Главная

Популярная публикация

Научная публикация

Случайная публикация

Обратная связь

ТОР 5 статей:

Методические подходы к анализу финансового состояния предприятия

Проблема периодизации русской литературы ХХ века. Краткая характеристика второй половины ХХ века

Ценовые и неценовые факторы

Характеристика шлифовальных кругов и ее маркировка

Служебные части речи. Предлог. Союз. Частицы

КАТЕГОРИИ:






КУЫРЫХОНЫ ЗОНДАМЫНД 7 страница




1986 азы 23 апрель

ÆНÆУЫНОНДЗИНАД ÆМÆ УАРЗОНДЗИНАД

Зæрдæйы дуæрттæн сæ уæрæхдæр — дзых,

Æрхæссы йын амонд, кæны йæ æгад дæр...

Фыдгулмæ æнæуынондзинад тых

Æфсымæрмæ уарзондзинадæй нæу къаддæр.

1986 азы 2 май

ЗÆРОНД АРАХЪХЪ

Дæ риуы кæд мæра уд и,

Уæддæр дæхи фæнд ма тæр...

Æвзонгæй дæр æрра уыди,

Зæрондæй та — æррадæр.

1986 азы 2 май

ЦОЛАЙÆ БОЛАМÆ

Куынæма ныффыста «Цола»,

Уыди уæд къæсхуыртæ, цола,

Фæлæ йæм куы фæзынд «Цола»,

Уæд рауади уымæй Бола.

1986 азы 5 май

ДÆХИ ЦЫ ХОНАЙ...

Мæхи мæгуыр кæй нæ хонын,

Æз уымæй дæн хъæздыг.

Дæхи хъæздыг кæй нæ хоныс,

Мæгуыр дæ уымæй ды.

1986 азы 6 май

ФЫДÆНХЪÆЛ

Фæсмон кæй хæры, фæсмон кæй мары,

Æххуыс фæхъæуы æнæмæнг уымæн...

Кæй дæ æнхъæлцау кæйдæр хæдзары,

Дæуæй фыдæнхъæл фæдæн æз уымæн.

1986 азы 9 май

ХЪУЫДЫ

Цасфæнды тæрхæттæ кæн,

Растдæр нæй хъуыдымæ бафтæн:

Æз нæ уыдтæн, фæлæ дæн,

Тагъд куыд нал уыдзынæн, афтæ.

1986 азы 9 май

ЙÆ ЧИНЫГ «ФÆЗЗÆДЖЫ ХЪÆР» ЧИ СХУЫДТА, УЫМÆН

Дзырдтой дын иу æмбырды раст,

Зæгъдзынæн æй æз дæр:

Дæ чиныджы хъæр æмæ ахст

Фæззæгæй ис фылдæр.

1986 азы 16 май

НÆ ХОХ, НÆ МÆСЫГ

Куыд гыццыл ныффыстай, куыд бирæ дзы загътай,

Дæ хъæлæс куыд тынг хъуысы талынгæй рухсмæ!

Дæ «Катай»-ы додой, дæ «Додой»-ы катай

Мæ риуы кæндзысты фæдисхъæр æнусмæ.

1986 азы 17 май

МÆ САГЪÆСЫ СÆР

Мæ сæрыл кæй нал уыдзæн искæд бон хъуын,

Нæ мæм хъары уый мæт, нæ хатын йæ зын.

Мæ дзыккутæн искæд кæй нал уыдзæн сæр,

У ууыл мæ хъынцъым, мæ сагъæсы сæр.

1986 азы 17 май

ЙÆХÆДÆГ

Цасфæнды дæ рæбынты æфсæр —

Уадздзæн сæ кæддæр дзæгъæл сæ фæтæг...

Хорзимæ кæмæн вæййы æвзæр,

Хорз нæу уый, фыццаджыдæр, йæхæдæг.

1986 азы 17 май

ДЗУАПДÆТГÆГ

Мин азы куы фæцæрай, уæддæр

Дар фыдтæм дæ хæцæнгæрзтæ цыргъ...

Дзыхы тыххæй дзуапп фæдæтты сæр,

Сæры тыххæй дзуапп нæ дæтты дзых.

