Главная

Популярная публикация

Научная публикация

Случайная публикация

Обратная связь

ТОР 5 статей:

Методические подходы к анализу финансового состояния предприятия

Проблема периодизации русской литературы ХХ века. Краткая характеристика второй половины ХХ века

Ценовые и неценовые факторы

Характеристика шлифовальных кругов и ее маркировка

Служебные части речи. Предлог. Союз. Частицы

КАТЕГОРИИ:






КУЫРЫХОНЫ ЗОНДАМЫНД 8 страница




Чи нæ амæлдзæни, ахæм дæр уæд ис.

1986 азы 2 октябрь

ÆНУСОН САБИ

Дæуæн мæ хъуыдытæ æргомæй

Æнæзæгъгæ ныртæккæ нæй:

Дæ былтæ баззадысты хомæй,

Дæ зонд — цъæхæй.

1986 азы 3 октябрь

СУСÆГДЗИНАД

Æккæлаты Дауыры ныхæстæй

Кæнын мæ сусæгдзинад хъæр

Сымахæн ардыгæй фæстæмæ:

Куы уаид, куы мæрдты æвзæр,

Уæд дзы иу ралидзид фæстæмæ.

1986 азы 4 октябрь

ДЗÆГЪÆЛ МÆТ

Мæ царды фæндаг уаид æнæаиптт, æмраст,

Нæ йын фæтæрсин никуы æрвнæрд æмæ зæйхафтæй,

Кæй нæ уыдтæн, æз ууыл куыннæ фæкæнын маст,

Кæй нал уыдзынæн, ууыл куы нæ кæнин мæт афтæ.

1986 азы 7 октябрь

ÆНЦОЙАД

Мæ зæрдæ риу куыдфæнды хойæд,

Уæддæр æй абырсдзæни низ...

Нæй ацы сау зæххыл æнцойад,

Æнцойад ацы зæххы ис.

1986 азы 8 октябрь

АХÆМ УДЫХЪÆД

Кæй нæ уарзыс ды уазæг, уый мæм хъуыст —

Æрдзæй фæци дæу ахæм удыхъæд...

Мæ бацыдæй дæ зæрдæ кæд фæрыст,

Мæ рацыдæй дын барухс уыдзæн уæд.

1986 азы 8 октябрь

ДЗИДЗИДАЙ СЫВÆЛЛОНЫ ЗИАНЫ

«Сыгъдæг дзæнæты уæд дæ бадæн, —

Кæугæйæ зæронд ус дзырдта, —

Цæрынæн райгуырдысты адæм,

Мæлынæн райгуырдтæ ды та».

1986 азы 8 октябрь

ХИНÆЙДЗАГ БÆЛЛИЦ

Мæ хъуыды, цъæх айнæг хæхты сæрты тæх,

Ныллæгдæр æрхизын-иу ма ’рхæсс дæ сæрмæ...

Цæйбæрц каст æнхъæлмæ мæ райгуырдмæ зæхх,

Мæ мæлæтмæ уыйбæрц куы кæсид æнхъæлмæ.

1986 азы 10 октябрь

ÆНАХУЫР НЫВГÆНÆГ

Райсомæй изæрмæ хур

Тавы сæрд-сæрддæргъы зæхх,

Скæны цъæх сыфтæртæй бур,

Буртæй нал ыскæны цъæх.

1986 азы 10 октябрь

БАСТДЗИНАД

Зæрдæйы-иу зæрдæ йæ хъармæй

Куы тавид, нæ кæнид уæд хъарм...

Кæй нæ тæрсы битъына калмæй,

Гъеуымæн дзы фæтæрсы калм.

1986 азы 11 октябрь

НОГ ДИССАГ

Хъысмæты цæфтæй иу — тынгдæр риссаг,

Иннæмæн къаддæр дзæвгар йæ рис...

Кæй цæрын, уый мæм нал кæсы диссаг,

Кæй нал цæрдзынæн — ууыл мæ дис.

1986 азы 12 октябрь

ХЪУЫДЫТÆ

Æнахуыр хъуыдыты куы ацæуы сæр,

Уæд нал вæййы уыдонæн хатгай сæрбос...

