Главная

Популярная публикация

Научная публикация

Случайная публикация

Обратная связь

ТОР 5 статей:

Методические подходы к анализу финансового состояния предприятия

Проблема периодизации русской литературы ХХ века. Краткая характеристика второй половины ХХ века

Ценовые и неценовые факторы

Характеристика шлифовальных кругов и ее маркировка

Служебные части речи. Предлог. Союз. Частицы

КАТЕГОРИИ:






КУЫРЫХОНЫ ЗОНДАМЫНД 5 страница




Фæуыдзæни? — зæгъ раст.

1984 азы 17 август

НОДЖЫДÆР МА ХÆДОНЫ ГУЫРДÆН

Хæдоны кæй райгуырдтæ, уымæй

Цы схъал дæ, дæ хорзæхæй, цæй!

Хæдон у хæдон, æмæ уымæй

Æппæт буарæн бамбæрзæн нæй.

1984 азы 17 август

ГАЛИУ

Уæрсты ма дæ хорздзинæдтæй хай фæци фæлхæрттæ,

Уый тыххæй дæ се ’мгæрæтгы не ’руадздзысты лæгтæ...

Зондджынтæ сæ фыдгултæй дæр аразынц æрдхæрдтæ,

Аразыс ды та, гормон, дæ хæлæртгæй ызнæггæ.

1984 азы 30 август

ФÆЗЗЫГОН БÆЛАС

Ыскæны рæстæг халассæр кæстæры —

Уæд чифæнды — кæсæд дзы мæйтæ, хуртæ...

Кæддæр куыд фæзынд урсытæ мæ сæры,

Фæзынд сыфтæ дæуыл та афтæ буртæ.

1984 азы 31 август

ЗОНДДЖЫН ЛÆДЖЫ ЗАГЪДАУ

Æрыхъусæггагæй

Мæ фыдгой кæнын уыд йæ куыст,

Йæ цъæлхъæр алы ранæй хъуыст.

Ызнон та раппæлыд мæнæй:

Кæмдæр фæрæдыдтæн, уæллæй.

1984 азы 5 сентябрь

ÆЗДÆНОН

Дæлджинæгмæ дæ кад фæхоныс,

Мысты хуынкъæн фæфидыс туман...

Дæхи уæлдæр æдзух фæхоныс,

Кæй дæ дæлдæр æрмæстдæр уымæн...

1984 азы 6 сентябрь

БОЦЪОТÆ

Дзурынц мын адæм сæ фылдæр:

«Боцъотæ зайы сæгъыл дæр»,

Фæлæ дзы иу уый æмбары,

Боцъо æрмæст лæг кæй дары?

1984 азы 7 сентябрь

КУЫРЫХОНЫ ЗОНДАМЫНД

Клаудиусы мотив

Уыдзынæ кадджын лæг нæ цæсты,

Нæ хъæудзæн сомбоныл дæу мæт,

Цы зоныс, уый дзурыны бæсты,

Цы дзурыс, уый куы зонай, уæд.

1984 азы 9 сентябрь

СÆР

— Мæлын дæ ныхæстæм фырмæстæй.

Мæныл дæр — сæр. Нæ дæн ныхкъуырд.

— Сæр ис зæгæлыл дæр, æрмæст æй

Фæхъæуы дзæбугæй тыхкъуырд.

1984 азы 11 сентябрь

ХЪАЛ СÆНЫКК

Æмхуызонæй дын дзурынц цалæй! —

Нæ коммæ кæсыс ды уæддæр.

Кæныс, цы-иу кодта фырхъалæй,

Фырхъалæй иу сæныкк кæддæр.

1984 азы 16 сентябрь

ПЪÆНÆЗ

Чи у хом, уый куры фых,

Æдзæхх нæ фæдомы цæхх...

Ратт ын харбызæн йæ сырх,

Джитъырийæн та — йæ цъæх.

1984 азы 16 сентябрь

ЦÆРЫНÆЙ ХÆРЫНМÆ

Сократы мотив

Алчи алкæмæн нæу къай,

Цард у хъулæттæ, гæрæм...

Ды цæрыс, цæмæй хæрай,

Мах хæрæм, цæмæй цæрæм.