1986 азы 7 июнь

АДÆЙМАГ

Куыннæ у диссаг адæймаг, йæ удыхъæды конд!

Йæ рафæддыст — æнæивгæ, æппарæн дзы нæй къæртт...

Зæрондæй нæм куы æрцæуы нæ сывæллоны зонд,

Зæронды зонд нæм сабийæ цæуыннæ цæуы уæд?

1986 азы 7 июнь

ДУГЪОН ÆМÆ ФЫССÆГ

Карл Фарæстæмы загъдау

Зондджын лæг Карлимæ иу зондыл хæст

Адæмтæ бирæ дæр базыдта цард:

Дугъонау хъуамæ фыссæг уа æфсæст,

Фæлæ хæсгæ хуыйау макуы уа нард.

1986 азы 7 июнь

БЫНАТЫЛ МАРД

Кæны йæхинымæр æртхъирæн,

Нæ хаты искæйы зынад...

Зæххыл бынат куы нал уа Ирæн,

Уæддæр йæхицæн уæд бынат.

1986 азы 20 июнь

УЫНАФФÆ

Нал у йæ циндзинад бамбæхсынхъом:

— Радтой мын адæмон артисты ном!

— Иугæр дæ къухы кæм бафтыди ном,

Уым сæ ныр курдиатыл дæр ныддом.

1986 азы 21 июнь

ДЫУУÆ ЦАРДЫ

Ницæййаг хъуыддæгтыл ма домут мæн, —

Нæу сыл рæстæгсафæн кæнын мæ бон...

Иу лæджы цардæн ис царды фæуæн,

Фæлæ нæй цардæн йæхицæн кæрон.

1986 азы 22 июнь

РАЗДÆР ЙÆ НОМЫЛ ЧИ НÆ САСТ, ФÆСТÆДÆР ЙÆ ФЫСТЫЛ, МÆ УЫЦЫ КРИТИКÆН

Йæ сæрыл нал и сау хъуын, йæ былтæ та сты хом,

Æнаггаг митæй кусы уæддæр йæхицæн мызд...

Куы ныффыста цъыфкалæн, уæд бамбæхста йæ ном,

Куы рабæрæг йæ мыггаг, уæд бамбæхста йæ фыст.

1986 азы 26 июнь

ФУТБОЛИСТ

Дæ дзырдтæ кæй разынынц мæнг,

Уый хъизæмар бафтауы махыл...

Йæ къухыл кæмæн нæй æууæнк,

Куыд баууæндæм уымæн йæ къахыл?

1986 азы 26 июнь

ХÆРÆГСАСТ

Кæддæрты мæ цы рын тылдта, цы рын,

Куы-иу уыдтæн æз галиу митыл баст?!

Дæ фарс кæй дзырдтон, уымæй дæн зылын,

Кæй дзурын ныр дæ ныхмæ, уымæй — раст.

1986 азы 29 июнь

МÆ КÆДДÆРЫ ХÆЛАРÆН

Фæзæгъынц: фæстæмæ нæ раздæхдзæн хуымæй

Дыууæ æмсиахсæй хæрæджы къæлæу...

Мæ хæлар кæй уыдтæ, зыдтой ма дæ уымæй,

Ныр уымæй дæр ничиуал зондзæни дæу.

1986 азы 3 июль

ÆМХУЫЗОВДЗИНАД

Бырæттæн у сæ хуыздæр хос цъылын:

Æрцæуынц уымæй алы хатт дæр марзт...

Куыннæ фæкомы раст кæнын зылын,

Зылын кæнын нæ комы афтæ раст.

1986 азы 6 июль

ДЫУУÆ МЫГГАДЖЫ

Сусæгдзинады чырын

У рæхыстæй фидар баст...

Расты чи хоны зылын,

Уый зылыны хоны раст.

1986 азы 11 июль

ЦÆРÆНБОНТЫ ФАГ

Куы ныууариккой ис-бистæ гæр-гæрæй,

Уæд сыл фыццаг дæ сæр æрцæуид хаст...

Цы бакæныс ды иу бонмæ æвзæрæй,

Уый хорзæн у цæрæнбонты фаг маст.

1986 азы 14 июль

НÆФÆТЧИАГ

Мæ цæсгомы царм никуы уыд æрчъиаг,

Æмæ мæм ма худ, нæй дæ хинты тъгх...