Чызджы хуызæн рæсугъд лæппу нæу æвзæр,

Лæппуйы хуызæн фыдынд чызг та нæу хорз.

1986 азы 12 октябрь

ФИДАР ÆМÆ ЛÆМÆГЪ

Æз нæ хонын хъæддыхтæй мæхи дæр,

Къорд хатты мæ быны змæлыд зæхх...

Иу вæййы уæззау цæфæн дæр фидар,

Иннæ та — рæуæгæн дæр лæмæгъ.

1986 азы 12 октябрь

ФÆСУС ХАЛОН

Кæй фæкъаддæр бирæ дæ хъæр,

Нæ хоны уый иу дæр æвзæр:

Дæ ницæйаг зарæг рæстæгмæ

Нæ амондæн хъуысдзæн хæстæгмæ.

1986 азы 12 октябрь

КЪУЫНДÆГ РАН

Мæлæт æвзиды алкæмæ дæр кардæй,

Мæлæт нытътъысдзæн алкæй дæр йæ кард...

Кæнæ æз искуы ацæудзынæн цардæй,

Кæнæ мæ искуы ацæудзæни цард.

1986 азы 13 октябрь

ХÆЛД БАСТДЗИНАД

Æнусон тала нæ, фæлæ æнусон нæу хъæд дæр,

Ызмæлæг искуы нал уыдзæн мæ карæнтæй, цæуæг...

Кæй райгуырдыстæм, уый тыххæй мæлдзыстæм мах кæддæр,

Кæй амæлдзыстæм, уый тыххæй нæ гуырдзыстæм нæуæг.

1986 азы 17 октябрь

БÆРЗОНД АРÆН

Кæд исчи сылгоймæгты уарзта мæнау,

Уæд уымæ æз никуы æрхæсдзынæн фау,

Фæлæ сæ кæд исчи нæ уарзта мæ бæрц,

Уæд уыдонæй ме ’хсæн хох самадта æрдз.

1986 азы 17 октябрь

СЫВÆЛЛОНÆЙ ЗÆРОНДМÆ

Тæхæм фæдисы, адæймаг фæуын

Æнхъæл нæ вæййы афтæ тагъд йæ бонтæн...

Гыццылы бон нæма вæййы цæуын,

Цæуын йæ бон та нал вæййы зæровдæн.

1986 азы 18 октябрь

МÆ ЗÆГЪИНАГ

Зæгъинаг дæн рагæй дæуæн,

Мæ дзырдтæй нæй иуы дæр фауæн:

Хæрдмæ ис сындæггай цæуæн,

Бынмæ та къæдзæх-дурау — хауæн.

1986 азы 18 октябрь

ЗАРÆГ

Боныгон нымбæхсы стъалы,

Суадзы талынджы цъæх арт...

Терчы хъæр нæ хъуысы малы —

Райгуыры цæугæйæ зард.

1986 азы 18 октябрь

ЗÆРДÆЙЫ НИЗ

Мæхицæй тыхджындæртæ бирæ кæй ис,

Нæу ууыл æппындæр мæ зæрдæйы рис;

Мæнæй ма æдыхдæртæ ноджы кæй ис,

Гъеуый мын æфтауы мæ зæрдæйыл низ.

1986 азы 19 октябрь

НАФТÆ

Мæ бонтæ уыдаиккой нафтæ,

Хæстæг мæм нæ цыдаид мæт,

Мæ райгуырд куыннæ зыдтон, афтæ

Мæ мæлæт куы нæ зонин, уæд.

1986 азы 20 октябрь

МÆЛÆТ

Мæ фæндаджы кæрон хуыснæгау нымбæхст,

Æууæнды, саг иу бон кæй зындзæн фæрæтмæ...

Куыд фæцæуы калмы дзых-хъæлæсмæ хæфс,

Мæхи къахæй афтæ фæцæуын мæлæтмæ.

1986 азы 20 октябрь

РУХС

Алы æфсинæн дæр уарзы мæ цæст:

Дзуллагæй макуы фæцудæд йæ арынг...

Рухс уæд æхсæвыгон бонау, æрмæст

Боныгон ма уæд æхсæвау хуыдалынг.