1984 азы 16 сентябрь

ÆНÆРАСТДЗИНАД

Йæ сагъæстæ, судзгæ тыхстытæ

Къоста мыхуыр кодта зынæй,

Дæуæн та дæ лæмæгъ фыстытæн

Æппындæр цæлхдурлæууæг нæй.

1984 азы 17 сентябрь

ЗОНÆМ

Йæ фæндтæ йæ хъуыры лæгмарæн

Кæй баддзысты, зонæм уый мах...

Æгас цæуæд иугæнæг арæн,

Дæлзæхх фæуæд дихгæнæг хахх!

1984 азы 18 сентябрь

ФЫЛДÆР ÆМÆ КЪАДДÆР

Иуæй фылдæр кæй у иу æмæ ’рдæг,

Ууыл зæрдæбынæй цин кæны лæг,

Фæлæ дыууæйæ кæй разыны къаддæр,

Уый йын йæ цин кæны къахыр, æнад дæр.

1984 азы 20 сентябрь

ÆВДДÆСАЗДЗЫД УАРЗОНДЗИНАД

Мах ыстæм дыууæйæ дæр зæрдæрыст,

Худын ныл нæ фидауы — кæуын...

Ды æддæмæ рацæуын нæ уæндыс,

Æз нæ уæндын мидæмæ цæуын.

1984 азы 22 сентябрь

ИУДЗЫРД

Ныхас кæд æххуыс у хъуыддагæн,

Зæгъдзынæн уæд иу дзырд дæуæн:

Æмдзæвгæ æмбисондæй ма кæн,

Æмбисонд æмдзæвгæйæ кæн.

1984 азы 28 сентябрь

МАРДЫ ФÆЗМÆГÆН

Дæ ивгъуыд бонты хорз æмгар

Куыд цыди, уый фæзмыс дзæвгар,

Фæлæ куыд амарди уый, куыд,

Уый раздæр афæзмын дæу хъуыд.

1984 азы 1 октябрь

СЫКЪАТÆ

Дæ митæй фæкæныс лæджы зæрдæ риссын,

Вæййы дыл куы голлаг, вæййы дыл куы хъисын.

Æвæдза, куы заид сыкъатæ æвзæрыл —

Дæуæй дзы дынджырдæр нæ уаид æндæрыл.

1984 азы 1 октябрь

ÆНКЪАРД ХЪУЫДЫ

Ацы фæззыгон æнтъыснæг изæрты

Риумæ фæндæгтæ нывæнды æрхæндæг:

Дуне батонын кæмæн уыд йæ зæрды,

Уыдон дæр батыдта дуне йæхæдæг.

1984 азы 1 октябрь

ДÆ ФÆНД

Ацы дунейы æхцатæ

Бахæрын уыди дæ фæнд,

Фæлæ уыдонæн фыццагдæр

Ды фæдæ дæхæдæг хæрд.

1984 азы 1 октябрь

ÆНАХУЫР УАРЗОНДЗИНАД

Дæ размæ куы бацæуын — лвдзыс мæ цурæй,

Фæхъæбæрдæр вæййы тæргай зæрдæ дурæй,

Мæхæдæг дæ цурæй куы ацæуын дарддæр —

Дæ фæсмон нæ вæййы дæ тæргайæ къаддæр.

1984 азы 2 октябрь

ЦÆХГÆР ДЗУАПП

Хъæуы уый æмгæрттæй фæхъæуын,

Цы лæппуйы хъару æгъдау дæттын нæу...

Кæд дæ æз æвзæрæй нæ хъæуын,

Уæд хъуамæ æз ма хъæуон хорзæй дæр дæу.

1984 азы 3 октябрь

ÆППÆРЦЦÆГ ХЪÆБАТЫРТÆ ÆВДИСЫНУАРЗАГ ФЫССÆГÆН

Ысты дæ хъæбатыртæ цъаммар —

Кæйфæнды дзы ныггуыпп кæн, амар,

Фæлæ сæ цъаммардæр дæхæдæг —

Сæ рафæлдисæг уд, сæ фæтæг.

1984 азы 3 октябрь

ТЫЗМÆГ ÆЦÆГДЗИНАД

Мæ рæстдзинад зонын, нæй ууыл ныхас дæр

Мæ ацы хъуыдымæ фæцыдтæн æз бонгай:

Цы бынатмæ схызтæ, нæ уыдтæ уым раздæр,

Цы ранæй ысхызтæ, уыдзынæ уым ногæй.

