Главная

Популярная публикация

Научная публикация

Случайная публикация

Обратная связь

ТОР 5 статей:

Методические подходы к анализу финансового состояния предприятия

Проблема периодизации русской литературы ХХ века. Краткая характеристика второй половины ХХ века

Ценовые и неценовые факторы

Характеристика шлифовальных кругов и ее маркировка

Служебные части речи. Предлог. Союз. Частицы

КАТЕГОРИИ:






КУЫРЫХОНЫ ЗОНДАМЫНД 4 страница




Ахсæн, зæрдæ, сæр —

Иу хæдзары хатæнтæ.

Чи дзы уа уæлдæр,

Уый кæны уынаффæтæ.

1982 азы 16 май

ТЫХГÆНÆГ

Рифмæйы зæлланджы тыххæй

Хъуыдымæ сисы йæ къух.

Разыны уымæн æдзух

Фыст дæр æнæтуг, æдыхæй.

1982 азы 16 май

ÆРГОМ НЫХАС

Нæ дыл кæнын æз хахуыртæ,

Нæ дыл кæнын мысгæ дæр:

Нæма бакастæ хорз чиныг,

Нæ ныккодтай фысгæ дæр.

1982 азы 3 август

УГÆХСÆН

Мæ зæрдæ хоны сæры малмæ,

Мæ зæрдæйы та сæр — фыдрынмæ...

Фæцæйлидзын мæ фынæй хъалмæ,

Мæ хъалæй та — мæ фынмæ.

1982 азы 5 август

ЦЫ НЫФФЫССИН МÆ ЦЫРТЫЛ

Мæхи мæ райгуырдæй фæстæмæ

Хуыдтон æз ацы зæххæй мур,

Ныр мыл куы аныгуылд мæ хур,

Уæд та йыл бафтыдтæн фæстæмæ.

1982 азы 27 сентябрь

ÆНКЪАРÆН

Рынчын кæны саг дæр,

Йæ ныфс та — зын марæн...

Тæрсынæй тæссагдæр

Зæххыл нæй æнкъарæн.

1983 азы 21 январь

БЫРОН

Æддæмæ хæссын бырон нæ уагъта,

Тæрсын æй кодта фыд загъта-багъта.

Уалынмæ, дам, ын бырæтты бæсты

Рахæр-хæр кодтой йæхи сæ рæзты.

1983 азы 29 январь

ДЫККАГ ФÆСНОМЫГ

Фæсномыгæй дæм дзурæм ныр

Æндæр хуызы, мæ лымæн:

Зыкъуыр дæ нал хонæм, Зыкъуыр,

Фыд-Зыкъуыр кæй дæ, уымæн.

1983 азы 16 февраль

ÆМЦЫД

Дæ ныхæстæ хъуыддæгтимæ

Куы нæ кæной æмцыд,

Нæ кæндзæни уæд лæгтимæ

Æмкъахдзæфтæ дæ цыт.

1983 азы 25 февраль

ФÆНДОН

Мæ фыды ныхæстæй

Дæ амæлæт нæ фæнды мæн, —

Куывды цæуыс уæд иу бон.

Фæлтау уал хъизæмæрттæ кæн,

Уæлæуыл фид дæ зындон.

1983 азы 5 мартъи

ЙÆ КЪАБАЗ МÆ ЧИ ХОНЫ, АФТÆМÆЙ МÆ НЫКЪКЪАБÆЗТÆ КÆНЫНЫЛ ЧИ НÆ БАЦАУÆРДИД, УЫМÆН

Дæ раттæг æрхауæд дæлæмæ,

Хæд-зонд чи нæ радта дæуæн! —

Дæ къабаз мæ хоныс, фæлæ мæ

Цæмæн кæныс къабæзтæ уæд?

1983 азы 14 июнь

ДЫУУÆХУЫЗОН СÆРЫСТЫРДЗИНАД

Мæ хуызæтгæ дæумæ нымад кæм ысты,

Мæ хуызæтгæй дæуæн кæм ис æмбал!

Ды, давæг кæй дæ, уымæй дæ сæрыстыр,

Æз та — кæй нæ дæн, уымæй вæййын хъал.