1986 азы 21 октябрь

КЪУЫВДÆГ

Бæллæхы бахаудтат, бæллæхы,

Тæригъæд уын фæкæны лæг:

Кæддæр уын иу хæдон уæрæх уыд,

Ныр та уын иу зæхх у къуындæг.

1986 азы 22 октябрь

ИРЫСТОНЫ ХУЫЗДÆР ХЪÆБУЛ

Мæ райгуырæн фыдызæххæн Леуаны фыртау нæй,

Кæй нылхъива тæккæ тынгдæр ныййарæгау йæриумæ...

Йæ фыстытыл-иу иунæгæй хъæрæй куыдта, цæмæй

Æмбу кæна Иры дзыллæ хъæлæсыдзагæй иумæ.

1986 азы 25 октябрь

ФÆНДОН

Нæ бахъæлдзæг уыдзынæн минæй,

Нæ кæнын ис-бистыл мæт дæр...

Кæд риссыс, зæрдæ, уæд — фырцинæй,

Кæлыс кæд, цæстысыг, — уæд дæр.

1986 азы 25 октябрь

ЗОНЫН ÆМÆ НÆ ЗОНЫН

Къæсхуыр дæр æй нæ хонын,

Уæлдай йыл нæй фыд дæр...

У иуæй-иуты «зонын»

«Нæ зонын»-æй фыддæр.

1986 азы 25 октябрь

ДИССАГ

Диссагыл куы нæ фæкæнынц дис,

Уæд вæййы йæхæдæг дæр уый диссаг...

Цардæмбал у амонды æмбис,

Фæлæ алчи не свæййы æмбисваг.

1986 азы 26 октябрь

ХУЫМÆТÆДЖЫ ХЪУЫДЫТÆ

Хъуыддапжы мæ бахъæудзæн искуы дæ сæр дæр,

Ыстæй дын хъыуамæ ысбæззон æз дæр...

Хуыздæр-иу куы уаид — нæ уаид æвзæрдæр,

Æвзæрдæр куы уаид — нæ уаид хуыздæр.

1986 азы 27 октябрь

БОНТÆ

Цард кæны йæхи кæнонтæ,

Алкæмæй дæр фаг æрцæудзæн домд...

Мах куыд зæронд кæнынц бонтæ,

Афтæ бонты мах кæнæм зæронд.

1986 азы 29 октябрь

ХОРЗ ЛÆДЖЫ ЦАУД ФЫРТÆН

Вæййы, дам, цотæй хорз адæмæн сур хай,

Сæ кæстæртæй фæкæнынц арæх хъаст...

Дæ фыд цы мæсыг самадта, уый дургай

Фæдæ хуыснæгау дæлджинæгмæ хаст.

1986 азы 31 октябрь

МÆНГАРД ÆРДХОРД

Мæ фыдгулæй кæй сарæзтай дæ лымæн,

Мæнæн уый абон сусæгдзинад нæу...

Æгасæй дæ кæй баныгæдтон, уымæн

Мæн нал хъæудзæн ныгæнын мардæй дæу.

1986 азы 31 октябрь

АМОНДДЖЫН

Æз дæ куыд нæ хъæуын, мæн афтæ

Куынæуал хъæуис, уæд мæнæй

Æнамонддæр зæххыл нæ уаид,

Ныр та мæнау амондджын нæй.

1986 азы 31 октябрь

ХЪÆД ÆМÆ БÆЛАС

Куы амæла иу бæлас, уæд

Æгас уыдзæн раздæрау хъæд,

Куы амæла искæд бон хъæд,

Уæд нал уыдзæн бæлæстæй фæд.

1986 азы 1 ноябрь

ХЪÆРÆЙ

Ацы ныхæстæ мæ бон

У зæгъын дзæвгар хъæрдæрæй:

«Зæхмæ цас хæстæгдæр уон,

Уый бæрц хаудзынæн дæлдæрæй».

1986 азы 1 ноябрь

ДЗУРÆГ ÆМÆ КÆНÆГ

Алы диссæгтæ лæхурæг

Никуы уыдис кадджын лæг...

Иу вæййы æгъдауыл дзурæг,

Иннæ та — æгъдау кæнæг.