1984 азы 3 октябрь

МÆРДХУЫССÆГ

Дæхиау дæ искуы куы раппæлид исчи —

Фæкæсид нæм, цыма дыл амонд ныйичъи,

Фæлæ дæ дæхæдæг дæ кады кой мысæг,

Дæ намыс дын уымæн æрцахста мæрдхуыссæг.

1984 азы 3 октябрь

ЙÆ СÆРÆЙ ХЪАЗГÆ ЧИ ЦÆУЫ, УЫМÆН

Царды цы уыдис æвзæрæй —

Ссардта сæ цыфыддæр дæу...

Чи цæуы хъазгæ йæ сæрæй,

Уый сæр сæрмæ хæсгæ нæу.

1984 азы 4 октябрь

НОДЖЫДÆР МА, ЙÆ СÆРÆЙ ХЪАЗГÆ ЧИ ЦÆУЫ, УЫМÆН

Йæ сæрæй хъазгæ фæцæуы уынгты,

Бæрзондмæ систа ныллæгæй рыгтæ,

Уый хыгъд бæрзондæй йæ сæр ныллæгмæ

Æрхауд. Цу агур цыт ахæм лæгмæ!

1984 азы 6 октябрь

ЦАРДÆЙ ГЪÆПП ХАУÆГÆН

«Дæ ахсæнæй хъуысы æппынæдзух зард», —

Нæ зæгъын дæзæрдæ-мæзæрдæ...

Дæ зæрдæйы хуызæи нын ма уæд дæ цард,

Дæ царды хуызæн уæд дæ зæрдæ.

1984 азы 6 октябрь

АРФÆЙЫДЗЫРД

Ссыгъди Къостайы кад стъалыйау тары,

Фехъуыста дуне йæ арфæйы дзырд.

Раджы Уæлладжырæй амыдтой Нары,

Нарæй Уæлладжыры амонынц ныр.

1984 азы 7 октябрь

НЫМАЙДЖЫТÆ

Æвæдза, кау кæм ысвæййы хæрзныллæг —

Йæ цуры адæм — хизынмæ дзыгуыр...

Йæхи æхца фæнымайы хъæздыг лæг,

Кæйдæр æхца фæнымайы мæгуыр.

1984 азы 7 октябрь

ЗОНД ÆМÆ ТЫХ

Цалынмæ зæххыл цæрон —

Хъусдзыстут мæнæй:

Цонджы тыхæн ис кæрон,

Зонды тыхæн — нæй.

1984 азы 8 октябрь

ИУ ХЪУЫДДАГ

Чи хъуыды кæны царды бæстон,

Уымæй нæ вæййы иу хъуыддаг рох:

Куыннæ фæллайы цæуынæй дон,

Нæ фæллай’ афтæ лæууынæй хох.

1984 азы 16 октябрь

БЕЦАУ

Мæгуырæг, цæстытæй гæзæмæ куыд уыны,

Йæ зонд дæр у афтæ мæгуырау, цыбыр:

Ыстыр æм дæрддзæфмæ гыццыл дæр нæ зыны,

Гыццыл æм хæстæгаæ фæзыны ыстыр.

1984 азы 16 октябрь

СТАВДБÆРЗÆЙÆН

Фыссæгæн æххуысæн

Бæззы кæд бæрзæй,

Уæд Иры дæу хуызæн

Ыстыр фыссæг нæй.

1984 азы 16 октябрь

ХÆРЗИУДЖЫТÆ ФÆЛГЪАУÆГ ФЫССÆГÆН

Нæ дæ ды фæуынхъом хæрзиуæг,

Дæсны дæ æрмæстдæр дзыхæй...

Дæумæ æз нæ зонын хæрзиуæг,

Кæцыйы нæ байстай тыхæй.

1984 азы 18 октябрь

ДЫУУÆРДЫГÆЙ ГÆМÆХ

Чи дæ нæ рахуыдта абонмæ сонт,

Уымæн дæ саразын бахъæудзæн хуын...