1983 азы 24 июль

ЙÆ ЧИНЫГ «АВДÆН» ЧИ СХУЫДТА, УЫЦЫ ПОЭТÆН

Ис хъуыдыты дард рæттæм афтæн,

Уæлдайдæр куы уа лæг æвдæлон...

Дзæбæхдæр уыдаид дæ «Авдæн»,

Куы дзы бабастаис сывæллон.

1984 азы 23 мартъи

ЙÆХИ МЫЛ ЧИ ÆРЫМЫСЫДИ, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН

Кæд искæмæн фæпайда тауыс,

Ды дæ уæд уыдоныл нымад:

Фæфылдæр дын кодта дæ намыс,

Фæкъаддæр мын кодта мæ кад.

1984 азы 24 мартъи

ИУ ПОЭТ БИРÆ РÆНХЪЫТÆ ЦЫ ИРОН ХЪÆЛДЗÆГ НЫХАС РАВДИСЫНЫЛ БАХАРДЗ КОДТА, УЫЙ ЦЫППАР РÆНХЪÆЙ КУЫД ЗÆГЪИН

— Нæ уарзон сыхбæсты æрцардтæ,

Фæхон-ма нæ иу хатт, сыдывд.

— Мæ ахæстæй чи фервæзт уартæ,

Гъеуыдон уал саразæнт куывд.

1984 азы 30 мартъи

ЙÆ КЪУХ ЧИ ФЕХСТА ÆМÆ ЙЕ ’НГУЫЛДЗ РАСТÆЙ КÆМÆН БАЗЗАД, УЫМÆН

Æгадæй нæм ысхастай

Дæ сæр хæсты цырынæй:

Дæ æнгуылдз баззад растæй,

Дæхæдæг та — зылынæй.

1984 азы 9 мартъи

СЫГЪДÆГ ГÆХХÆТГÆЙ ТÆРСЫН РАЙДЫДТОН, ЗÆГЪГÆ, ЧИ НЫФФЫСТА, УЫЦЫ ПОЭТÆН

Фыссæн гæххæтты раз

Нæ банкъарыс ды тас.

Куы дзы тæрсис — æдзух æй

Нæ марис уæд ды хурхæй.

1984 азы 31 мартъи

АРТ

Нæ фæуадзы никæй хæстæг

Йæхимæ цыфыддæр ызнæгтæй:

Куы цæстыты калы фæздæг,

Куы судзы йæ сырхзынг æвзæгтæй.

1984 азы 3 апрель

ФЫРСОМЫ

Дæ риу фæхостай дæ тымбылкъухæй,

«Сыгъдæгзæрдæ дæн!» — дзырдтай æдзухæй,

Фæлæ куы басаст дæ риуы фæйнæг,

Уæд загътам: «Баууæндæд дыл ныр хæйрæг!..»

1984 азы 3 апрель

МÆ НЫФС

Мæ цыппар рæнхъыл мæ зæрдæ дарын:

Хатыр нæ зонынц, нæ зонынц барын.

Куы раирвæзынц æлвæст æрдынæй,

Уæд нал фефсæдынц рын, сон кæрдынæй.

1984 азы 4 апрель

ХИНÆЙДЗАГ СЫВÆЛЛОН

— Нанайæ сæлдæгæй фылдæр

Кæй уарзыс ды, зæгъ-ма?

— Сæрдыгон сæлдæг у хуыздæр,

Зымæгон та — нана.

1984 азы 5 апрель

БИРÆ ХÆСТÆ ДАРÆГÆН

Дæ хæс дæуæн кæй æрцыд фыст,

Дæ чиныджы æрцыд уый фыст.

Нæ цæсгом дæм нæ хъæцы, —

Фæлæ дæ хæстæй кæцы?

1984 азы 6 апрель

ХЪÆЦЫН

Æз мæхи куы сбуц кæнин хъæрзынæй,

Комдзог мыл уæд рацæуид хъæрзын:

Знæгтæн уый æрхæссид цин мæ зынæй,

Маст æрхæссид хæлæрттæн мæ зын.

1984 азы 6 апрель

ФÆНДИАГ

Дæ фæндиаг куы фæуин, уæд фестин фæнык,

Ныддымид мын тымыгъ мæ хъæстæ, мæ рыг,

Фæлæ нæй ысуадзæн дæ фæндонæн тау:

Куыдзы коммæ никуы фæкæсы Хуыцау.