1986 азы 4 ноябрь

ФÆНДЗАЙАЗДЗЫД — ÆСГДÆСАЗДЗЫДÆН

Сау дыууæ цæсты рухс мæ дæ цæстытау тавта,

Дард-иу алыгъд сæ фæрцы мæ сагъæс, мæ зын...

Дæу дæхицæй æюонгдæр куыннæ фæнды, афтæ

Нал фæнды мæн мæхицæй зæронддæр кæнын.

1986 азы 6 ноябрь

КЪОСТА МÆ ЦÆСГОМ У, ЗÆГЪГÆ, ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН

Дæ хоры кæритæн сæ фылдæр — зыгуымæй,

Дæ гонты мæгъæлдагæй къаддæр — мæнæу...

Къостайы дæ цæсгом кæй рахуыдтай, уымæй

Æз хонын æдзæсгом, æнæчетар дæу.

1986 азы 6 ноябрь

СЫГЪДÆГЦÆСГОМÆЙ

Мæлæт нæ кæсы азты нымæц, кармæ,

Вæййы йæ фæстæ найгондау быгъдæг...

Цæудзынæн кæд æз сау ингæны тармæ,

Уæддæр мæ цæсгом хъуамæ уа сыгъдæг.

1986 азы 7 ноябрь

КУЫРМЫТÆ

Алы лæгæн дæр йæ зыны

Ды æххуыс кæнынмæ тырн...

Иу цæстытæй хорз нæ уыны,

Иннæ у зæрдæйæ куырм.

1986 азы 7 ноябрь

РÆСУГЪД ÆМÆ ФЫДЫНД

Бафтæд амонд фыдкъухты —

Фестдзæн булæмæргъ сынт...

Чи фыдындæй рæсугъд у,

Чи — рæсугъдæй фыдынд.

1986 азы 7 ноябрь

ДÆ ФЫСТЫТÆ

Куы хæссон æз æдзух мæ дзых хуыдæй,

Уæддæр дыи адæм иуахæм зæгъдзысты:

«Дæ фыстыты сæры хъæстæ куыд нæй,

Зæрдæйы хъæстæ афтæ нæй дæ фысты».

1986 азы 7 ноябрь

СЫЛГОЙМÆГТЫ УАЙДЗÆФ

Сылгоймæгтыл цы не сбадти кæддæр,

Уый баййæфта нæ иуæй-иуты сæр,

Æндæр нæ хъуысид алырдыгæй ныр:

«Уæ дзыкку даргъ у, у уæ зонд цыбыр».

1986 азы 10 ноябрь

ÆХЦАДЖЫН

Зæххыл ма кæм хæцыс — уæлæрвты тæхыс,

Æрттивы дæ дарæс, сæрыстыр — дæ хуыз...

Æхцайау куы нæ уаис зондæй дæр хъуаг,

Дæу аккаг дзырдтæ уæд лæг не ссарид фаг.

1986 азы 10 ноябрь

БÆЛÆСТÆ

Уымæ фæмæлын хæлæгæй,

Чи нæ æнкъары тыхцæф,

Уазал кæмæн нæу бæгънæгæй,

Дзаумæтты тыхтæй — æнтæф.

1986 азы 10 ноябрь

ТЫХДЖЫН АХУЫРГÆНÆГ ЛÆМÆГЪ ФЫССÆГÆН

Куы ныххæцин ахæм ран искуы мæ дзыхыл,

Мæхи уæд мæхæдæг ысхонин хуырым...

Дæ фыстытæн хъуамæ кæм дзурин сæ тыхыл,

Фæдзурын сæ æдыхдзинадыл æз уым.

1986 азы 10 ноябрь

РУХС ÆМÆ ТАЛЫНГ

Зарджытæ зары нæ хъал уынг,

Сагъæсы уынæр ныхъхъус...

Рухсы куыд асуры талынг,

Афтæ йæ асуры рухс.

1986 азы 10 ноябрь

ÆЦÆГДЗИНÆДТÆ

Царды арæзт æмæ конд

Ахуыр кæн зæронды онг...

Ды куыд нæма дæ зæронд,

Афтæ нал уыдзынæ ’взонг.

1986 азы 11 ноябрь

МАСТ

Мæ зæрдæ æз дарын ныфсджынæй мæхиуыл:

Мæ къух æз нæ сисин зæххон уæргътæй иуыл...

