы кæд сомтæ

Нымайæгимæ рахуыдтон æмзонд.

1995 пзы I сентябрь

ХЪАХЪХЪÆНИНАГ ХИЦÆУТТÆ

Нæ сæргълæуджытæй фенæн иуы

Æнæ хъахъхъæнæг нæй...

Йæхæдæг хъахъхъæнинаг чи у,

Уый бахъахъхъæндзæн кæй?

1995 азы I сентябрь

УРС ХИЛТÆЙ САУДАРÆГ

Æз курын: ма мæм хæссут фау,

Ыстæй мæ ма нымайут сонтыл,

Мæ урс хилтæй кæй дарын сау

Мæ ивгъуыд азтæ, бонтыл.

1995 азы 15 сентябрь

МÆГУЫРДЗИНАД ÆМÆ РÆСТÆГ

Фыртыхстæй цы фæуон, нæ зонын; хъæрзын

Рынчынау æхсæвыгон, бон дæр:

Мæгуырæн нæ рæстæджы цæрын у зын,

Цыма йын уыд раздæр æнцондæр!

1995 азы 5 октябрь

ХЪУЫДЫТÆ

Дзаджджынимæ баст вæййы къæрис,

Баиу вæййынц быдыр æмæ хъæд...

Кæд æвзæрмæ хорз хъуыдытæ ис,

Хорзмæ дæр ис цауд хъуыдытæ уæд.

1995 азы 7 октябрь

ÆНÆДЫЗÆРДЫГÆЙ

Фидарæй дын у мæ бон зæгъын:

Мацæуыл дар фидарæй дæ зæрдæ,

Цасфæнды куы фæцæрай, уæддæр дæ

Бахъæудзæни иуахæм мæлын.

1996 азы 21 август

ЧИНЫГКÆСÆГМÆ

Мæ цыппаррæнхъонтæй дæ разы уыд мин,

Æмæ кæд фæфылдæр сæ фæрцы дæ цин,

Ыстæй уæд фæкъаддæр дæ хьыг æмæ мæт,

Нæ фæкуыстон уал азы дзæгъæлы уæд.


[1] Цъыфджыy — хъæуы ном Уæлладжыры комы.

[2] «Газгайы чындз» — Бицъоты Гришæйы повесты сæргонд.

[3] Сурæт — повесты сæйраг архайджытæй иу.

[4] Фыдæлтæм ахæм ныхас уыд: «Арахъхъæн йæ иу — мины аргъ, йæ мин — иуы аргъ».

[5] Ацы ном æмæ мыггаг мæм стыр дамгъæтæй фыссын тæригъæд кæсы. (Автор).






Не нашли, что искали? Воспользуйтесь поиском:

vikidalka.ru - 2015-2024 год. Все права принадлежат их авторам! Нарушение авторских прав | Нарушение персональных данных