1984 азы 7 апрель

ЦЫ ХУЫЗДÆР У?

— Домбайы къæдзил уæвыны бæсты

Хуыздæрæн райсин гæдыйы сæр.

— Уыцы ныхæстæ цас æцæг ысты,

Иу мысты уымæй бафæрс уæддæр.

1984 азы 9 апрель

АЛЫРДЫГÆЙ

Фыдæлты дугæй баззади ныхас:

Æвзæр топпæй дыууæрдыгæй у тас.

Ды дæ уызыны къорийау сындзарх —

Тæрсæм дæ уымæн алырдыгæй мах!

1984 азы 9 апрель

ÆНГÆСТÆ

Хицауы хуызæн йæ куыдз

Свæййы фæстагмæ, зæгъынц,

Фæлæ дæ куыдзæнгæс кæд

Сдæ, уæд хуыздæр у мæлæт.

1984 азы 11 апрель

ХУРÆРГОМ

Мæйдар æхсæвтæн ахæм у сæ уаг:

Цæмæй нæу тас — ыскæнынц уый тæссаг,

Фæлæ та хур куы ракæсы зынгцæстæй,

Уæд тарæн ницуал баззайы æмбæхстæй.

1984 азы 11 апрель

ФÆЛВАРÆН

Æз хорздзинадыл нал дзурын — дæуæй у арф æмбæхст;

Æвзæрдзинад нæ ракæнын дæ бон уыди æрмæст,

Фæлæ дæм уыйбæрц хъару дæр нæ разынди, гормон, —

Мæ арты æфсон ауагътай дæхи фæныкыл дон.

1984 азы 12 апрель

Зын

Зæрдæйæн у зын,

Зæрдæйæн у маст:

Ды кæй дæ зылын,

Уый кæй рауад раст.

1984 азы 16 апрель

ДИССÆГТÆ

— Дæуыл мæ сардыдтой. Фыддзых

Нæ хæлардзинадыл фæтых.

— Зæххыл цытæ цæуы, Хуыцау! —

Лæджы куыд сардыдгой куыдзау?!

1984 азы 17 апрель

УАРЗОВДЗИНАД

Уарзт кæй рахуындæуыд куырм,

Ницы ис тæссагæй уым:

Уый æнæцæстæй дæр зоны

Амондмæ йæ фæдыл хонын.

1984 азы 17 апрель

МАРД ФЫСДЖЫТЫ УАЦМЫСТÆ ДАВÆГÆН

Хъуысынц нæм дæ цъаммар митæ

фæскъуымæй æдзух.

Алкæм дыл кæнæм былысчъил иннæтимæ мах.

Цалдæр хатты марды роны ауагътай дæ къух,

Афтæмæй та дæ фæхоны нц иууыддæр мæрдкъах.

1984 азы 17 апрель

ЛÆГ ÆМÆ БЫНАТ

Куыстытæ ысдзырддаг кæны ажæддæр мæра уд,

Афтæмæй та куыстытæй у алкæцыдæр мыд...

Хорз лæггæй æюæр бынаты иунæг дæр нæма уыд,

Æвзæр лæггæй хорз бынаты — цасдæриддæр уыд.

1984 азы 18 апрель

ДÆ ХЪЫСМÆТ

Нæ фæцардтæ ды ацы зæххыл растæй,

Дæ балцгæрон — куыдзæппарæн был-хауæн...

Цы байтыдтай, уый фæззæджы æркарстай,

Цы ’ркарстай, уый та нал ис уалдзæг тауæн.

1984 азы 19 апрель

ФЫСТ ХÆДЗАРЫ КЪУЛЫЛ

Бакастæн ахæм фыст къулыл: «Къоста

Ацы бæстыхайы царди»... Æз та

Афтæ ныффыссин: «Нæй Иры хæдзар,

Уый кæм нæ царди, кæм ын нæй хæлар».

1984 азы 20 апрель

ДÆ ТÆРХОН

Вæййы дæуæй цæмæндæр рох, —

Куы рахæссыс рæгъмæ дæ тæрхон:

Кæм саразыс дæхицæй хох,

Уым-иу обæуттæ мах уæддæр хон.

1984 азы 21 апрель

ÆГЪДАУ

Цæмæй уа алы ран æгъдау,

Хъæуы мах уый сæрвæлтау тох...