Куы саразин нæфæтчиагæй фæтчиаг,

Уæд асæттид æфсарм-хохыл мæ ных.

1986 азы 15 июль

ИУ ÆМÆ ИННÆ

Мысан алкæд нæ комы къуырын,

Цасдæриддæр æдзынæг уæд каст...

Иумæ раст дзырд фæкæсы зылын,

Иннæмæ та — зылын дзырд дæр раст.

1986 азы 21 июль

ЗÆРОНД

Æууилæн мæ дæндæгтæй нал ис кæрдзынæн,

Мæлæт мæм цыргъ кæнынтæ систа йæ кард...

Фыднизтæй куы хъæрзон, уæддæр ма цæрдзынæн,

Куы ницуал мæ рисса, уыдзынæн уæд мард.

1986 азы 31 июль

ÆГАСÆЙ ÆМÆ МАРДÆЙ

Хуыздæрты нымайгæйæ разæй

Нæ вæййын æз ме ’мгæрттау фыст...

Куы никæйы хъæуын æгасæй,

Уæд мардæй кæй хъæудзынæн æз?

1986 азы 2 август

ДЫУУÆ САГЪÆСЫ

Бандзар-ма дæ рухс бæллицтыл арт,

Кæддæра нæ фервæзис æрхуымæй...

Ды тæрсыс, куы баиу уа нæ цард,

Æз тæрсын, куы нæ баиу уа, уымæй.

1986 азы 3 август

ЦАРДÆЙ МÆЛÆТЫ АСТÆУ

У рæстæг æвæугæ, фæуыдзæн уæддæр,

Цæмæн риссын кæнон æз ууыл мæ сæр!

Кæсы мæм æнхъæлмæ кæд разæй мæлæт,

Цы ма мын ис фæсте, мæ зæрдиаг, уæд?!.

1986 азы 3 август

ÆНÆДЗУАПП УАРЗОВДЗИНАД

Дыууæ ’взонг зæрдæйы нæ бабаста уарзт —

Нæ фæкомы билцъ уадзын амонды апп...

Кæд алкæцы дзуаппæн дæр разыны фарст,

Цæуыннæ ис алкæцы фарстæн уæд дзуапп?

1986 азы 14 август

ÆВЗÆРÆЙ

Дæхицæн хорз æнхъæл уæвгæйæ,

Æвзæрæй арвыстай дæ цард.

Кæйдæр фæстæрдыгæй цæвгæйæ,

Дæхæдæг ды æрцыдтæ мард.

1986 азы 16 август

КЪÆЛÆТДЖЫН

Хицауы къæлæтджын — азымджын мæ цуры:

Ме ’рдхæрдты мын кайы, стайау сæм лæбуры,

Авæры сæ цъуппыл, сисы сæ Хъæриумæ

Æмæ дзы хæснагæн нал фæзынын иумæ.

1986 азы 18 август

ДÆ СÆРÆЙ УÆЛДÆР

Нæ фæци кæд дæ зонд фыццагæй къаддæр,

Æмæ ма кусы раздæрау дæ сæр,

Дæ фæстагæй цы бандоныл æрбадтæ,

Куыд систай уæд дæ сæрæй уый уæлдæр?

1986 азы 19 август

НИЗТÆ

Дæуæн у хорздзинад дæ рын,

Æвзæрдзинад — мæ рын...

Кæмæвдæр не ’нтысы цæрын,

Кæмæндæр та — мæлын.

1986 азы 24 август

КЪОСТАЙЫ ДÆЛДЖИНÆГГÆНÆГÆН

Кæмдæрты буц фысымтæ сæн

Æркæнынц уазæгæн йæ карæн...

Къостамæ хурау ис кæсæн,

Фæлæ йæм, зæдау, нæй æвналæн.

1986 азы 25 август

ДЗЫККУТÆ

Фæтар кæнынц бонтæ кæцыфæнды цау дæр,

Тыхджыны æдых дуг æрлæууы кæддæр...

Кæй дзыккутæ вæййынц æрыгонæй саудæр,

Вæййы уымæн урсдæр зæрондæй йæ сæр.