Ныронг дæ сæры куыннæ уыди зонд,

Афтæ йыл нал и ныртæккæ та хъуын.

1984 азы 19 октябрь

НÆ ХЪÆУЫ ЧЫЗДЖЫТÆ ÆМÆ ЧЫНДЗЫТÆ

Бирæ хæрзæгъдау чызджытæ ис хъæуы,

Никæмæ хæссæм нæ чындзытæй фау...

Мидæмæ уадзын æвзæры нæ хъæуы,

Ауадзæм хорзы æддæмæ фæлтау.

1984 азы 20 октябрь

ÆГЪДАУЫЛ ХÆСТ АДÆМ

Ис фыдтæй алкæмæн дæр хос,

Æрмæст хъæуы йæ ыссарынæн сæр...

Æддæмæ чи нæ уадзы хорз,

Уый мидæмæ нæ бауадздзæн æвзæр.

1984 азы 20 октябрь

КУЫВД

Иу куывд уын зæгъын æз дæр,

Хорз адæм — мæ уд, мæ зæрдæ:

«Знонæй абон ут хуыздæр,

Абон — райсомæй æвзæрдæр».

1984 азы 21 октябрь

ÆМФАУД

Æгад дæ хæдзары, куысты,

Фæкæньгац дæ æмфауд.

Дæ фыдгултау дæуæн ысты

Дæ хæлæрттæ дæр цауд.

1984 азы 25 октябрь

ЧИ ДÆ

Нæй мын рæдийæн, ме ’вдисæн — зæхх,

Зæххæн йæ сыджыт æмæ йæ кæрдæг:

Чи у дæ фыдгул, уый-ма мын зæгъ,

Æмæ зæгъдзынæн: чи дæ дæхæдæг.

1984 азы 29 октябрь

РАД

Нырма мæ рад у цин кæнын: цæрын, æнæниз дæн,

Фæлæ æрлæудзæн иу заман — адзал ыссардзæн мæн,

Уæд райдайдзæни цин кæнын мæ цыфыддæр фыдгул,

Мæныл ныгуылдзæн хурзæрин, ыскæсдзæн ууыл хур.

1984 азы 31 октябрь

ÆНАМОНД

Омар Хайямы мотив

Хуыцау, мæнæн хъысмæты ды равзæрстай фыстæн

Фыдхъизæмар æвзарын, фæразын хъыг, рыстæн.

Æз доны къусыл калын дæллаг галау мæ хид,

Къæбæры фæдыл зилгæ хæтæгхуаг ысдæн.

1984 азы 1 ноябрь

ХОРЗДЗИНАД

Чехойты Сæрæбийы ныхæстæй

Зындзырд æмæ зынвæдæн

Лæгæн у масты хос...

Кæд дын æвзæр нæ фæдæн, —

Фæдæн дын уымæй хорз.

1984 азы 5 ноябрь

ДЫМЫСДÆРТÆ

Фæлæудзысты йын алкæцы ран хъузон,

Æрмæст уæд хицау — ссардзысты йæм фæд.

Цæмæн ысты дымыстæртæ æмхуызон?

Æмхуызон ысты дымджытæ дæр кæд?

1984 азы 19 ноябрь

АРТИСТ КÆМÆЙ НÆ РАУАД, ФÆЛÆ ЙÆХИЦÆЙ ФЫССÆГ ЧИ САРÆЗТА, УЫМÆН

Дæуæн нæй ницæуыл тыхсæн,

Дæ къæхтæй даргъдæр у дæ уат...

Лæмæгъдæр зæрдæты æхсæн

Ыссардтай фидардæр бынат.

1984 азы 24 ноябрь

ÆРГОМ ÆМÆ СУСÆГÆЙ

Бахæрис лæджы, æвæдза, хомæй —

Фадат нæй — дæ мондæгтыл хæцыс.

Æз дæ ныхмæ радзырдтон æргомæй,

Ды мæ ныхмæ сусæгæй хæцыс.

1984 азы 5 декабрь

ЦЫППУРС

Сауæй кæд ыскæны урс,

Уæд куыд рафауæм Цыппурс?

Урсæй кæд нæ кæны сау,

Уæд куыд хæссæм уымæ фау?

1985 азы 1 январь

ÆВЗОНГДЗИНАД

Дæ судзгæ цæстæнгас мын басгуыхти ронг.