Куы хона исчи дæу обау,

Уæд æй ды хъуамæ хонай хох.

1984 азы 21 апрель

ÆМГÆРТГÆ

Мæнæй дæ цал азы кæстæр! —

Дæ сæр у сау, у урс мæ сæр,

Фæлæ нæ кæнæм цардæй хъаст:

Æмгæрттæ сты дæ уарзт, мæ уарзт.

1984 азы 21 апрель

РАСТ ÆМÆ ЗЫЛЫН

— Фæкæсынц мæм расыгæй адæм

Цыппæргæйтгæ иугæйтты бæсты.

— Лæджы цыппæрæм хай ма уый хыгъд

Фæмарыс дæхæдæг сæ цæсты.

1984 азы 23 апрель

ТÆРХОН

Цæйбæрц ысты йæ рæдыдтæ

Фыд-зонд æмæ гыркъуымæн?!

Хатыр кæнын кæй нæ зыдта,

Хатыр ын нæй ныр уымæн.

1984 азы 25 апрель

БОНДЖЫН

Мæ рæбыны æхцайы капекк нæй —

Фæджигул мæм кæн бон, къуыри йе мæй,

Фæлæ кæй нæ дæн иу мисхал дæр хæсджын —

Мæ цард мæ цæсты уый тыххæй — фыдбæзджын.

1984 азы 26 апрель

УАРГЪ

Карчы чи рахуыдта маргъ,

Уый фæхъазыд мæргътæй:

Сæвæрдта хæрæгал саргъ —

Зындæрхæссæн уæргътæй.

1984 азы 27 апрель

ЗОНДДЖЫН ДЗЫРД

Намысджын куыннæ хъуамæ уа ахæм лæг нæ цæсты,

Дзыллæтæ кæмæ нæ хæссынц аипп æмæ фау...

Зондджынæй æдылы ныхас сирвæзыны бæсты

Сирвæзæд сæрхъæны дзыхæй зондджын дзырд фæлтау.

1984 азы 2 май

ХÆЛАРГÆНÆДЖЫ НЫХÆСТÆЙ

Курæм дæ дзыллæты номæй,

Æгæсты фарны тыххæй:

Мацы нæ бацагур хомæй,

Ссардзыстæм алцы фыхæй.

1984 азы 2 май

ДЫВЫДОНАРТЫ

Æз дæуимæ раст дывыдон

Арты бахауæгау дæн:

Ды кæнгæ цы кæныс, уыдон

Дзурын дæр нæ уадзыс мæн.

1984 азы 2 май

ТЕРК ÆМÆ ХÆХТÆ

Хъусынц хæхтæ Теркмæ тары,

Хуры, асæсты, мæйрухсы...

Зарын чи зоны, уый зары,

Хъусын чи зоны, уый хъусы.

1984 азы 2 май

РЫН ЦАГЪТА ÆМÆ САУДЖЫНÆН

Мæрдтыл зарджытæ фыссынæй.

Баихсыд йæ сис...

Рын кæй цагъта, уыдон зынæй

Сауджынæн ысцæнд йæ ис.

1984 азы 3 май

СЫНКЪ

Баныдзæв æм: асинтæ

Авæрдзæни арвмæ,

Афтæмæй сæм схизынмæ

Асин нæй сæ цармæ.

1984 азы 5 май

ÆЦÆГ АРГЪ

Нæ бамбæрстай адæмы хъæр,

Хуыздæр уыд дæ бæсты æвæд.

Ысхонæн дæ уаид æвзæр,

Куы нæ уаис тынг æвзæр, уæд.

1984 азы 6 май

АДÆМЫ ФЫДДÆР

Сызмæсти цъыфимæ цыт æмæ кад:

Бамбæхста уæрмы дæ фыды дæ мад...

Адæмы хæрзтæ куы мардысты хæсты,

Адæмы фыддæр уæд райгуырд хъæубæсты.

1984 азы 11 май

ÆЗ СÆРДАР ДÆН, ЗÆГЪГÆ, ДЗУРЫНÆЙ ЧИ НÆ ФÆЛЛАЙЫ, УЫМÆН

Нæ цыгуарзон сæрдары

Сæры нæ бацыд зонд:

Йæ дзыхы йæ сæр дары, —

Куыннæ йæ хонæм сонт?!