Мæ цин дæр мæ хъыгау кæй фæуыдзæн, маст

Æз ууыл фæкæнын, хъысмæтæй та — хъаст.

1986 азы 11 ноябрь

ДАРДДÆР — ХÆСТÆГДÆР

Куы зæгъон мæ ныхас — уыдзæни æцæг

Кæцырандæриддæр, цыфæнды рæстæг дæр:

Цас дарддæр дæ хуызæтгæй ацæуа лæг,

Фæуыдзæн рæстдзинадмæ уыйбæрц хæстæгдæр.

1986 азы 12 ноябрь

СТЫР БЫНАТЫ ЗЫРЗЫРГÆНГÆЙÆ БАДÆГÆН

Куыдæй дæм агуырдæуа зонд,

Æнахуыр адæймаджы хъæд,

Кæныс дæ чысыл цард нывонд

Дæ дынджыр с...н кæд?

1986 азы 4 декабрь

ÆФСИС

Иугæр ыстыхджын дæ низ —

Афæдзтæ сæй æмæ сæй...

Цардæй ысфæлмæцæн ис,

Фæлæ дзы бафсæдæн нæй.

1986 азы 8 декабрь

ÆФХÆРДÆН — ÆФХÆРД

Хæрæг æм нæ фæлæудзæн бастæй,

Цыфæнды цыбыр уæд йæ баст...

Кæй бафхæрдта бирæты растæй,

Æрцыд уымæн карз æфхæрд раст.

1986 азы 16 декабрь

МÆГУЫР

Йæ фыстытæн сæ къæбæлдзыг

Куы æрæлвынид лæг,

Уæд, нард чи зынд, æгæр хъæздыг,

Уый разынид мæллæг.

1986 азы 31 декабрь

ЗЫН УАВÆРЫ

Куыннæ мын уа дæ уавæр зын,

Æмдзыхæй дæ кæд хонынц сонт...

Дæ сæры цъуппыл нал ис хъуын,

Йæ тæккæ арфдæр къуымы — зонд.

1986 азы 31 декабрь

МÆСЫГ

Уый, æвæдза, диссаг та куыд нæу,

Цаутæ бонтау мæрдтимæ фæныгæн!

Иу мæсыгæй саразæн уыд хъæу,

Иу хъæу та нæ фаг кодта мæсыгæн.

1987 азы 4 январь

ЗÆХХ

Дуне искæд бон кæудзæн —

Ингæнмæ æз дæр цæудзынæн...

Мардæй дæр мæ зæхх хъæудзæн,

Зæххы мардæй дæр хъæудзынæн.

1987 азы 16 январь

ПОЭТÆН

Загъта æмбисбон «хæрзæхсæв!» йæ цардæн, —

Зæххы æмуæз рыстæй дзаг уыд йæ риу...

Дзурдзæни алчидæр «рухсаг!» йæ мардæн,

«Рухсаг!» йæ фыстæн нæ зæгъдзæни иу.

1987 азы 17 январь

НÆ ЗОНЫН

Цæвæджы разæй фæцырд вæййы хъавæг,

Бассæнды арфдæр ран сонт барæг доны...

Базыдтон: хицауæй рауади давæг,

Давæг ма хицау цæмæн у, нæ зонын.

1987 азы 24 январь

ЗÆВÆТТÆСДÆРДЖЫТÆ ÆМÆ ДЗЫРДХÆСДЖЫТÆЙ МЕ СÆФТ УЫНЫН, ЗÆГЪГÆ, ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН

Нæ мын дзырдта хабæрттæ чидæр —

Йæхæдæг сæ а лæппу каст...

Куы нæ уарзыс, гормон, дæхи дæр,

Куыд тауыс уæд махыл дæ уарзт?!

1987 азы 2 февраль

БАЗОН-БАЗОН

Мыййаг, нæу маргъ,

Фæлæ гом — хъуыр.

Йæ къубал — даргъ,

Йæ зонд — цыбыр.

1987 азы 4 февраль

ÆНЦОЙАДÆЙ ÆНЦОЙАДМÆ

Æргъæвы мæлæты бон алчидæр дардмæ,

Кæцыфæнды тас дæр æдасдæр у дардæй...