1986 азы 27 август

ХЪЫСМÆТ

Хъысмæты хъул — фæдфæлив, хин:

Куы бады фыр, куы бады цыг...

Тæрсын, куыд кæнут абон цин,

Кæддæр куы кæнат афтæ хъыг.

1986 азы 29 август

ХУДЫ СÆР

Бутъыройау чи нæу тутт,

Уый æмбары дуджы хъæр...

Кæд сæрæн фæхъæуы худ,

Худæн дæр хъæуы уæд сæр.

1986 азы 31 август

РÆСУГЪДТÆ

Цал рæсугъды базæронд ис арвы цъæхы бын,

Уал зæронды срæсугъд ногæй, уæд, — æргом зæгъын, —

Стъалы-рухс æрмынæг уаид ацы зæххы цур,

Ивддзаг кæнын райдаиккой зæххимæ зынг хур.

1986 азы 31 август

РАЦÆЙ-РАХСÆВ

Дардтам дыл кæддæр нæ зæрдæ, рахастам дын ныр тæрхон,

Ды нæ разындтæ нæ аккаг, базыдтам дæуæй нæ бон.

Рацæй-рабонмæ æнхъæлмæ махæй алкæцыдæр каст,

Фæлæ уый бæсты æрлæууыд рацæй-рахсæв, смал нæ маст.

1986 азы 31 август

ХЪАСТ

Сфæлмæцæм къæвдайы, сфæлмæцæм хуры,

Алчи нæ рæстæджы ныхмæ фæдзуры,

Фæлæ нæ вæййæм, æвæццæгæн, раст:

Рæстæг нæ тынгдæр кæнид хъуамæ хъаст.

1986 азы 4 сентябрь

ДÆ ХОРЗДЗИНАД

Бернард Шоуы мотив

Куы фервæзæм нæ сагъæссаг хъынцъымæй,

Фæзæгъæм уæд: ис алцæмæн гæнæн...

Æрмæстдæр мæ кæй нæ хъыгдардтай, уымæй

Ыстыр хорздзинад ракодтай мæнæн.

1986 азы 4 сентябрь

ÆФСИС

Куы дæм хъара кæйдæр хъизæмар, рис,

Дæ зын дæр хъардзæн уæд æндæрмæ арфдæр...

Цæрынæй цард куыд нæ зоны æфсис,

Мæлæт мæлынæй ’фсис нæ зоны афтæ.

1986 азы 4 сентябрь

УАЛДЗÆГМÆ БÆЛГÆЙÆ

Дзурынц, ныуазгæ-ныуазын, дам, ронгæй

Кодтой нæ фыдæлтæ раджы æвронг...

Зымæг куыд ралæудзæн ацы аз ногæй,

Афтæ ма уалдзæг куы ралæууид ног.

1986 азы 5 сентябрь

УАДЫВДЗ

Кадджыныл зары мæ уадындз,

Скæсын нæ уадзы æгады...

Иутæ къæлæтджыны бадынц,

Иннæтыл къæлæтджын бады.

1986 азы 5 сентябрь

ИУ ÆМÆ ИННÆ

Нæй дыл æууæнк æмæ ма хой дæ риу:

Рацыдтæ бирæтыл абонмæ хинæй...

Раст митæ кæнын куыннæ зоны иу,

Афтæ нæ зоны зылын митæ иннæ.

1986 азы 6 сентябрь

ТАЛÆУ

Алы лæджы дæр йæ номæй хон,

Иуæй-иутæм та æввахс дæр ма лæуу:

Мæлгæ-мæлын дын нæ ратдзæн дон,

Цæргæ-цæрын дыл бафтаудзæн талæу.

1986 азы 6 сентябрь

МÆ КÆСТÆР ХОТÆМ

Амæлдзынæн иннæтау æз дæр,

Маройаг уыдзæн кæддæр мæхи сæр.

Азтæ уыл куы рацæуа фылдæр,

Гъеуæддæр нæ фæуыдзыстут хистæр.

1986 азы 6 сентябрь

ЗИНЫ ÆЛГЪЫСТ

Дæ хуызæттыл рацыд гадзрахатæй зин,

Æрвылбон сыл калын фæхъæуы цæссыг...