1984 азы 11 май

ÆВЗАГ

Луций Анней Сенекæйы мотив

Æнцад æнæмæтæй фæбадæм,

Куы нæ раттæм фыдгойтæн хæлц...

Цæмæй хæцой сæ дзыхыл адæм,

Дæхи дзыхыл фыццаг уæд хæц.

1984 азы 12 май

КЪÆРИСТÆ

Хистæртимæ чи нæу хистæр,

Кæстæртимæ та — кæстæр,

Хонынц ахæмты къæристæ,

Цасфæнды цæрæнт, уæддæр.

1984 азы 12 май

ФÆТК

Алчи ацы фæтк нæ зоны,

Иннæтæм та кадджын нæу:

Макæй æрчъйаг удай доны,

Æмæ ничи фаудзæн дæу.

1984 азы 12 май

ДЫУУÆИЗÆРЫ АСТÆУ

Æрыхъусæггагæй

Лæг та ног хъуыдытыл бафтыд,

Фæлæ нæу зæгъын йæ бон:

Иу бон ма йæ цардыл бафтыд

Æви уый фæкъаддæр бон.

1984 азы 15 май

РÆСУГЪД

Ды æгæр рæсугъд ма кæс дæхимæ, æгæр,

Стæй бæрзæндты дæр афтæ тынг ма хæсс дæ сæр.

Кæд ыскодта дæу исчи гуырвидауц, хæрзконд,

Уæд — нæ цæстытæ, æмæ уый ахсæд дæ зонд.

1984 азы 16 май

НАРД

Æз куы рахуыдтон дæу нард,

Уæд нынгъыснæг дæ, нынкъард.

Загътай: «Нард фæзæгъынц фосæй!»

Загътон: «Фосæй нæ дæ дард!»

1984 азы 17 май

МÆЛЛÆГ

Дæу куы рахуыдтон мæллæг,

Уæд ысмæсты дæ, хъæлæкк.

Загътай: «Лæг вæййы къæсхуыр!»

Загътон: «Чи дæ хсны лæг?»

1984 азы 17 май

ДУРСÆР ÆМÆ ДУРЗÆРДÆ

Так низко пасть и быть в живых.

Дж. Байрон

Цы ранæй расхъиудтай! — Цы ранмæ!

Æнхъæлдтам мах: цæудзыстæм зйанмæ,

Фæлæ нæ аскъуыди дæ зæрдæ,

Ыстæй нæ ныппырх и дæ сæр дæр.

1984 азы 17 май

ÆНУС ФÆЦÆР ÆМÆ ÆНУСОН МА СУ

Адæмы фыддæр уа, адæмы сæр —

Никæуыл ауæрды сау мæр...

Иу æмæ фондзыссæдз азы фæцæр,

Æмæ ма уый фæстæ амæл!

1984 азы 17май

НÆ ЗОНЫН

Кæрдзынтæ ныхасын

Нæ зонын, сæттын...

Нæ сахуыр дæн тасын —

Хъæудзæн мæ сæттын.

1984 азы 19 май

ДÆ ЦИН, ДÆ МАСТ

Куыд дæ рахонæм раст,

Кæд дæ фыд-зæрдæ, хин...

Кæйдæр циныл — дæ маст,

Кæйдæр мастыл — дæ цин.

1984 азы 21 май

ХÆРЗГÆНÆГ

Хæрзгæнæг хорз ыссарæг нæу,

Вæййы æфсон йæ сонт хъынцъымæн...

Куыстмæ кæй райсын кодтон дæу,

Куыстæй мæ сисын кодтай уымæн.

1984 азы 23 май

ДЫДАГЪ

Ды дæхи фæхоныс махæй

Зондджындæр, Годах...

Бæндæн не ’ххæссыди дагъæй,

Кодтой йæ дыдагъ.

1984 азы 28 май

МÆ АИПП, МÆ ХЪÆН

Мæхи хуызæн адæм куы зониккой мæн,

Æддæмæ куы зынид мæ аипп, мæ хъæн,

Уæд никуы фæкæсин сæрджынмæ сæрджын,

Сæрхъæндæр мæ хонид йæхицæй сæрхъæн.

1984 азы 29 май

ÆБУЗН

Мах дæуæй фыдæнхъæл фестæм

Хистæрæй, зæгъай, кæстæрæй...