Æнцойадæй иу хатт æрбацыдтæн цардмæ,

Цæудзынæн æнцойадмæ иннæ хатт цардæй.

1987 азы 15 февраль

РÆСТÆДЖЫТÆ

Хæрам кæнын — сæ фыддæр фыдтæн,

Хъæндзинæдты егъаудæр хъæн...

Кæддæр уæ иуы дæр нæ хъуыдтæн,

Уæ иу дæр ныр нæ хъæуы мæн.

1987 азы 19 февраль

ХÆЛÆДЖЫ АККАГ

Уыдзынæ æрыгон, нæй уый тыххæй дзырд,

Хæлæг дæм кæндзысты, зæгъон дын æй кæд? —

Дæ фырты фырты дын куы хоной дæ фырт,

Дæ фырты фырты фырт куы нæ хоной, уæд.

1987 азы 21 февраль

ФЫДГУЛ

Куы рахъæр уа иу хатт дæ хин,

Уæд ничиуал хондзæн дæу раст...

Мæ мастыл куыд фæкæныс цин,

Мæ циныл кæныс афтæ маст.

1987 азы 1 мартъи

ГАЛИУ

Лыг кæнын нæ фæхъæуы къалиу, —

Куы йыл уа дæхи хъысмæт баст...

Кæй фæхоныс раст лæджы галиу,

Нæ дæ хонын уый тыххæй раст.

1987 азы 14 мартъи

ХЪОДЫ

Дæ сау митæн нæй арæнтæ ыссарæн,

Нæ зоныс бæрц дæ фыддзинæдты уагæн...

Дæ ызнаг мæ куыннæ хъæуы хæларæн,

Дæ хæлар мæ нæ хъæуы афтæ знагæн.

1987 азы 15 мартьи

ДÆ ФАРСÆЙ

Равзæрста дæ кæд хæларæн арс,

Уæд дæлдæр дæу ничи хондзæн арсæй...

Раст лæгæн кæй нæ вæййыс йæ фарс,

Уый фæуыдзæн иуахæм дæ фарсæй.

1987 азы 15 мартъи

КУЫД ДАРДДÆР...

Уыдтæ мæ зæрдæмæ хæстæг,

Уыдтæ мæ зæрдæйыл ныхæст,

Ныр ахæм ралæууыд рæстæг,

Куы дæ мæ зæрдæйы æмбæхст.

1987 азы 20 мартъи

КÆЙДÆР МЫГГАДЖЫ ФÆСТАГ ÆРДÆГÆЙ ЙÆХИЦÆН ФÆСНОМЫГ ЧИ САРÆЗТА, УЫМÆН

Куыннæ йæ хонæм бонвыддæр, æлгъыстаг,

Ныссау йæ сæрмæ кæд бынтондæр арв:

Кæйдæр мыггагæн равзæрста йæ фæстаг

Фæсномыгæн æмæ дзы бамбæхст арф.

1987 азы 28 мартъи

НИЦÆЙАГ НОМ

Дæ адæмы цæсгомыл тутæ кæнынæй

Кæй кæныс кæйдæр цур дæхицæн цæсгом,

Гъеуымæн дæлджинæджы арфы фæбынæй

Уыдзæни æнæмæнг дæ ницæйаг ном,

1987 азы 29 мартъи

ФÆСМОН

Гуыдиаты Муратæн

Рæдъгдыстæм, нæй йыл ныхас дæр,

Нæ нæм хъардта адæмы хъæр...

Цы къухтæй æмдзæгъд кодтам раздæр,

Ныр уыдонæй хойæм нæ сæр.

1987 азы 11 апрель

МÆ НЫХАС

Мæхицæн дæр загътон. дæуæн дæр зæгъын

Мæ зæрдиаг ныхас — мæ лæвар, мæ хуын:

Дæ кадæй дæм ма уæд зынаргъдæр дæ уд,

Дæ сæрæй та ма уæд зынаргъдæр дæ худ.

1987 азы 25 апрель

ГÆМÆХ

Цæмæй йæ базонай дзæбæх,

Æркæс æм уый тыххæй дзæбæхдæр...