Кæддæрау мæ базыртæ систон бæрзонд...

Мæнæй ды куыд сарæзтай ногæй æвзонг,

Æвзонгæй мæ ма сараз афтæ зæронд.

1985 азы 9 январь

АЦАЛ-АУАЛ АЗЫ

Дæхицæй æвзæрдæр нæ разы

Нæма ’рлæууыд ацауал азы.

Кæй дæ ды дæ цауд митæй разы,

Гъеуымæн дæ не стæм мах разы.

1985 азы 17 январь

ЦИН

Æртахти, æрбадти мæ уæхскыл бæлон.

Тæхуды йæм кодтон æхсæв æмæ бон.

Ирыстоны нал и мæхи хуызæн хъал:

Рæсугъддæр чызгимæ ысхауди мæ хал.

1985 азы 17 январь

КУЫД?

Зондхъуаг кæй у, уый бамбæхсын

Кæд йæ бон нæ уыд,

Зондджын кæй у, уый равдисын

Базондзæн уæд куыд?

1985 азы 27 январь

ЙÆ ЧИНЫГ «РАЙСОМЫ МИГЪ» ЧИ СХУЫДТА, УЫЦЫ ФЫССÆГÆН

Дæ «Райсомы мигъ» райсомæй изæрмæ

Фæкастæн. Мигъ ма бадт бæзджын мæ сæрмæ,

Дæ роман та æрбадæлдзæх, фæцыдæр,

Хæрæ мигътæй йæ амбæхста кæцыдæр.

1985 азы 27 февраль

КАР

Мæхи мын нæй дæуимæ барæн,

Цыфæнды дзур, цыфæнды фысс...

Кæддæр уыдзынæ ды мæ карæн,

Дæ карæн нал уыдзынæн æз.

1985 азы 25 мартъи

ЛÆГ

Дæ хуызæтгæн-иу кодтой хъæуы

Гыццыл лæппутæ дæр «нæ-нæй!»

Лæгæй лæг зæгъынæн лæг хъæуы,

Дæумæ та уыцы ныфс дæр нæй.

1985 азы 25 мартъи

СОМЫ

Фыдгулы цонг æрцæуæд хауд,

Нæ дæ кæд загъдкъахæг, ызмæнтæг!..

Дæуæй куы раппæлин, уæд фауд

Æрцæуин дыккаг бон мæхæдæг.

1985 азы 25 мартъи

БАРÆН

Куыннæ разыны мах æхсæн дæр хин гуырдтæ! —

Лæгдзинадæй сын нæй æппындæр барæн.

Æнцонæй фыст кæй æрцæуынц дæ чингуытæ,

Æнцонæй дæр сын уымæн ис ыссарæн.

1985 азы 30 мартъи

НÆ ДАМГЪÆ, НÆ ДЗЫРД

Фыдæлтæй нын баззад æмбисæндтæ цас! —

«Ногъайагæн — дамгъæ, иронæн — ныхас».

Дæу та, зæгъ, цы схонæм, кæцырдыгон гуырд,

Кæмæ нæу нымады нæ дамгъæ, нæ дзырд?

1985 азы 3 апрель

КÆНГÆ МИТÆ

Дæ кæнгæ митæй фервæз, тæхуды,

Цæттæйæ уымæ æдзух лæууын...

Дæ кæуынмæ мæм фæцæуы худын,

Дæ худынмæ мæм цæуы кæуын.

1985 азы 22 апрель

ДУКАНИЙЫ ЧИ ÆРФЫСЫМ КОДТА, УЫЦЫ ЧИНЫГÆН

Мацуал рауадзæд дæ уадзæг,

Макуал дзы ыссæуæд сым,

Кæд дæу рахуыдта уый «Уазæг»,

Фæлæ разындтæ фысым.

1985 азы 7 май

АЗИМАГ

Дæ митæй нывыл иу нæ хуыйны,

Мæ хурхмæ ысвæййын дæ мастæй...

Мæ дзыхы цы ацыди, уый мын

Мæ фындзыхуынчъытæй ысластай.

1985 азы 9 май

ДÆ САГЪÆС, МÆ МÆТ

Нæ уавæртæм иу цæстæй ма кæс,

Рæстдзинадыл дзурæг дæ кæд...