Хорздзинадæй дын цы фестæм,

Уый нын бафыстай æвзæрæй.

1984 азы 4 июнь

ФЫДЛÆГ

Фыдлæгæй тоны дæу

Æмхуызонæй нæ хъæу.

Æгъгъæд дын уыди «фыд»,

«Лæг» æфтуан æм нæ хъуыд.

1984 азы 6 июнь

САУДАРÆГ

Фидиссаг йæхæдæг чи у,

Раздæр уый æркæны дау...

Сау дарын хъæуы дæхиуыл,

Афтæмæй ныл дарыс сау.

1984 азы 8 июнь

ЗÆРОНДÆЙ

Куы мæ бафæрсид исчи зондæй:

«Цы у тæккæ хуыздæр зæрондæй?»

Зæгъин уæд: «Худæгæй мæ марыс! —

Æрдхорд, арахъхъ, ыстæй ма фаджыс».

1984 азы 9 июнь

КЪÆРНЫХ

Скодта йæхиимæ давыныл бадзырд,

(Иуахæм та нын уыдзæни ныццæвгæ)...

Кæйдæр æмдзæвгæйæ саразы радзырд,

Кæйдæр радзырдæй — æмдзæвгæ.

1984 азы 10 июнь

ДЫУУÆ ЦЪÆХЫ

Бадты мæм куы ’рхатынц: «Зæгъ!..»

Уæд фæкæнын ахæм рæгъ:

«Арв уæд арвы хуызæн цъæх,

Уæд кæрдæгау цъæх та зæхх!»

1984 азы 17 июнь

КЪОСТА

Уæлæрвтæм фæтахти дæ кадау дæ уд...

Куы скæсын æз уырдæм — æрхауы мæ худ.

Дæ хъуыдыты арф та — дæлзæххæй дæлдæр...

Куы ныккæсын уырдæм, уæд разилы сæр.

1984 азы 17 июнь

КУЫСЫФТÆГ

Кæд дæ æцæг сæрдар,

Уæд уæхсчытыл сæр дар,

Æввонгæй уырдæм сыфтæг

Æрис бынмæ куысыфтæг.

1984 азы 27 июнь

ÆДЫХ ИНГÆН

Нæ ауæндыд никуы дæ намыс фæс-тагмæ,

Йæ кой-иу æрмынæг æнцонæй фæсхъæу...

Къуыпсины ысраст кæны ингæн фæстагмæ,

Дæу ысрасткæнынхъом та ингæн дæр нæу.

1984 азы 29 июнь

КАДДЖЫН НОМ КУРÆГÆН

Дæумæ нæй айтæ-уыйтæ —

Кæсæгтæ ахсыс сурыл...

Дæтгæ цы кæнынц, уый та

Цæмæн райдыдтай курын?

1984 азы 30 июнь

ЛЫСТÆГ САСИРÆЙ

— Хорз чызг дын банымудзын ис мæ зæрды.

Ракур æй, ахиз-ма пъæззыйы сæрты...

— Иунæг дæр хорз чызджытæй мæн нæ хъæуы,

Тынг хорз чызг та нæм нæма райгуырд хъæуы.

1984 азы 30 июнь

ДАВДЖЫТÆ

Ысдзырд æм нæй: сисы къуырттытæ,

Фæлæ уый хъуыддаджы цы давы?!

Йæ фыдæлтæ давтой къуырттытæ,

Йæхæдæг та чингуытæ давы.

1984 азы 30 июнь

АФТИД КЪÆБИЦ

Куы рахæссиккой æргъомгай хурмæ

Дæ цъаммар митæ кæсагау сурмæ,

Уæд ницуал уаид дæ рæбын мулкæй,

Ныффæлдæхид ыл æнусмæ дуркъæй.

1984 азы 30 июнь

ÆМХУЫЗÆТГÆ

Ма риссын кæн дзæгъæлы дæ сæр,

Нæй лæгæн æндæр хъуыдыты бафтæн:

Иунæг хорз дæр нæу зæххыл æвзæр,

Хорз куыннæ у иу æвзæр дæр афтæ.

1984 азы 8 июль

ИУ ТУГ, ИУ СТÆГ

Заман æмæ дугæй чи нæ дары хæс,

Лæгты хуызæн никуы бахъæудзæн уый сæр...