Йæ сæр у æдде дæр гæмæх,

Фæлæ у мидæгæй гæмæхдæр.

1987 азы 26 апрель

ЗИЛДУХ

Ды куы лидзай искуыдæм дæ хæсæй —

Баззайдзæн æнæфыстæй дæ хæс...

Кæм уæлмæрдтæ рауайы цъæх фæзæй,

Кæм уæлмæрдтæй рауайы цъæх фæз.

1987 азы 29 апрель

КАЛМЫ ХЪЫСМÆТ

Кæйфæнды зæрдæйæн дæр хъармæй

Тæссаг у, куы бавзара зын...

Кæддæр-иу куыд тынг тарстæн калмæй,

Ныр афтæ тынг калмæн тæрсын.

1987 азы 6 май

ÆРТТЫВДТЫТÆ

Дзæккоры бæсты ма ис сивыр,

Кæннод дæ хондзысты фæлхæрст...

Кæмæн йæ сæры зонд æрттивы,

Кæмæн — йæ цырыхъхъыты сæрст.

1987 азы 7 май

ДÆ ФÆРЦЫ

Кæцыфæнды ран дæр тæссаг у «æгæр»,

Фæтæрсы кæддæриддæр зондджын «æгæр»-æй...

Бæрзæндты кæй хæссын дæ фæрцы мæ сæр,

Ныллæг дын æз уымæн фæкувын мæ сæрæй.

1987 азы 8 май

ФÆТК

Цардæн кæд райсом ис — ис ын изæр дæр,

Тынгæй йæ тынгдæр æнкъарын æз дæр...

Хуыздæрты астæу вæййы кæд æвзæрдæр,

Æвзæрты астæу вæййы уæд хуыздæр.

1987 азы 13 май

КÆРÆДЗИЙЫ АККАГ

Ныронг дæр бирæгъ ахæм фыстæ давта,

Кæй тæн уыд хауд, кæмæн уыд саст йæ син...

«Газгайы чындз»[2] куыннæ фæрæстмæ, афтæ

Сурæтæн[3] та нæ фæрæстмæ æфсин.

1987 азы 18 май

МÆГУЫРГУР

Йæ кусæнгæрзты иударон кæй у æдзухдæр куыф,

Фæхонын æй æз уый тыххæй гæвзыкк æмæ мæгуыр...

Сæрыстырæй ныл бакаддта сæумæдæвдæгæй цъыф,

Фæсахсæвæр та ракуырдта сæргуыбырæй хатыр.

1987 азы 19 май

СЫРД

Куы нæ дæм фæкæсой мæ ныхæстæ раст,

Уæддæр дæм æз ратдзынæн иу ахæм фарст:

«Дæ мад уыд сылгоймаг, нæлгоймаг — дæ фыд,

Зæгъ-ма, уæд дæхицæй куыд рауади сырд?»

1987 азы 19 май

НÆРТОН ЗОНД

Иуæй-иу зынгхуыстæй дæр у кадджын цæсты,

Иннæ та цæрдудæй — фидис æмæ фау...

Мæрдтимæ æгасæй баззайыны бæсты

Æгæстимæ амæл тохы бон фæлтау.

1987 азы 20 май

ДЫУУÆ ТЫХЫ

Кæд æууæндыс ды дæ сыхыл,

Баууæнддзæн дыл уæд дæ сых...

Иу тых бафтауы нæ тыхыл,

Иннæ — басæтты нæ тых.

1987 азы 30 май

1946-ÆМ ÆХХОРМАГ АЗ МЫСГÆЙÆ

Нæ баци ивгъуыд дуг фынæй,

Нæ кæны рох æхсæвæй-бонæй...

Дæлæмæ чи цыди зынæй,

Цыди уæлæмæ уый æнцонæй.

1987 азы 30 май

РАГОН ХЪУЫДЫ

Зыд бирæгътимæ бацæуы фыдхæсты

Йæ урс уæрыччы сæрвæлтау фыс дæр...

Кæйдæр зæххыл хъæздыг уæвыны бæсты






Не нашли, что искали? Воспользуйтесь поиском:

vikidalka.ru - 2015-2024 год. Все права принадлежат их авторам! Нарушение авторских прав | Нарушение персональных данных