Дæ къабæзты циныл куы нæ кæныс цин.

Уæд искæйы хъыгыл куыд кæндзынæ хъыг?

1986 азы 6 сентябрь

КУЫДЗЫ АМАРÆГ ШОФЫРÆН

Кæмæ нæ хъары удтухæнты маст,

Кæм уыдзæни æнæхатырдæр уымæй?!.

Дæ фæндагыл кæй ацыдтæ æмраст,

Фæзылын кодтай куыдзы цардвæд уымæй.

1986 азы 6 сентябрь

ÆНУСОН ФÆТК

Цъитийы хъæбæрæй равзæры дон,

Доны фæлмæнæй та — ихы фæзгъæртæ.

Æхсæвы талынгæй райгуыры бон,

Боны зынг рухсæй — хуыдалынг изæртæ.

1986 азы 7 сентябрь

РАГВÆЗЗÆГ

Æрæййæфта бæлæсты фæззæг цъæхæй,

Сæ рæстæг кæй фæци — сæ зæрды дæр нæй,

Кæй фæхъыздзæн иу бон, кæй ныккаддзæн мит,

Кæй фæзындзæн хур бонæй асæстмæ хид...

1986 азы 7 сентябрь

АЦЫДУНЕМÆ...

Сисин æрыгондзинадыл æз дис,

Зардæй куы стыхсид, куы сфæлмæцид кафтæй...

Ацы дунемæ æрцæуæн куыд ис,

Ацæуæн-иу дзы куы нæ уаид афтæ.

1986 азы 7 сентябрь

МÆ УДЫЛ ХÆЦÆГ

Дæ миддунейау ахады дæ конд дæр,

Ныфс мын уыдзынæ амæлæты онг...

Кæмæндæр ды æвзонгæй дæр зæронд дæ,

Зæрондæй дæр мæнæн уыдзынæ ’взонг.

1986 азы 8 сентябрь

ÆХСÆВЫ САТÆГ

Царды хабæрттæй иутæ — фæлмæвæрд, зын хатæн,

Нæй дзы кæцыдæр фарстатæн дзуæппытæ ратгæн...

Ацы сатæг нæу талынг æхсæв дæр æбæркад,

Фæлæ боныгон уымæн уыдаид фылдæр кад.

1986 азы 8 сентябрь

ИВДДЗАГ

Æдзæсгомдзинад æмæ ныфс

Цæрæнбонты ивддзаг кæныс.

Ды ивддзаг куы кæнис фæлтау

Хъæбатырдзинад æмæ ’гъдау.

1986 азы 11 сснтябрь

СÆТÆЛÆГ

Йæ хъузджы нымпылди, нымбæхсти йæ къæсы,

Нæ уыны цæстытæй, нæ хъусы ныхасмæ.

Куы фæцæуы размæ — фæстæмæ фæкæсы,

Фæстæмæ цæугæйæ нæ фæкæсы размæ.

1986 азы 16 сентябрь

ДÆ «ГÆДЫБÆЛÆСТÆ»

Нывгæнæг Биджелты Валерийæн

Куы ма уыдтæн саби, æз мысын уæды

Рæстæджытæ: хур бон, гæнгæлыджын, сæнк...

Дæ «Гæдытæй» иу дæр куыд нæ у гæды,

Нæу афтæ дæ къухвæдтæй иунæг дæр мæнг.

1986 азы 16 сентябрь

ЗИЛДУХ

Зæхх нæ раттæг у махæн, нæ исæг дæр — зæхх.

Нæй ысбийæн мæлæт æмæ царды ’хсæн кау...

Абон арвæй куыд нал зыны иу гæбаз цъæх,

Афтæ нал уыдзæн райсом уым иу гæбаз сау.

1986 азы 16 сентябрь

ÆВЗÆР

Хур мæ йæ тынтæй къæвда бон дæр тавта,

Разылд-иу уалдзыгон сæнтгæй мæ сæр...

Райгуырын иу хатт куыд хорз вæййы, афтæ,

Афтæ у амæлын иу хатт æвзæр.