Адæмы хуыздæртæ — иууылдæр æнгæс,

Адæмы æвзæртæ — иухуызон æвзæр.

1984 азы 10 июль

ЦАС

Дæ бынатæй фæхауынæй куыд тæрсыс,

Нæ зæрдæхудтæй афтæ тынг куы тæрсис,

Дæ дыккаг тас уæд нал хониккам тас,

Дæ фыццаг та фагкъаддæр уаид цас?!

1984 азы 10 июль

НАЛАТ

Кæд дæ йæ зонын, мыййаг, фæнды,

Уæд дын зæгъдзынæн: «Нæ бæззыс ды

Хæдзарæй рацæуынмæ, ыстæй

Хæдзармæ бацæуынмæ — зыст дæ».

1984 азы 10 июлъ

СÆУМÆЦЪÆХТÆ

Скæсæныл æрбасти рон,

Рон та сæвдылди сырх доны...

Цъиуты райхъал кодта бон,

Цъиутæ райхъал кодтой боны.

1984 азы 21 июль

ЗÆВÆТГÆСДÆРÆГÆН

Фестын цыма раст мæ фыны —

Цард куыд диссаг у уæдæмæ! —

Чи-иу атылди мæ быны,

Уый мын нал ысты уæлæмæ.

1984 азы 27 июль

ЗÆРОНД УС ÆМÆ ЗÆД

Куы фæхыл вæййæм, уæд

Зæронд ус фесты зæд,

Фæлæ та дæм куы сдзурын —

Зæд цауд вæййы дæ цуры.

1984 азы 27 июль

СУАДÆТГÆ

Нæ бадардзæн фыдазар

Гъеуыдонмæ сындзарм,

Сæрдыгон чи у уазал,

Зымæгон чи у хъарм.

1984 азы 1 август

ÆНÆБОН

Ыстыр бынаты бадыс, фæлæ нæу

Гыццыл хъуыддаг дæр саразын дæ бон,

Гыццыл бынат фæлтау куы уаид дæу,

Куы нын уадзис æнæранæй та дон.

1984 азы 7 август

ТЫХЛÆГ

Тых дæр дæм нæй,

Нæ дæ лæг дæр,

Тыхлæг дæ хонæм

Мах уæддæр.

1984 азы 11 август

ХÆДОНЫ ГУЫРД

Ды кæй райгуырдтæ хæдоны,

Махæй алчидæр уый зоны,

0, фæлæ ды та уый зон:

Нæу цæрæнбонваг хæдон.

1984 азы 11 август

СУДЗГÆ ФЫДТÆ

Амæндтæ уарæг æрхауæд дæлæмæ — кæд ис, —

Чи мын æрхаста цæрæнбонты фаг хъыгтæ, рис:

Баззад лæппу-лæгæй хæсты быдыры мæ фыд,

Баззад мæ хо та гуыбыны — дыккаг судзгæ фыд.

1984 азы 11 август

ФЫДÆНХЪÆЛ

Лæгдзинадæй куыд лæууыс дард,

Куы лæууин афтæ дард æз низтæй,

Уæд никуы аскъуынид мæ цард,

Фæсаин гуыбындзæлты хистæй.

1984 азы 14 август

АРВЫ НÆРЫН

Нæй хъару æнæсæрфат цъæлхъæры,

Сусæгæй æрцахсы æнгуыр кæфы...

Арв куыд нæры, афтæ тынг нæ цæвы,

Арв куыд цæвы, афтæ тынг нæ нæры.

1984 азы 15 август

ÆНЦОН ÆМÆ ЗЫН

Æз ахæм хъуыдыйыл хæст дæн:

Лæмæгъзæрдæты нозт кæны хæрзбын...

Æнцонæн чи фæнуазы сæн,

Йæ ныууадзын дæр уымæн вæййы зын.

1984 азы 15 август

НАУКÆТЫ ИУ КАНДИДАТÆН

Тыххæй-фыдæй дæ куыст

Фæци дæс азмæ фыст,

Фæлæ йæ исчи каст






Не нашли, что искали? Воспользуйтесь поиском:

vikidalka.ru - 2015-2024 год. Все права принадлежат их авторам! Нарушение авторских прав | Нарушение персональных данных