Цы ныммыхуыр кæнай — дæ сагъæс,

Кæм ныммыхуыр кæнон — мæ мæт.

1985 азы 11 май

ЛЕНИН

Ды байтыдтай нæртон мыггæгтæ мæры,

Фæцыдысты цъæх æвзартæ бæрзонд...

Æппæт зæххы зонд бацыди дæ сæры,

Æппæт зæххыл та апырх и дæ зонд.

1985 азы 13 май

ХÆДÆВЗÆРД ÆМÆ ХÆДМÆЛ

Æз дзурдзынæн ныфсджынæй,

Кæса мыл хур кæдмæ:

«Æгас цæуæд ХÆДæвзæрд!

Дæлдзæх фæуæд ХÆДмæл!»

1985 азы 13 май

ХÆЗНА УСЫМАД

— Хæзна у мæ каис, — фæзæгъы

Мæ хæлæртты хуыздæр Къæдзæх, —

Хæзна та фæныгæнынц зæххы,

Хъæуы йæ æмбæхсын дæлзæхх.

1985 азы 13 май

СТЫР БЫНАТМÆ БЫРСÆГÆН

Нæ кæсыс ахуыргонд лæг иумæ,

Бырсыс ыстыр куыстмæ уæддæр...

Æртæ дзырды ныффыссыс иумæ,

Ыскæныс иу дзырдæй æртæ.

1985 азы 19 май

ЙÆ ЧИНЫГ «АФТÆ РАЙГУЫРД ЗАРÆГ» ЧИ СХУЫДТА, УЫМÆН

Ма уæд мæ фыдгулы дарæг,

Судзæд йæ къæхты бын зæхх...

Афтæ кæй райгуырди зарæг,

Афтæ у уымæн лæмæгъ.

1985 азы 28 май

ÆНДÆР УАРЗТ

Тæрсгæ-ризгæ уарзын, ныгъуылдæй

Мæ бон нæу дæу хуызæн мæнæн.

Зынг хур мæ нæ хъæуы ныгуылдæй,

Дзымарийы хуызæнæй — сæн.

1985 азы 31 май

ДÆУÆЙ ÆРМÆСТ

Лæгæн кæй никуы скодтай маст,

Кæй дæ сыгъдæгуд æмæ раст,

Уый хъусæм алы бон. Æххæст

Зæгъон, кæмæй: дæуæй æрмæст!

1985 азы 19 июнь

ЛÆГ

Дæу раз лæгдæр ысхонæм кæй,

Куыд-иу ын акувæм нæ сæрæй?!

Цы нæ дын бантыст, ахæм нæй,

Æрмæст фыддзинадæй, æвзæрæй.

1985 азы 7 июль

ÆХЦА

Хуыгаты Сергейæн

— Æхцамæ нæ лæууын, — зæгъыс, —

Йæ сæр та мæ арæх фæхъæуы...

— Æхцамæ бæргæ лæууын æз,

Фæлæ мæм йæхæдæг нæ лæууы.

1985 азы 17 июль

ÆНÆНТЫСТ

Мæ цæсты сырæзти бæрзонд,

Куы схауди сабийæ ныхас:

«Иæ сæры алкæмæн ис магъз,

Фæлæ нæй алкæй сæры зонд».

1985 азы 20 июль

ФÆРСТЫТÆ

Дзибисы выхæстæй

«Дæхимæ цы хъусыс, цæмæн дæ æнкъард?»

«Мæ куыстæй æрцыдтæн æндæрæбон тард».

«Дæ бæсты кæй сæвæрдтой, уый дæр-ма зæгъ?»

«Сæрхъæны!» — «Сæрхъæны та ногæй? Бæллæх!»

1985 азы 21 июль

ДЖЕУÆР-ДЖАУЫР

Тæригъæддаг æмæ мæгуыр

Дæ хуызæттæй фæзæгъынц кæд?

Джеуæр дæ хониккам, джауыр

Куы нæ уыдаис, уæд.

1985 азы 23 июль

ДЗЫРДХÆССÆГ

Дæ алкæцы дзырды дæр кард и,

Æгæр дæ ды иуæй хъæуæн...