1986 азы 17 сентябрь

АХÆМ ФÆНД

Царды фæтк куы уаид ивæн, уæд æз ахæм фæнд зæгъин,

Кæцы мин хатгы фылдæрæй равдисид нæ алкæй цин:

Кæнæ чи райгуырди, уыдон макуал баййафæд мæлæт,

Кæнæ чи амæла, уымæн ногæй райгас уæвæн уæд.

1986 азы 17 сентябрь

РÆСТДЗИНАДЫ ФАРС

Æрмæстдæр мæ бамбарæг уæд,

Æндæр мæ нæ рахондзæн карз:

Дæ ныхмæ куы фæдзурын, уæд

Фæхæцын рæстдзинады фарс.

1986 азы 18 сентябрь

ИУ ФЫССÆГÆН

Дæ фыстыты иувæрсты цард

Фæцыди, нæй ууыл ныхас...

Æгасæй дæр чи уыди мард,

Уый мардæй куыд уыдзæн æгас?!

1986 азы 18 сентябрь

КУЫРД

Мæ размæ дæр уыд ахæм ныхас, дзырд:

У алчидæр йæхи хъысмæтæн куырд...

Цæппæры-иу куы нæ уаид хуынчъытæ,

Уæд дзы нæ кæнид судзин дæр сынчытæ.

1986 азы 19 сентябрь

НÆЛ ТУТА

Æркаст мæм хардзау кæд æрæгмæ,

Уæддæр æз хъуамæ ныр зæгъон:

«Бæрзонд фæцыд, фæлæ ныллæгмæ

Æрдæттын ницы у йæ бон».

1986 азы 19 сентябрь

АРДЫГÆЙ ФÆСТÆМÆ

Ницы сой тæдзинаг мæм у иумæйаг къæбицæй,

Сабыргай дæ фæлгонц сивдзæн зæрдæйы йæ хуыз...

Ныронг мæ ды никуы хуыдтай, сауæрфыг, дæхицæй,

Ардыгæй фæстæмæ та дæ нал хондзынæн æз.

1986 азы 19 сентябрь

ФИДДОНТÆ

Фарн кæд дæ фарс у, уæд иунæгæй авд дæ,

Никуы æрхаудзæн ныллæгмæ дæ сæр...

Хорздзинад хорзæй куыд фæфидынц, афтæ

Фидын нæ хъæуы æвзæрæй æвзæр.

1986 азы 20 сентябрь

АРАЗЫН ÆМÆ ХАЛЫН

Цардæн йæ иу æмбис — хуын,

Иннæ та — маст хъыцъыдон...

Аразын чи хоны зын,

Уымæн у халык æнцон.

1986 азы 21 сентябрь

ЗИВÆГ

Уыгæрдæн нал уыны хосдзау, ыссивæг,

Сызгæ ысхъæлфындз цæвæг...

Зивæг кæнынмæ дæр чи кæны зивæг,

Уымæй цы бадома лæг!

1986 азы 24 сентябрь

АЦЫ ЦАРД ÆМÆ УЫЦЫ МÆЛÆТ

Бæлас марæг у фæрæт,

Фæрæт нæу бæласæй мард...

Ацы царды ис мæлæт,

Уыцы мæлæты нæй цард.

1986 азы 24 сентябрь

ХЪÆЗДЫГДЗИНАД ÆМÆ ЦЪЫФ

Дзуттаг æмбисонды мотив

Нæ сисдзæни къæртайау куыф

Йæ сыгъдæг уа, йæ чъизи донæн...

Хъæздыгдзинад кæд хонынц цъыф,

Уæд цъыф хъæздыгдзинад нæй хонæн.

1986 азы 25 сентябрь

ÆМХУЫЗОН

Уыдис, дам, ахæм лæг кæддæр —

Фæлдæхта иу цæфæн æртæйы...

Дынджырæй чи вæййы æвзæр,

Уый хорз гыццылæй дæр нæ вæййы.

1986 азы 25 сентябрь

КÆРОН

Бафæллад æнкъард хъуыдытæй сæр,

Сагъæстæ æрæмбырд ысты риуы...

Ноггуырдæй куыд ныккуыдтон кæддæр,

Афтæ тагъд ныккæудзысты мæхиуыл.

1986 азы 25 сентябрь

БÆЛАС

Ныххизæм хатгай хъуыдыты арфмæ,

Мигъты фæстæ дæр фæуынæм арв...