Ныхæстæ нын дзурынæн рарди,

Хæссынæн сæ рарди дæуæн.

1985 азы 27 июль

ХОРЗ ÆВДИСÆН

Сергей Смирновы мотив

— Гогыз-иу ацыд мæ рæзты æдзух,

Абон та райста фыццаг хатт мæ къух.

— Тагъд æй, æвæодæгæн, сисдзысты куыстæй! —

Фехъуыста Сырддонцъиу зонынджын Мыстæй.

1985 азы 27 июль

АВТОБУСЫ

— Бынат нæ дæттыс хистæрæн!

Цæуыннæ дæм ис уаг?

— Зæрондæй мæ лæууын хъæудзæн,

Ныр абадон мæ фаг.

1985 азы 30 июль

ÆВГЪАЙУАГ

Кæй уыдтæн амондджын кæддæрты,

Лæууы ма уый фынау мæ зæрдыл,

Фæлæ йыл нал æууæндын. Оххай,

Мæ цин мын раппæрстæуыд хохæй!

1985 азы 31 июль

РÆСТДЗИНАД

Æдылы кæй рахуыдтай мæн,

Æвæццæгæн, уымæй дæ раст.

Куы нæ уаин зондцух, сæрхъæн,

Уæд демæ нæ кæнин ныхас.

1985 азы 31 июль

ХЪЫНЦЪЫМ

Цы уыдис кæддæрты мæ царды,

Хъыгагæн, уый нал зыны ардæм.

Кæй уыдтæн æз амондджын, уды

Уый нал уырны, зæрдæсæр дуды...

1985 азы 31 июль

ЦЫРТЫЛ ФЫСТ

Дæ зæрдæ банцади йæ куыстæй,

Дæ игæр банцади йæ рыстæй,

Фæлæ нæй банцайæн нæ мастæн,

Цы загъдæуа мæлæтæн, уастæн?!

1985 азы 1 август

ЛÆГ ÆМÆ КАЛМ

Вольтеры мотив

Иу лæгыл хъæды фæхæцыди калм,

Кодта йæ зæрдæ фыдсагъæсæй хъарм,

Афтæмæй та уыд дзæгъæлы йæ тас:

Калм уым æрбамард йæ цæстыты раз.

1985 азы 3 август

ХÆСТ

Чи нæ райгуырди, фæлæ кæй хъуыди гуырын,

Ууыл тæккæ билцъ уадзгæйæ, бафтауы рын,

Хъус цы нæ хъусы æмæ цы нæ уыны цæст,

Уый дæр амары маргхъæстæ нæмыгæй хæст.

1985 азы 5 август

ЗОНДАМЫНД

Хицау урс куы хона сау,

Схон æй уæд ды та сæнтсау,

Уа цæмæй дæ фарс Хуыцау,

Мачи дæм æрхæсса фау.

1985 азы 6 август

БÆРГÆ

Нæ дарин æрдумæ мæ рыст,

Ныффæразин судзаггаг мастæн,

Куы уаид мæ номæй мæ фыст

Зындгонддæр мæ дзыллæйы астæу.

1985 азы 9 август

ТÆККÆ СТЫРДÆР ХЪÆБАТЫРДЗИНАД

Хъахъхъæдта Райгуырæн бæстæ салдат,

Ахуыссыд тохы йæ зынг.

Уымæй ыстырдæр хъæбатырдзинад

Равдисын хæсты у зын.

1985 азы 9 август

ÆДЗÆЛЛÆГТÆ

Нæ мæм ракаст амонд, ысуади мæ рæзты,

Мæ мастæй мын рауайын кодта ызды...

Нæ хъæбулы иумæ рæвдауыны бæсты

Рæвдауыс кæйдæр фырты иунæгæй ды.

1985 азы 10 август

СÆКÆР

Иу къæртт ахордтон сæкæр,

Айадджын мæ ком æгæр,

Цъус фæстæдæр дзых ысмаст —

Цины ивы алкæд маст.

1985 азы 10 август

НЫМД УАРЗТ

Дæхицæн фæтарстæ,






Не нашли, что искали? Воспользуйтесь поиском:

vikidalka.ru - 2015-2024 год. Все права принадлежат их авторам! Нарушение авторских прав | Нарушение персональных данных