Цæмæй фæцæуай бæрзонд цъæх арвмæ,

Ацыдтæ уымæн сау зæххы арф.

1986 азы 25 сентябрь

ЦАРДЫ МОНЦ

Куынал фенкъарæм царды ад дæр,

Уæддæр ныл тас æфтауы рын...

Æппæты хистæры дæр къаддæр

Нæ фæнды кæстæрæй цæрын.

1986 азы 25 сентябрь

ÆНÆРАСТДЗИНАД

Ивæн нæй афæдзы афонты балиæн,

Алкæцыдæр дзы — йæ дуджы зынæг...

Зымæгæй алкæддæр райгуыры уалдзæг,

Уалдзæгæй никуыма райгуырд зымæг.

1986 азы 26 сентябрь

БÆЛЛÆХТÆ

Кæмæндæр, дам, йæ сиргæ бæх

Кæлæнæй дзаг уыд, хинæй...

Кæй ницы дæ, уый — иу бæллæх,

Кæй йæ хъæр кæныс — иннæ.

1986 азы 27 сентябрь

ТЫХСТ

Кæд у æнæаипп дæ бæх,

Уæддæр фæхъаст кæныс дæ бæхæй,

Кæддæр куынæуал уай дзæбæх,

Фæтыхсыс ууыл та дзæбæхæй.

1986 азы 27 сентябрь

ЗÆНÆГ

Уæззау уæргътæ нæ хъæудзæн уый хæссын,

Кæмæн рахъомыл амондджын зæнæг...

Тæнæг хæдзар фырттæй кæны бæзджын,

Бæзджын хæдзар та чызджытæй — тæнæг.

1986 азы 29 сентябрь

БЫНАТ

Фыдыбæстæ куы нæ бафтауон цæсты,

Цæудзынæн уæд сæрыстырæй æз дæр...

Ыстыр куысты æвзæр уæвыны бæсты,

Гыццыл куысты у хорз уæвын хуыздæр.

1986 азы 29 сентябрь

МÆ МАРД ÆМГÆРТТÆМ

Мæнæй уæ иу дæр нæ уарзта къаддæр

Афæдзы кæцыфæнды рæстæг дæр...

Сымах мæлæтæй куыд кæнын дарддæр,

Мæхион афтæ кæны хæстæгдæр.

1986 азы 30 сентябрь

НОДЖЫДÆР МА МÆ МАРД ÆМГÆРТТÆМ

Хъысмæт лæгыл куы рацæуы мæнгардæй,

Уæд ахуыссы æмбисбон дæр йæ арт...

Сымах мæ разæй ацыдыстут цардæй

Æви мæ фæстæ баззадыстут дард?

1986 азы 30 сентябрь

ИНГÆНЫ

Талынг у ингæны алкæцы къуым,

Ничи дзы ницы фæуыдзæн уынæг...

Уазалæй, тæвдæй куыннæ тæрсынц уым,

Афтæ сæ ам дæр куы нæ тæрсид лæг.

1986 азы 30 сентябрь

ЗÆРДÆ ÆМÆ ДЗЫПП

Мæ зæрдæ куы нæ вæййы къуыпп,

Уæд дзаг вæййы алкæд мæ дзыпп.

Мæ зæрдæ куы фæдары къуыпп,

Уæд арæх тæбæкк вæййы дзыпп.

1986 азы 1 октябрь

ХОХЫ ФÆСТÆ — ХОХ

Хохмæ цæргæсау ыстæхдзынæ фыны,

Хъалæй та уырдæм фæндæгтæ — æмхæрд...

Зымæджы цъуппæй дæр уалдзæг фæзыны,

Фæлæ дзы никуыма разынди сæрд.

1986 азы 2 октябрь

ХУЫМÆТÆГ ÆЦÆГДЗИНАД

Иу бæлас куыд ничи рахондзæни хъæд,

Афтæ иу фыс ничи рахондзæни ис...

Чи нæ райгуырд, ахæм ис нæ зæххыл кæд,






Не нашли, что искали? Воспользуйтесь поиском:

vikidalka.ru - 2015-2024 год. Все права принадлежат их авторам! Нарушение авторских прав | Нарушение персональных данных